Фарн уæм бадзурæд! Æз, Худжиты Георгий, райгуырдтæн Ирыстоны рæсугъддæр хъæутæй иу – Уæллаг Санибайы. Ахуыр кæнын 5 – æм къласы. Уарзын мæ Ирыстон, мæ райгуырæн хъæу, мæ мадæлон æвзаг. Фæнды мæ, цæмæй алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон ныхас, цæмæй сабитæ дæр дзурой сæ мадæлон æвзагыл æмæ йæ ма рох кæной. Уарзын кæсын, æмдзæвгæтæ фыссын. Мæ уарзон поэт – Хетæгкаты Къоста. Ныффыстон ыл æмдзæвгæ:
Вложение | Размер |
---|---|
hudzhity_georgiy.docx | 806.01 КБ |
Худжиты Георгий,
Уæллаг Санибайы астæуккаг скъолайы,
5- æм къласы ахуыргæнинаг.
Фарн уæм бадзурæд! Æз, Худжиты Георгий, райгуырдтæн Ирыстоны рæсугъддæр хъæутæй иу – Уæллаг Санибайы. Ахуыр кæнын 5 – æм къласы. Уарзын мæ Ирыстон, мæ райгуырæн хъæу, мæ мадæлон æвзаг. Фæнды мæ, цæмæй алы ирон хæдзарæй дæр хъуыса ирон ныхас, цæмæй сабитæ дæр дзурой сæ мадæлон æвзагыл æмæ йæ ма рох кæной. Уарзын кæсын, æмдзæвгæтæ фыссын. Мæ уарзон поэт – Хетæгкаты Къоста. Ныффыстон ыл æмдзæвгæ:
Къоста.
Рухс цард ратта уый æвзагæн,
Кад æмæ намысыл дзырдта.
Бирæ уарзын æз Къостайы,
Уый æмдзæвгæтæ фыста.
Талынг дуне уæд ныррухс ис,
Байгом зæрдæйæн йæ дуар.
Рыст фæллад уд уæд фæхъус ис,
Æма райхъуыстис йæ зард.
Уæдæй гъермæ рацыд бирæ,
Амард уарзон лæг Къоста.
Ратта уый йæ уарзт нæ Ирæн,
Рухсаг, рухс дзæнæты бад!
Æз ирон адæммæ дзурын.
Макуы рох кæнут уæ кад!
Иры хорздзинæдтæй хайджын,
Царды фæндагыл куыд уат!
Нас с братом в деревню отправили к деду...
Сказка об осеннем ветре
Волшебная фортепианная музыка
Свадьба в Малиновке
Снежная сказка