Подвиг советского народа в ВОВ навсегда останется в памяти народа. Этой теме посвящена творческая работа Хачировой Софьи "Ничи ферох, Ницы ферох"
"Никто не забыт, ничто не забыто"-
Горящая надпись на глыбе гранита.
Потухшими листьями ветер играет.
Дождём пролевным венки заливает.
Но, словно огонь у подножья гвоздика,
Никто не забыт и ничто не забыто!
Вложение | Размер |
---|---|
Фыдыбæсты стыр хæст бирæ хъæдгæмттæ ныууагъта адæмты зæрдæты. | 16.58 КБ |
Ничи ферох, ницы ферох!
Æлгъыстæй зындоны дзыназа,
Цы лæг æрæмысыд хæст…
/ Плиты Грис /
Хæст! Уымæй тæссагдæр дзырд ацы зæххыл нæй. Уый хæссы йемæ адæмты хъизæмар: туджы зæйтæ, цæстысыг, сидзæр сабиты ниуын, идæдз сылгоймæгты æмæ мæдæлты зæрдæхалæн хъарæг. Бирæ цардмондаг адæмты аныхъуырдта хæст, бирæ зæрдæты ныууагъта судзаггаг хъæдгæмттæ.
Зæххыл хæстытæ бирæ æрцыд, фæлæ дзы Фыдыбæсты Стыр хæстæй тугкалæндæр нæ уыд. Райгуырæн бæстæйы арæнтыл немыцаг фашисттæ арт куы бандзæрстой, уæд сæ къухмæ хæцæнгарз райстой ирон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр. Хистæрты фæдзæхст зæрдыл даргæйæ, хъазуатонæй дæрæн кодтой цыфыддæр знаджы. Ирыстоны хъæбулты сгуыхтдзинæдты тыххæй арæх фыстой хæстон газеттæ. Хæстон уацхæссæг Пётр Павленко фыста: «Дзырд ирон фыдыбæстæйы хæсты æппæт фронты дæр дзурынц буцæй, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ æнувыд хæстонтæй».
Хæст лæгæвзарæн у! Уæрæсейы æппæт адæмтæ сыстадысты тых кæнынмæ нæ, фæлæ тыхгæнæджы ныхмæ, æмæ сын уый лæвæрдта ныфс. Иу акъоппы хæцыдысты бирæ адæмты минæвæрттæ. Æфсымæртау дих кодтой сæ къæбæр, сæ рыст, сæ Уæлахиз. Бирæтæ дзы æнустæм фынæй кæнынц иу æфсымæрон ингæнты.
Раджы банцад хæст, фæлæ милуантæ цы адæмæй фесæфт хæсты быдырыры, уацары æмæ æбæрæгæй, уыдоны байзæддæгтæн хæст нырма нæ фæци. Хæст йæхи цæстæй чи федта, йæ тæккæ цырены йын чи уыд, уыдоны мысинæгтæ, уыдоны фыстæджытæ нæ здахынц ивгъуыд хæсты цаутæм.
Ирон зынгонд поэт Плиты Грис хæстмæ ацыд барвæндонæй æмæ дзы хæцыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Фæци цалдæр хатты цæфтæ, уыд хорзæхджын бирæ ордентæ æмæ майдантæй. Йе сфæлдыстады сæйраг бынат дæр ахсы хæсты темæ. Уыцы уацмысты æмбыргод мыхуыр æрцыдысты хицæн чиныг «Атакæ»-йы. Салдат ныууагъта рæстæгмæ йæ куыст, йæ уарзон бинонты, райста йæ къухмæ хæцæнгарз æмæ ацыд хæстмæ. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста Салдат, бирæ зæххытæ æрнадтой йæ цырыхъхъытæ, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ ныддур. Рох дзы не сты йе ׳дзард хæстон æмбæлттæ.
Хæсты быдырмæ цы курдиатджын фæсивæд ацыд, уыдонимæ уыд Кочысаты Мухарбег дæр. Мухарбег фæмард, фæлæ йын йæ хæстон æмæ йе ׳сфæлдыстадон сгуыхтдзинæдтæ мах нæ зæрдыл дарæм. Хæсты быдыры ныффыста æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». Знагæн нæ райгуырæн бæстæ раттыны бæсты мæлæт ссарынмæ цæттæ кæй уыд, уый хъуыддагæй равдыста. Кочысаты Мухарбег фæмард хæсты быдыры йæ райгуырæн бæстты сæраппонд.
«Ничи ферох, ницы ферох!» дзурæм уын мах абон. Кæд Уæрæсейы æмæ Европæйы алы къуымты сты нæ хæстонты ингæнтæ, уæддæр махæн цæрут нæ зæрдæты, уымæн уын рахæссæм сæрыстырæй уæ хуызистытæ Уæлахизы бон, уымæн нæ цæстытæ сумæл вæййынц хæстон кинонывтæм кæсгæйæ, уымæн сæркъулæй æрлæууæм уæ бирæ æфсымæрон ингæнты раз æмæ та ногæй фæзæгъæм «Ничи ферох, ницы ферох!»
Хачырты Софья.
Гораздо больше риска в приобретении знаний, чем в покупке съестного
Снежная книга
Юрий Визбор. Милая моя
Ломтик арбуза. Рисуем акварелью
За еду птицы готовы собирать мусор