В своем сочинении она пишет о любви к родному краю
Вложение | Размер |
---|---|
sochineni-_iryston.docx | 17.03 КБ |
Мæ зæрдæйы дæ, Ирыстон.
Ды мын, Ирыстон,
Мин азы фæцæр!
Мæ фæндиаг-
Дæ цардбæллон фæндæгтæ.
(Баситы Мысост)
Цы и зынаргъдæр , адджындæр Фыдыбæстæйæ,мады хъæлæсæй, мадæлон æвзагæй? Адæймагæн йæ райгуырдæй йæ амæлæты бонмæ уыдон вæййынц йемæ, арф æвæрд вæййынц йæ зæрдæйы.
Фæлæ мæн мæ нывæцæны фæнды райхалын мæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, раргом кæнын мæ уарзондзинад , мадау мын адджын цы фыдыуæзæг у, уымæ- Ирыстонмæ.
Куыд тынг мæ фæнды, поэт куы уаин, уæд мæ зæрдæйы арфы цы хъуыдытæ ис, уыдон рæсугъд поэтикон рæнхъытæй,бæргæ равдисин… Кæддæр бакастæн Цгъойты Хазбийы новеллæ «Дыууæ Иры». Тынг мæм бахъардта, фæцагайдта мын мæ зæрдæйы уидæгтæ, федтон дзы мæхи хъуыдытæ. Нæ куырыхон фыссæг Ирыстоны тыххæй зæгъы, зæгъгæ, Ирыстон- нæ кувæндон, нæ цæрæн зæхх, нæ бæллицты гæнах!
Ирыстон - нæ удлæууæн, не фсарм, нæ мæт æмæ нæ катай. Ныййарæг мадау адджын дæ, фыдау нæ ныфс, нæ фарн, нæ сæрыстырдзинад. Дæ зæрдæйы нæ зæрдæйы рис цæры, нæ зæрдæты дæ сагъæстæ нæ цæуынц. Куыд ма ис уымæй рæсугъддæр æмæ хуыздæр равдисæн уарзондзинад нæ Ирмæ!
Фыдыбæстæ адæймаг фæхоны, кæм райгуыры, кæм фæхъомыл кæны, кæм банкъары фыццаг уарзондзинад,кæм фæцæры, уыцы зæхх. Фæлæ арæх вæййы афтæ дæр, æмæ адæймаг райгуыры иу ран, цæрынмæ та афты æндæр бæстæмæ. Гъе, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ баст вæййы, йæ туг, йе стæг цы бæстæйæ рацыди, уыимæ.
Мах историйæ зонæм, нæ Иры хъæбул Хетæгкаты Къоста дыууæ хатты кæй уыд хаст йæ райгуырæн бæстæйæ. Куыд тынг æй фæндыди Ирыстонмæ сыздæхын! Æппынæдзухдæр æм йæ зæрдæ æхсайдта . Фæндыд æй йæ райгуырæн хæхтæм скæсын, хæххон уæлдæфæй аныхъуырын, йæ уарзон адæмы фенын. Уый хыгъд йæ зæрдæмæ нæ цыдысты, хасты йæ алыварс цы адæм, цы æрдз уыдысты, уыдон:
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ,
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Æвæдза, Къоста цыфæндыдæр радтаид, цæмæй февзæрдаид Ирыстоны, йæ райгуырæн Нары, фæлæ йын ахæм бар нæ уыди.
Мах стæм Ирыстоны суинаг фæлтæр. Фæнды нæ Ирæн аккаг хъæбултæ уæвын. Уымæ гæсгæ нæ алчи дæр тырны ахуырады бæрзæндтæм. Æрмæстдæр уым ис ссарæн, нæ удыхъæд кæм рæзы, нæ сæрызонды хæрзхъæд æвæрæнты суадон кæм гуыры,уый. Уыцы фæндагыл та нæ хонынц нæ уарзон ахуыргæнджытæ, нæ куырыхон хистæртæ.
Арæх фехъусæн ис: «Нæй ахæм салдат, булкъон суæвын кæй нæ фæнды». Уæдæ нæй ахæм ахуырдзау , царды асинтыл бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын кæй нæ фæнды, хуыздæрты æмрæнхъ слæууынмæ чи нæ тындзы, йæ уарзон бæстæйæн аккаг лæггад кæнынмæ чи нæ тырны. Æрмæст уый та бантысдзæн уæд,æмæ дæ размæ цы нысан æвæрыс, уый æвæллайгæйæ зæрдиагæй куы æххæст кæнай.
Мæн тынг фæнды, Ирыстонæн хъæугæ адæймаг куы суаин æмæ йын мæ бон лæггад кæнын куы уаид, цæмæй сæрбæрзондæй мæ бон уа зæгъын: «Æз дæн ирон, мæ уарзон Ирыстоны хъæбул».
Йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, уый хъуамæ зона, нæ Ирыстон номдзыд, тыхджын, хъæздыг æмæ царды цинтæй æфсæст уыдзæн, нæ фæлтæры фæсивæд фæллойуарзаг, æгъдауджын æмæ цардбæллон куы уой, уæд. Алы куыст дæр куы уарзай æмæ йæ зæрдиагæй куы кæнай, уæд уый у нæ Ирыстонæн де ххуысы хай, дæ удæн - цардыхос æмæ хъазуатоны ном. Цы ма уа уымæй хуыздæр?
Æз уарзын нæ Ирыстон, уарзын мæ мадæлон æвзаг, уымæн æмæ «æрмæстдæр мадæлон æвзаг гуырын кæны адæймагмæ национ сæрыстырдзинад»,- загъта Ч.Айтматов, æмæ ацы ныхас мæ зæрдæмæ тынг цæы. Уарзын нæ æрдзы рæсугъддзинад, уарзын нæ кæрдзындæттон, уазæгуарзаг æмæ хæрзæгъдау адæмы. Сæрыстыр дæн мæ зæххæй!
Цæмæй Ирыстоны фидæн сабыр æмæ рæсугъд уа, уый тыххæй мæ фæнды ме ххуысы хай дæр бавæрын. Фæнды мæ барадхъахъхъæнæг оргæнты кусæг суæвын. Æмæ уæд архайдзынæи ,нæ Ирыстоны ном æмæ кады охыл не хсæнад бахизын цæстфæлдахджытæ æмæ закъонхалджытæй, æрыгон фæлтæры раст фæндагыл аразыныл. Мæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ, мæ зонындзинæдтæй пайдагæнгæйæ, æмзонд, æмдыхæй мæ кары фæлтæримæ араздзыстæм Ирыстоны амондджын фидæн.
Баскаты Аринœ
10-œм къласы ахуырдзау
«Яндекс» открыл доступ к нейросети "Балабоба" для всех пользователей
Как нарисовать портрет?
Туманность "Пузырь" в созвездии Кассиопея
Кто чем богат, тот тем и делится!
А теперь — мультфильм