Родина, Отечество, родной край. ..
Эти, дорогие сердцу понятия, всегаа связаны с местом рождения человека. Нельзя заставить любить Родину. Это чувство воспитывается с рождения. Родители, друззья, одноклассники, город, в котором живёшь и учишься - неотъемлемая часть Родины. Самые тёплые воспоминания связаны с детством и юностью, с любимой семьёй.
Вложение | Размер |
---|---|
hachirova_laura_esse.docx | 30.93 КБ |
Фыдæлты уæзæг - зæрдæлæууæн.
ЭССЕ
Чидæр зæгъдзæн, зæгъгæ, зæрдæ фыды муры йедтæмæ ницы у. Афтæ чи хъуыды кæны, æз уыдонимæ разы нæ дæн. Зæрдæ у æнкъарæнты гуырæн! Куы цинæй айдзаг вæййы, куы йæм стыр маст æмæ тас бахъуызынц. Зæрдæ зонаг у фæзæгъынц, зæрдæ æнкъары, зæрдæ ׳мбары, дзуры… Иуныхасæй:
Зæрдæ зоны, зæрдæ ׳мбары,
Æрмæст хæрæмдзинад нæ бары.
Алыхуызон æнкъарæнтæ равзæрынц мæ зæрдæйы дæр. Сæйрагдæртæ дзы сты æнæкæрон уарзондзинад мæ бирæ бинонтæм, ме ׳мгæрттæм, цы адæмтæ цæрынц мæ алыварс, уыдонмæ. Нæ хæдзары, рæбинаг уаты къуымы, лæууы авдæн. Уыцы авдæны мах уызта радыгай нæ мад. Уыцы авдæны мах фондзæй рахастæм нæ рæз. Ныр афснайдæй лæууы, у махæн дзуарæфтыд бынат. Ис ма нæ хæдзары ноджы иу табуйаг дзаума – Сафайы рæхыс. Кæд дыккаг уæлæдзыджы цæрæм, уæддæр уыцы рæхыс нæ пецы фарсмæ къулыл ауыгъдæй лæууы. Мæ фыд æй райсы, ныссыгъдæг æй кæны æмæ йæ фæстæмæ йæ бынаты сауындзы. Уый у нæ бинонты Къонайы рæхыс, кæдыккон у, уый хорз ничи уал хъуыды кæны. Мæ фыд æй рахаста йемæ, куыд æфсымæрты кæстæр. Уыцы рæхыс кæд дзурын нæ зоны, уæддæр æм æз куы фæкæсын, уæд мæ цæстытыл æуайынц ивгъуыд дугтæ æмæ куырыхон хистæртæ. Мæн уыцы рæхыс бæтты ивгъуыд æмæ абонимæ. Мæ зæрдæ семæ дзуры, амонынц мын, ахуыр мæ кæнынц, сайынц мæ сæ фæдыл. Фæнды ма зонын мæ бинонты æмæ мæ адæмы ивгъуыд царды хабæрттæ. Ирыстоны бирæ нæй ахæм кувæндæттæ, мæнæн мæ бинонтæ сæ æртæ чъирийы кæм не скуывынц. Зынаргъ мын стут сымах дæр, мæ фыдæлты зæдбадæнтæ! Сымахмæ кувынц ирон адæм фыдæй фыртмæ, сымах ныл аудут нæ цины дæр æмæ нæ хъыджы дæр. Табу сымахæн!
Авдæн, Къонайы рæхыс, фыдæлты кувæндæттæ, æмæ ма бирæ æндæр рæсугъд фæзындтæ мæн æнгом бæттынц ме ׳мтуг адæмимæ, мæ уарзон Ирыстонимæ.
Историйы даргъ фндæгтыл мæ адæм арф фæд ныууагътой сæ
хъæбатырдзинад, се ׳фсарм æмæ уæздандзинадæй. Мæнæн уый дæр у зæрдылдаринаг. Æз дæр хъуамæ уыдоны хуыздæр миниуджытæй мæхи ифтонг кæнон.
Ныййарæг мад æмæ ныййарæг зæххæн баиван нæй. Уыдон махæн æрдзæй лæвæрд сты, хæс сæ дарæм. Фыды уæзæджы лæвæрттæ йæ хъæбултæн æнæнымæц сты. Сæ зынаргъдæр æмæ æнусондæр у мадæлон æвзаг. Уый у не ׳гъдау дæр æмæ нæ истори дæр. Хуыцауы стыр лæвары зæлтæ мæнæн æвдадзы хос сты мæхи æмбарынæды.
Мæ зæрдыл дарын Ирыстонæн стыр хæрзты чи бацыд, уыцы сгуыхт адæмты дæр. Мæ нанайæн йæ фыды фыд, йæ хорз куысты тыххæй 1935 азы уыд æрвыст Мæскуымæ, зæхкусджыты съездмæ делегатæй. Нанайæй йæ мады ’фсымæр та æвддæс азæй Фыдыбæсты Стыр хæстмæ ацыд барвæндонæй æмæ дзы ссыд лейтенаты цины æртæ ордены æмæ майдантимæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын фыстой хæстон газеты.
Мæ бинонты цард – ма адæмы цардимæ æнгом баст у. Ирыстонæн йæ рис дæр æмæ йæ цин дæр мæ зæрдæйыл æмбæлынц. Куы фехъусын ирон адæймаг фесгуыхт, фæуæлæхиз, уæд мæ зæрдæйæн уæлдай æхсызгон вæййы, кæд мын бирæ хорз æмбæлттæ ис иннæ адæмыхæттыты ’хсæн, уæддæр.
Нæ адæмы фидæны цард чи араздзæн, æз уыцы фæлтæрæй дæн. Хъуамæ цæттæ уон ахуырмæ дæр, кусынмæ дæр,зындзинæдты сæрты ахизынмæ дæр. Миййаг искуы куы фæкæлон, уæд мын тыхдæттæг уыдзæн нæ адæмы фарн, мæ ныййарджыты фæдзæхстытæ æмæ ды, мæ зæрдæлæууæн, Ирыстон!
Хачырты Лаурæ.
Две снежинки
Павел Петрович Бажов. Хрупкая веточка
Дерево в снегу
Туманность "Пузырь" в созвездии Кассиопея
Сладость для сердца