В своем выступлении она коротко ознакомила присутствующих с сюжетом и композицией поэмы.
Вложение | Размер |
---|---|
kerdikoeva_zalina.docx | 20.62 КБ |
Чертхъоты Залинæ
Кæсы Кочысаты М. æмдзæвгæ «Къоста Херсоны»-йæ скъуыддзаг
Кочысаты Мухарбег мын мын мæ цæстытыл ирдæй ауайын кодта Х. Къоста Херсонмæ хаст куы ΄рцыд, уæд уыцы нывтæ.
Цæуыл хъуыды кодта нæ куырыхон поэт, æхсæвы йæ уаты сагъæсхуызæй куы бадт, уæд. Кæд, мыййаг, йæ зæрдæ дзынæзта йæхи æмæ йæ мæгуыр адæмы «додойаг» цардыл. Науæд та кæд, мыййаг, йæ цæстытыл уадысты йæ рагфыдæл Хетæджы сгуыхтдзинæдтæ.
Чи зоны, хъуамæ ахæм æнæхуыссæг æхсæвты йæ фыссæн сисы бынæй фæзынд ирон адæммæ Хетæгыл арæзт ног кадæг. Ног та уымæн у, æмæ адæмон таурæгъты Хетæг чырыстон дин куы райста, уæд æй йе ΄фсымæртæ æмæ йæ фыд марынвæнд скодтой, уый аххосæй æрбафтыд Ирыстоны хæхтæм.
Къостайы поэмæйы та мах уынæм æндæр нывтæ. Хетæг у æхсарджын, хъæбатыр хæстон, æппæт адæмы уарзон лæг. Хетæджы алыварс ис бирæ архайджытæ, бирæ алыхуызон уавæрты.
Къоста рагон кадæггæнæджы хуызæн байдайы йæ кадæг, уымæй йæхимæ тынгдæр æлвасы чиныгкæсæджы.
Поэмæйы цы цаутæ æвдыст сты, уыдон æрцыдысты «Мамайы» рæстæджы, ома мангол-тæтæры ныббырсты рæстæг.
Сюжет. Раст Хъобанæй Сау денджызы былмæ Алантæ фæтардтой Мамайы ΄фсæдтæ.Уый бæрц дзы ныццагътой æмæ Хъобаны дон сырх адардта сæ тугæй.
Бирæ алайнаг лæппутæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой уыцы стыр тохы, æнафонæй мæрдтæм бацыдысты, фæлæ сæ кад уæддæр цæрдзæн сæ фæстæ. Чи ма дзы баззад, уыдон сæ хæдзæрттæм уæлахизимæ здæхынц. Бæлцæттæн сæ разæй цæуынц Иналы æртæ фырты: Биаслан, Асланбег æмæ сæ кæстæр-Хетæг. Ацы хатт семæ нæ ауагътой балцы сæ фыд Иналы, уымæн æмæ фæзæронд. Йæ фырты фæндараст кæнгæйæ, Инал лæппутæн бафæдзæхста «ма фæхудинаг ут!»
Иу абонæй иннæ абонмæ фæхæцыдысты алантæ, цалынмæ лидзæг нæ фесты тæтæр, уæдмæ. Ныр уæлахизæй сæ хæдзæрттæм здæхынц. Семæ тынг бирæ азиатаг хæзнатæ сласынц. Кусынхъом чи у, уыцы уацайрæгты та семæ ракодтой, уыдон абонæй фæстæмæ уыдзысты цагъайрæгтæ. Адæммæ æрбайхъуыст, нæ бæлццæттæ уæлахизимæ кæй ссæуынц уый, æмæ адæм иууылдæр: усæй сывæллонæй , гыццылæй стырæй згъорынц Иналы хæдзармæ. Инал дæр йæ урс бæхыл, йæ фарсмæ йæ зæронд хорз æмбæлттæ, афтæмæй фæзынд. Уыдонæй иу абазехаг кънийаз Солтан. Уæздан æмæ кадджын хистæртæ æрбадтысты.
Уалынмæ быдыр нынкъуысти, нызмæлыди-схæццæ сты обаумæ аланы ΄фсæдтæ. Иналы æртæ фырты æрфистæг сты æмæ æрлæууыдысты сæ фыды раз. Дзурын байдыдтой сæ хæстон хабæрттæ. Æфсымæрты хистæр хæсты нывтæ ауайын кодта фыды цæстытыл. Фæстагмæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, кæд иууылдæр хъазуатонæй тох кодтой, уæддæр се ’гасы сæрæндæр разынд Хетæг. Солтаны бафæндыд Хетæджы фенын æмæ йын сæрмагондæй арфæ ракæнын. Солтанæн уыд æртæ чызджы -амæй ай рæсугъддæртæ. Бар радта Хетæгæн дыууæ хистæр чызгæй иу йæхицæн къайæн равзарын. Уыцы чызджытæм курæг алы бæстæтæй цыдысты, фæлæ чызджытæ никæмæн æргом лæвæрдтой. Хистæр чызг-Чабæхан, бæрзонд, хæрзконд, нарæгастæу. Бирæ хæлæггæнджытæ фæзынд Хетæгмæ.
Сыстад Инал, адæм фæхъус сты иууылдæр…
-О Солтан, - рагæй дæр хорз зонæм кæрæдзи, фæлæ уый æгæр зынаргъ лæвар у. Адæм базмæлыдысты
- Ау, уый та куыд? – афарста Солтан?!
Солтаны бафæндыд дзуапп фехъусын Хетæгæй. Хетæг æфсæрмы кæны, фæлæ уæддæр дзуры.
-Хуыцау мын уый куы сныв кæнид, уæд мæнæй амондджындæр зæххыл нæ уаид, фæлæ чызджы нæ бафæнддзæн.
Уæд Солтан фæдзырдта йæ чызгмæ æмæ дзы домы дзуапп.
Цы гæнæн ма уыд чызгæн æмæ байдыдта дзурын, цæуылнæ у разы Хетæгимæ йæ цард баиу кæнынмæ, кæд йæ зæрдæйæн адджын у, уæдæр. Чабæхан радзырдта, Хетæг, зæгъы, Хъырымы куы уыд, уæд райста чырыстон дин. Ныр кувы æндæр дзуар æмæ дауджытæм.
Адæм иууылдæр фæхъус сты. Бирæтæ сæ хъаматы сæртыл æрхæцыдысты. Иууылдæр кастысты Инал æмæ Солтанмæ.
Солтан йе сныхасæй фæсырдта, адæмы зæрдæты цы стыр тас бацыд, уый.
Солтан, куырыхон хистæр, сарæхст зынг ахуыссын кæнын. Адæм æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ слæгъз кодта уавæр.
-Хорз чызг йæ аипп йæхæдæг ΄вдисы- зæгъы Солтан.
Дыууæ мыггаджы астæу туджы ауæдз нæ ацыд. Чабæхан æмæ Хетæг дæр сæ амонд баиу кодтой. Уарзондзинад ахызт дины сæрты дæр, уымæн æмæ æцæг уарзондзинад ницавæр тых басæтдзæн.
Хетæг цæрынмæ равзæрста Ирыстон. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ дæрдтыл айхъуыстысты. Хæстон балцмæ йæм сидтысты сыхаг адæмтæ, уыдонимæ Гуырдзыйы паддзах дæр.
Девчата
Рисуем одуванчики гуашью (картина за 3 минуты)
Разноцветное дерево
Рисуем осенние листья
Северное сияние