сочинение о традициях осетин
Вложение | Размер |
---|---|
sochineni_az_iron_dan.doc | 35.5 КБ |
«Зӕххыл нӕ фыдӕлтӕ бындурӕн
Ныууагътой махӕн ном-
ИРОН».
Брытъиаты Аслӕмбег
Поэты загъдау «у стыр циндзинад райгуырын иронӕй». Ӕмӕ ӕз сӕрыстыр дӕн, ирон чызг кӕй дӕн, уымӕй. Кӕй схъомыл дӕн ирон фарны ӕгъдӕуттыл, кӕй ис мӕ туджы ирон ӕфсарм, ирон уӕздандзинад.
Мах адӕмыхатт хицӕн кӕны йе `гъдӕуттӕй, йӕ культурӕйӕ. Дунемӕ ирон адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕст сты аланты ӕгъдӕуттыл. Махӕн нӕ хӕс у, цӕмӕй нӕ куырыхон фыдӕлтӕ нын цы ныууагътой хорзӕй, уыдон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс цӕрой ӕнусты.
Фыдӕлтӕй нӕм цы стыр хӕзнатӕ ӕрхӕццӕ, уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр сты нӕ фарны ӕгъдӕуттӕ .
Адӕймаг ӕнусты нӕ цӕры. Ӕнусты цӕры йӕ кад кӕнӕ йӕ худинаг. Ӕмӕ-иу нӕ фыдӕлтӕ, худинаджы бӕсты кадимӕ амӕлын хуыздӕрӕн, уымӕн равзӕрстой.
«Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад хуыздӕр,» - афтӕ дзырдтой Нарты хуыздӕртӕ. Райгуырӕн бӕстӕйӕн йӕ дуртӕ дӕр адджын сты. Куы бахъӕуа, уӕд, хъуамӕ, ӕнӕ фӕкӕсгӕйӕ дӕ цард нывондӕн ӕрхӕссын бауа нӕ райгуырӕн бӕстӕйы, нӕ Ирыстоны, нӕ адӕмы сӕраппонд. Ӕз дӕр сӕйрагдӕр нысаныл нымайын райгуырӕн бӕстӕ, иубӕстон адӕм ӕмӕ фыдыуӕзӕгыл амӕлӕты бонмӕ ӕнувыд уӕвын, архайдзынан цӕмӕй мӕ царды исты сгуыхтдзинад равдисон.
Хистӕрты нымайын, уыдонӕн лӕггад кӕнын, сӕ арфӕйы ныхасмӕ хъусын, суанг сабийы бонтӕй бацӕуы нӕ туджы. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс».
Ӕз афтӕ фӕхъуыды кӕнын, хистӕр цы хадзары нӕй, уый фидаугӕ дар нӕ кӕны. Хистӕртыл азтӕ цас рацӕуы, фыдӕбӕттӕ дӕр уыйбӕрц бавзарынц, ӕмӕ мах, кӕстӕртӕ, уый хъуамӕ хъуыды кӕнӕм.
Ирон адӕмы ахсджиагдӕр миниуджытӕй ӕз иуыл нымайын ныййарӕг мадӕн йӕ ном, йӕ фарнӕн уӕлдай кад кӕнын. Адӕймаг йӕ цины, йӕ зыны сахат фыццагдӕр йӕ мадмӕ фӕдзуры. Мады зӕрдӕ, мады дзыхы ныхас ӕвдадзы хос вӕййынц хъӕбулӕн. Дӕттынц ын ныфс, хъару, зонд, ӕрбайсӕфынц ын йӕ йӕ фӕллад, йӕ рыст. Мады дзыхы ныхас хъусгӕйӕ хъӕбул вӕййы амондджын.
Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад,
Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл бӕркад.
Цӕрынӕй хӕрынмӕ ирӕттӕм иннӕ адӕмтимӕ абаргӕйы сылгоймагӕн кодтой уӕлдай кад. Бинонты `хсӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр ахста ахсджиаг бынат. Ууыл дзурӕг сты, ӕнусты сӕрты сӕ кой махмӕ кӕмӕн ӕрхӕццӕ, уыцы номдзыд сылгоймӕгты нӕмттӕ: Амагӕ ӕмӕ алайнаг Иринӕ, Задалесчы Нанӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Раджы дӕр ӕмӕ ныр дӕр сылгоймаджы барынц зӕдтӕ ӕмӕ дауджытимӕ. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Ӕцӕг сылгоймаг хадзары зӕд у,» кӕнӕ «Сатана кӕд сылгоймаг уыди, уӕддӕр Нарт йӕ зондӕй цардысты».
Зын уавӕры бахауӕг адӕймагӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу, зӕрдӕ йын бавӕр ӕмӕ йын баххуыс кӕн. Уыцы миниуӕг ирон адӕммӕ ард бахӕрды хуызы у. «Зӕрдӕйы хорз дарӕг – удыбӕстӕ ссарӕг», - дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Рынчын,кӕнӕ факӕсынхъуаг адӕймагӕн балӕггад кӕнынӕй ма хуыздӕр цы ис.
Ирон адӕммӕ рагӕй баззад ӕгъдау – уазӕджы буц кӕнын цӕхх ӕмӕ кӕрдзынӕй. «Мӕ фыдгулы хӕдзармӕ уазӕг ма `рбацӕуӕд», «Уазӕджы аккаг буцдзинӕдтӕ нӕй», - афтӕ-иу загътой фыдӕлтӕ. Ирон лӕг цыфӕнды мӕгуыр армӕй дӕр йӕ уазӕджы хорз фены, сбуц ӕй кӕны хӕринагӕй, нозтӕй, хӕлар, рӕвдаугӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ лӕгъз дзыхыныхасӕй.
Ацы дунейы адӕймагӕн ӕнӕ йӕ алыварс уӕвӕг адӕм фӕцӕрӕн нӕй. Ирон адӕм, ӕвӕццӕгеӕн, рагӕй дӕр уымӕн кодтой сыхагӕн уӕлдай кад, уымӕн-иу загътой фыдӕлтӕ: «Хорз сыхаг ӕфсымӕр у», «Бӕлас куы фӕкӕлы, уӕд йӕ сыхагыл банцой кӕны». Сыхагимӕ хӕларӕй цӕрын фыдӕлтӕй баззад. Адӕймаджы хъӕздыгдзинады разӕй дӕр хорз сыхаг хъӕуы. Кӕд дӕ сыхагӕй амонд фӕцис, уӕд уый стыр хорздинад у. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр, дӕ тыхст рӕстӕг дӕ сыхаг ӕфсымӕрау дӕ цуры куы `рбалӕууа, дӕ хъыгыл хъыг куы кӕна, дӕ циныл – цин.
Цард кӕстӕрӕй фидауы фӕзӕгъынц. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хистӕр-иу кӕстӕрӕй домдта фыццаджыдӕр ӕгъдау ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ йӕ алы къахдзӕф, йӕ алы фӕзылдӕй дӕр. Мӕ райгуырӕн хъӕуы ӕфсарм кӕстӕртӕм бӕрзонд ӕвӕрд у. Акӕсут-ма фӕсивӕдмӕ. Хъӕуы цин кӕнӕ зианы хабар куы вӕййы, уӕд фӕсивӕдӕй хуыздӕр чи `рбалӕууы фӕкӕсынмӕ? Амӕй-ай сӕрӕндӕрӕй, иу иннӕйы фӕдыл кӕстӕртӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, зардиагӕй ӕххуыс кӕнынц.
Сӕфӕн нӕй нӕ фыдӕлты фарнӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн мӕрдтӕм нӕ ахастой, уыдон ӕй уӕлӕуыл ныууагътой махӕн, кӕрӕдзийы фылдӕр уарзынӕн, амондджындӕр ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕрӕй цӕрынӕн.
Ӕз, куыд ӕрыгон фӕлтӕры минӕвар, мӕ хӕсыл нымайын нӕ рӕсугъд фарны ӕгъдӕуттӕ бахъахъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр хӕццӕ кӕнын фӕстагӕттӕм.
Хистӕр кадджын кӕм у, кӕстӕр – ӕгъдаудӕттӕг, уым ирон фарнӕн фесӕфӕн нӕй.
Фокус-покус! Раз, два,три!
Ломтик арбуза. Рисуем акварелью
Акварельный мастер-класс "Прощание с детством"
Девочка-Снегурочка
Л. Нечаев. Яма