Зортова Эльмира побыла на родине Коста Хетагурова и делится своими воспоминаниями.
Вложение | Размер |
---|---|
appat_dune-ma_kuvandon_8b_zortaty_elmira.docx | 68.84 КБ |
Æппæт дуне - мæ кувæндон
Æппæт дуне йæ кувæндон кæмæн сси, уыдонæй иу уыд ирон адæмон поэт Хетæгкаты Къоста дæр. Къостайы курдиат раргом поэзийы дæр, драматургийы дæр, публицистикæ æмæ нывкæнынады дæр.
Æз уыдтæн Нары – поэты райгуырæн хъæуы, федтон кæм цард, уыцы бынæттæ. Гыццыл лæппуйæ Къоста цы сæрвæтты згъордта уæлыгæс, уыдон мæм диссаг кастысты. Мæнæ ам, ацы гыццыл хæххон хъæуæй, стахт уари. Уыцы уари æрзылд æппæт дунетыл, æрæмбырд кодта адæмы хъыг, адæмы рис æмæ сæ йæ æмдзæвгæты равдыста.
Къостайы уарзынц гыццыл сывæллæттæ дæр, æрыгæттæ дæр æмæ хистæр кары адæм дæр. Уыдонæй алкæимæ хицæнæй ныхас кæны Къоста . Абон куыд зынаргъ у адæмæн поэт, афтæ зынаргъ сын сси уый йæ цæргæйæ. «Ирон фæндыр» мыхуыры нæма рацыд, уæддæр Къостайы æмдзæвгæтæ адæм кæрæдзийæн хъус-хъус дзырдтой. Алчи дзы уыдта царды æцæгдзинад, алкæмæ дæр афтæ каст, цыма уый тыххæй фыссы.
Къостайы æмдзæвгæты рæнъытæ адæм абон дæр æмбисондæн æрхæссынц:
Нæу сусæг хорзæн йе 'цæг ном,
Налатæн та-йæ фæсномыг.
Куыст – цардæн фæрæз.
Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны.
Цæстмæхъус ныхас
Фыдбылыз хæссы. Æмæ ӕндӕртӕ.
Поэт йæ æмбисæндты æрхудын кæны адӕмы зыд æмæ кæрæф адæймæгтыл, фæллой кæнын чи нæ уарзы, уыдоныл.
Нæ уарзон поэт бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Сидзæры тухитæ дæр кæйдæр ныхæстæй нæ зоны. Фæлæ кæд зын цæрдтытæ фæкодта, уæддæр йæ зæрдæ нæ ныддур. Йæ уарзондзинад лæвар кодта алкæмæн дæр.
Къоста кæд йæ мады никуы федта, уæддæр йæ цæстытыл куыд уад, афтæ йæ сныв кодта. Æмæ диссаг! Нывы мад рауад царды куыд уыд, афтæ. Стыр аргъ кодта поэт йæ фыдæн дæр. Уый уыд æфсармджын, куырыхон лæг. Хорз зыдта ирон адæмон дзургæ сфæлдыстад. Ирон адæмон сфæлдыстад зыдта æмæ дзы пайда кодт Къоста дæр.
Къостайы цард æмæ сфæлдыстад чи иртасы, уыцы ахуыргæндтæ зæгъынц, зæгъгæ, цæмæй Къостайæ стыр поэт, нывгæнæг, драматург æмæ публицист рауадайыд, уый тыххæй хъуыд: æрдзон курдиат; уырысаг æвзаг æмæ литерæтурæ лæмбынæг сахуыр кæнын; хорз зонын ирон адæмон сфæлдыстад.
Х. Къоста æмбисæндта фыссын ахуыр кодта уырыссаг баснятæ фыссæг Крыловыл. Уæдæ уырыссаг æвзаг æмæ литерæтурæ дæр хорз кæй зыдта, уымæн æвдисæн сты йæ уырыссаг æмдзæвгæтæ.
Поэтæн уыд бирæ хæлæрттæ Уæрæсейы, Кæсæджы, Гуырдзыстоны æмæ æндæр рæтты. Уый уарзта æппæт адæмты дæр, архайдта фæллойгæнджыты цард фæхуыздæр кæныныл.
Х. Къостайы ном Ирыстоны зæххыл цæрдзæн æнустæм, йæ æмбисæндты дуне куыд цæры, афтæ. Къостайы никуы ферох кæндзысты йе сфæлдыстад ын чи зоны, уыдон дæр. Цæр æнустæм, НÆХИ КЪОСТА!
'Рмæст нын ды иунæг
æмбæрстай
Уыцы фыддуджы нæ
рис,-
Ног ныфс лæвæрдтай дæ
зардæй,
Сидтæ мæгуыртæм
фæдис!
Йе, фæлæ, зон æй,
нæ уарзон,
Азæлыди дæ зард,
Хурау, æнустæм цæрдзæни,
Махимæ, де 'хсар, дæ кад!.
Æрыдоны 1-æм скъолайы
8 «Б» къласы ахуырдзау
Зортаты Эльмирæ.
Проказы старухи-зимы
Какая бывает зима
Шелковая горка
Хризантема и Луковица
Лавовая лампа