в данной работе освещается литературно- творческая деятельность великого осетинского писателя, мастера короткого рассказа Коцоева Арсена
Вложение | Размер |
---|---|
k.arsen_.docx | 41.89 КБ |
Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъола
Коцойты Арсен - ирон аив дзырды зæрингуырд, прозæйы ног традицитæ аразæг.
Куыст бацæттæ кодта:
Æрыдоны 1-æм скъолайы
9- æм къласы ахуырдзау
Магкæты Иринæ. .
Наукон разамонæг: Лохты Р.Х.
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
СÆРГÆНДТÆ:
I .Бацæуæн -1ф.
II.Сæйраг хай -2 ф - 8ф.
1. Коцойты Арсен - ирон аив дзырды зæрингуырд.
2. Адæймагæн йæ цардвæндаг - йæ удыхъæд æвдисæг.
3. Поэзи у адæймаджы райсом, прозæ та – йæ сихор.
4. Коцойты Арсен - ирон аив прозæйы ног традицитæ аразæг.
III.Кæронбæттæн -9ф
IV. Литературæ -10 ф.
Иртасæн куысты темæ.
Коцойты Арсен - ирон аив дзырды зæрингуырд, прозæйы ног традицитæ аразæг.
Мæ иртасæн куысты нысан.
Лæмбынæг бакæсын Коцойты Арсены сфæлдыстадон бынтæ.
Сбæлвырд кæнын æмæ иртасæн куысты фæрцы равдисын , Коцойты Арсен ирон аив дзырды зæрингуырд кæй у, аивадон прозæйы ног традицитæ кæй ныффидар кодта, уый.
Темæйы актуалондзинад.
1. Ирон аивадон прозæ фыццаг хатт фæзынд 70-æм азты 19 æнусы.
Йæ фыццаг къахдзæфтæй дæр бæрæг уыд, уый царды æцæгдзинадыл дзурæг кæй уыд, уый. Уыд адæмон æвзагыл нывæзт, уымæн æмæ нæ литературæйы фæзынд дæр æнгом баст уыд адæмон сфæлдыстады удварны хæзнатимæ, йæ хъæздыг алæмæтон æвзагимæ.
2. Кæд Гæдиаты Секъайы прозаикон уацмыстæ раздæр фæзындысты, уæддæр ирон прозæйы фæзынд баст у Хетæгкаты Къостайы поэзийы традициты бындуримæ.
Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады традицитæ сты: адæмондзинад, гуманизм, реалистон цæстæнгас, поэты æмæ литературайы хæстæ йæ чиныгкæсæджы раз.
3. Прозæйы жанр бирæвæрсыг æмæ æххæстдæрæй равдыста Коцойты Арсен. Арсен æрмæст аив прозæйы традицитæ нæ ахæццæ кодта дæрддæр, фæлæ ма сæ ноджы фæхъæздыгдæр кодта йæ курдиат æмæ йæ адæмонуарзондзинадæй.
4. Коцойты Арсен цы аивадон прозæйы традициты фидар бындур æрæвæрдтæ, уый руаджы ирон литературæйы фæзынд фыццаг роман дæр.
Иртасæн куысты объект.
Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстад дзæвгар иртæстгонд у. Кæд фыссæджы литературон фæллæйттæ тынг бирæ не сты (радзырдты æмбырдгонд. 1, 2 томы; пулицистикæ; фельетонтæ), уæддæр сæ ахадындзинад æгæрон у.
Коцойты Арсены тыххæй мысинæгтæ.
Иртасæн куысты теорион ахадындзинад.
1. Мæ иртасæн куысты бацархайдзынæн равдисын, Коцойты Арсены сфæлдыстад ирон литературæйы цы традицитæ ныффидар кодта æмæ уыдон литературæйы рæзтæн цы ахъаз фесты, уый.
2. Литературæ йæ мидбынаты цоппай кæндзæн, уыдзæн уыциухуызон фæлурс æмæ æнæуд, йæ традицитæ хъæздыгæй хъæздыгдæр куы нæ кæной, уæд.
Иртасæн куысты практикон ахадындзинад.
1. Литературæ йæ мидбынаты цоппай кæндзæн, уыдзæн уыцихуызон фæлурс æмæ æнæуд, йæ традицитæ хъæздыгæй хъæздыгдæр куы нæ кæной, уæд.
2. Æрыгæттæй сфæлдыстадон куысты фæндагыл фæлварæнтæ чи кæны, уымæн хъуамæ йæ зæрдыл лæууа ирон литературæйы равзæрд, йæ хæстæ æмæ йæ рæзты фæндаг..
Бацæуæн.
Нæ фыдæлтæ – иу дзырдтой: «Хорз адæмæй фарн цæуы». Æмæ – иу сæ кæстæртæн фæдзæхстой: «Хорз фæуын ирон лæгæн фыдæлтæй баззад». Раст у уый, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ йæ мады æхсыримæ йæ туджы , йæ буары кæмæн ахъардтой, уымæн æвзæрæй тас нæу. Уымæн йæ кæстæртæ дæр уыдзысты хæрзæгъдау æмæ кадджын, бæрзонд уды хицæуттæ. Ирон æгъдау, ирон æхсар æмæ ирон удыхъæд кæмæн ис, уыдон нæ Иры мæсыгæн йæ амайджытæ сты. Мæсыгамайджытæ та фæйнæгфарс æмæ æндонриу вæййынц: зындзинæдтæн сæтгæ нæ кæнынц, æнтыстдзинæдтæй та базырджын кæнынц. Адæймагмæ фарн куы уа, уæд æнæмæнгæй банкъары зæрдæйы хъарм æмæ зонды рухс. Фарн, зæрдæ æмæ зондыиудзинад хъысмæты æртыкъахыг фынгæй уæлдай нæу. Хъысмæтæй арфæгонд адæммæ æдзухдæр стыр бæрнондзинад æнхъæлмæ кæсы – дзыллæтæн цырагъау судзын! Æрмæстдæр ахæм адæймаджы фæрцы нæ дзыллæйы фарны суадон сысгæ нæ кæны, йæ донбакалæнтæ та уæрæхæй – уæрæхдæр кæнынц. Иры зæххыл фарны суадоны былгæронмæ фæндаг чи ссардта, уыдонæй иу уыд Коцойты Арсен.Адæймаг цæмæн райгуыры? Мæнмæ гæсгæ, адæймаг райгуыры, цæмæй йæ фæстæ исты фæд ныууадза, уымæн. Алкæмæн уыцы хъуыддаг нæ бантысы. Иутæ сæ фæстæ ныууадзынц æвзæр фæд. Зæгъæм, ромаг император Нерон – зынг бафтауын кодта Римыл, уымæй адæмы зæрдæты баззад фыдгæнæгæй. Иннæтæ та царды никæм разынынц, Куы амæла , уæд дæр æй ничи `рхъуыды кæндзæни, уыдис æмæ нал и. Фæлæ ис ахæм адæм, кæцытæ сæ фæстæ ныууадзынц æгæрон фæд. Гъе, ахæм адæймаг, мæнмæ гæсгæ уыд ,Коцойты Арсен.
Сæйраг хай.
1. Коцойты Арсен – ирон аив дзырды зæрингуырд.
Коцойты Арсен…. Ирыстоны хæхты æмæ быдырты, хъæуты æмæ горæтты чи нæ зоны ирон адæмæй ацы ном, ахæм тынг стæм разындзæн. Йæ хъæздыг сфæлдыстад ын ахуыр кæнынц скъолаты, училищеты, педагогон институты, университеты. Йæ уацмыстæ йын кæсынц чысылæй, стырæй.
Арсен….Цæстытыл ауайы урсзачъе зæронд лæг, йæ хъуыдыджын æмæ æнкъард цæстæнгас , йæ фæтæн ных. Адæймаг банкъары, ацы ном зæгъгæйæ,ирон уды змæлд, ирон аив ныхасы тых, ирон адæймаджы уæззау хъысмæт æмæ фарн.
Æвæццæгæн, нæй ахæм адæймаг, кæй зæрдæ нæ агайынц Арсены æмбисонды радзырдтæ, кæмæ нæ равзæрын кæнынц æууæнк æмæ æнæуынондзинад, уарзт æмæ фыдæх! Уый уыди дзырдæй диссаджы нывгæнæг.
Арсены æвидигæ сфæлдыстад цыдис йæ бæрзонд курдиат æмæ арф дунеæмбарынадæй. Дзырды зæрингуырд карзæй æргом кодта социалон æнæрастдзинад, царды мæнгдзинад, æгъатырæй хурмæ калдта æнæфсис æмæ кæрæф бонджынты æлгъаг митæ, хъæддыхæй дзырдта рæстдзинадыл, ахъаззаг тох кодта мæгуырты сæрыл, сæ цард сын фæхуыздæр , сæ къух сын истæмæй фæрог кæныныл.
Диссаг уый у, æмæ Арсены уацмыстæ адæймаг цас фылдæр кæса, уыйас æм хæстæгдæр æмæ мидисджындæр кæсынц, нывæфтыддæр æмæ цардæгасдæр.
Йæ уацмыстæ йын схонæн ис – генион. Нигеры загъдау, уыдоны бавæрдта йæ авдæны хъарм, йæ царды цин, йæ уды бæллиц, йæ уалдзæджы цъæх, йæ сæрды хурхæтæн, йæ фæззæджы бæркад æмæ йæ зымæджы сатæг.
Нæртон лæгау, фыссæг йæ чингуытæм æмбырд кодта арвы цин, дунейы фарн æмæ зæххы сой. Куыддæр сæ байгом кæнæм, афтæ цыма нæ разы фестынц сæ хъайтартæ: Чермен æмæ Габо, Хосдзау æмæ Хъæвдын, Тедо æмæ Симон….
Мах бахауæм аргъауæццаг бæстæмæ. Уым мах базонæм, «Гигойы куадзæн» -ы хабæрттæ, «Фыдбылыз» - ы аххосæгтæ, «Царды зилдухæнтæ» - йы хус къæбæртæ чи хæры æмæ «Æхцайы чырынтæй» чи хъазы, «Цыппар туаллагæй» растдæр чи у, «Дадолты мæт» цæуыл у, «Декрет» - ы цы фыст ис, « Дыууæ фембæлды» цæуыл ахицæн сты, « Фыццаг лæг æмæ ус» куыд баиу сты, Хуыцау «Хур æмæ мæй» куыд сфæлдыста æмæ «Мæлæтæй тыхджындæр» цæмæн ницы ис, уый.
Арсен кæд нымæцæй бирæ чингуытæ нæ ныффыста йæ дæргъвæтин царды, кæд бирæ бынтæ нæ ныууагъта, уæддæр йæ къухы цы бафтыд сфæлдисын, уыдон сты хъæздыг, нуарджын æвзагæй фыст, нывæфтыд, философон. Никуы базæронд уыдзысты дæсны фыссæджы зæрдæбынæй фыст уацмыстæ, нæ фесæфдзæн сæ историон ахадындзинад. Мах зонæм историйæ, Гуырдзыстоны фыдгæнджытæ ссæдзæм азты Хуссар Ирыстоныл арт кæй бафтыдтой, уый. Абон дæр та йыл афтæ арт æфтауынц, сурынц ирæтты сæ райгуырæн уæзæгæй. Дыууынæм азты цаутыл Арсен ныффыста радзырд «Саломи». Цыма ныртæккæ фыст æрцыд. Науæд кæцыфæнды радзырд дæр куы райсæм - «Цуанонтæ» уа, «Гигойы куадзæн» уа, «Сæумæрайсом » уа, «Æнæхъус Карум» уа, «Ханиффæ» уа, «Дадолты мæт» уа – банкъардзыстæм дзы царды рæстдзинад, нæ цæстытыл ахъаздзысты цардæгас сурæттæ,алыхуызон вазыгджын фæлгонцтæ.
Мæнæ куыд фыста Джыккайты Шамил: «Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмæ æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивы Асены уацмысты идейон – эстетикон хъару, нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йе сфæлдыстады удджын фидауц».Растдæр æмæ зæрдæбындæр, æвæццæгæн, ничиуал зæгъдзæн.
Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст æрцыд æрмæджытæ. Зæгъæн ис æмæ, Арсен у адæмон фыссæг, уымæн æмæ йын йæ уацмыстæ, йæ фельетонтæ адæм кæрæдзийæн æмбисондæн хастой æмæ хæссынц абон дæр. Стыр аргъ кодтой ирон интеллигенцийы минæвæрттæ Арсены куыстæн.
«Арсен у ирон аивадон прозæйы раппæлинагдæр дæснытæй иу» -ахæм аргъ кодта фыссæгæн Гæдиаты Цомахъ.
«Æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл Коцойы фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрæвæрдтой» - фыста Тыбылты Алыксандр.
«Арсен! Ацы ном Ирыстоны цы ком, цы хъæу нæ зонынц, ахæм нæй. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уый у стыр курдиаты хицау. Йе сфæлдыстадон æрмæг иста реалон цардæй, уацмыстæ амад сты, æцæг чи уыдис, йæхæдæг кæй федта, кæнæ фехъуыста, ахæм цаутыл» - ахæм хатдзæгмæ æрцыд Дзугаты Георги.
Джыккайты Шамил та Арсены хоны: «Ирон аив дзырды зæрингуырд».
Æмæ æцæгæйдæр, Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг.
Коцойты Арсен Æрыдоны дины семинары куы ахуыр кодта, уæд фыццаг хатт базонгæ Х.Къостайы тохмæсидт æмдзæвгæтимæ. Хорз æй æмбæрста, уыцы æмдзæвгæтæ йæм куы ссарой, уæд карз æфхæрд кæй баййафдзæн, уый. Семинары ахуыргæнгæйæ фыццаг хатт бакаст газет «Кавказ» дæр. Уæдæ Къостайы фенынмæ дæр йе ׳мбæлттимæ Æрыдоны дины семинарæй араст фистæгæй Дзæуджыхъæумæ. Чи зоны, Æрыдоны семинары ахуыргæнгæйæ, Х. Къостайы фæллæйттæ кæсгæйæ, йæ зæрдæ ахсайдта сфæлдыстадон куыст кæнынмæ. Хуыцауы дзæгъæлы нæ хуыдтой Æрыдон «колыбель осетинской интеллигенции». Æрыдоны дины семинарæй тынг бирæ зындгонд æдæм рацыд. Бирæтæ дзы систы ногцардаразджытæ, фысджытæ, æхсæнадон кусджытæ.
2. Адæймагæн йæ цардвæндаг - йæ удыхъæд æвдисæг.
Цæмæй фыссæджы курдиатæн аккаг аргъ скæнам, цæмæй йын базонам йæ курдиаты ратæдзæн, уый тыххæй йын хъæуы, фыццаджыдæр, йæ цардвæндаг бæстон базонын.
Коцойты Арсены мысинæгтæй мах зонæм, семинары цавæр реакцион уавæр уыд, уый. Уды сæрибардзинад зынаргъ кæмæн у, уый нæ быхсы козбаудзинад, нæ быхсы тыхми, тырны уды хæдбардзинадмæ. Уыдонæй иууылдæр æххæст уыд Коцойты Арсен.
Иттæг хорз ахуыр кодта Арсен семинары, фæлæ йыл йæ низ куы стыхджын, уæд æй бахъуыд йæ ахуыр æмбисыл ныууадзын. Фæстæмæ аздæхт Джызæлмæ æмæ уым райдыдтой йæ æцæг хъизæмæрттæ. К. Арсен рынчынæй, Джызæлы цæргæйæ, бæвзæрста мæстытæ, зæрдæнизтæ, хъуæгтæ, адæмы зул цæстæнгас, сæ гæдыдзинад, адæймагмæ пайдайы цæстæй кæсын. Фæстæдæр уыдон æвдыст æрцыдысты йæ автобиографион уацмыстæ «Цыппар æмæ ссæдз боны» æмæ
«Æнæном радзырд»-ы. Джызæлы цæргæйæ, рæзыд æмæ фидар кодта йæ цæстæнгас цардмæ. Джыккайты Шамилы загъдау «Арсен сси трагизмы нывгæнæг». Йæ радзырдты æрмæг, сæ архайджытæ, сæ сюжеттæ сты трагизмы ахорæнтæй æвдыст. Уымæн æмæ, уыдта царды æцæгдзинад, иуæй æхсæнады социалон уавæртæй, иннæмæй та - тынгæй тынгдæр зынын байдыдта йæхи сæрмагонд индивидуалон цæстæнгас цардмæ, сфæлдыстадмæ.
3. Поэзи у адæймаджы райсом, прозæ та – йæ сихор.
Уыдонæн сæ бындур у адæмон сфæлдыстад. Æхсæнадон – историон уавæртæ куыд амыдтой, уымæ гæсгæ, ирон поэзиау, нывæфтыдон прозæ дæр йæ ныййарæг адæммæ йæхи мадæлон æвзагыл нæ, фæлæ фыццаг уырыссаг æвзагыл сдзырдта, æмæ йын йæ дзыхы дзырд, йе ׳взаджы ад, йе ׳хцондзинад банкъардтой ирон адæмæй æрмæстдæр бæрцæй нымад адæймæгтæ.
Ирон прозæйы фыццаг минæвæрттæн сæ уацмыстæ уырыссаг æвзагыл кæй фæзындысты, уымæн уыд объективон аххосæгтæ. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, фыццаджыдæр, нæма уыдис ирон аивадон чиныг, ирон мыхуыр. Дыккаджы та – ирон прозæйы фыццаг минæвæрттæ схъомыл сты уырыссаг прогрессивон литературæйы бындурыл ( Хъаныхъуаты Инал ). Ирон аив литературон æвзаг та гуыргæ нæма ракодта, сæхи бон та нæ уыд йæ саразын, уыцы бæрнон æмæ стыр хæс йæхимæ Х. Къоста райста. Уый бон баци, ирон аив литературон æвзаджы нормæтæ саразын. Ирон прозæ та Гæдиаты Секъайæ райдыдта.
Прозаикон уацмыстæ фыста Хъаныхъуаты Инал дæр. Уый уыд, фыццаг хатт ирон дзыллæйы раззагдæр интеллигенцийы минæвæрттæй уырыссаг æвзагыл аивадон уацмыстæ фыссын чи райдыдта, уыдонæй. Бæрцæй бирæ не сты Хъ. Иналы прозаикон уацмыстæ, фæлæ сæ ахадындзинад стыр у ирон адæмы уæды æхсæнадон цард фæлгъауыны хъуыддаджы. Йæ аивадон очерктæ абон дæр нырма цымыдисаг сты. Хъ. Инал йæ очеркты арф æмæ реалистонæй сныв кодта ирон адæмы æвирхъау царды уавæртæ. Фенын кодта, хъæууон цæрджыты ׳хсæн цы дихдзинæдтæ æрцыд, феодалон цардыуаджы бындуртæ пырх кæнын куыд райдыдтой æмæ ирон хъæутæм буржуазийы хъæстæ куыд бахæццæ, уый.
Хъаныхъуаты Иналы , Гæдиаты Секъайы , Хетæгкаты Къостайы прозæтæ уыдысты Коцойты Арсенæн аив прозæйы скъола. Уыдоны фæстæ сæрттывта Коцойты Арсены аивадон прозæ.
Цымæ цы ахъаз фесты Арсены уацмыстæ ирон æхсæнадæн?
Арсен, куыд зонæм, афтæмæй тырныдта Иуане, Аксо æмæ Къоста цытджынæй цы аивадон – хъомыладон хæс æххæст кодтой, уый адарддæр кæнынмæ, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Лæмбынæг ын куы æркæсæм йæ уацмыстæм, уæд фендзыстæм, ирон æхсæнадæн йæ аивадон уацмысты уый кæй радта уæрæх нывтæ, сбæрзонд кодта ирон лæджы уагæвæрд, бахъахъхъæдта йын йæ ном æмæ намыс. Йæ хъазæнæмхасæн фæлгонцты ( Малхаз, Къутæрджыны устытæ, Никъо æмæ Маро, Сауджын æмæ диакъон….) хурмæ ракалдта , ирон лæджы ном чи худинаг кодта, уыцы æууæлтæ. Арсены мидныхасы тыгъдадыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы уырнинагæй банкъарæм, фыссæджы аивадон хъуыды йæ хъайтарты миддунейы куыд арф ныххызти, уый. Уыцы психологон агурæнты ис йæ уацмысты бæрзонддæр ахадындзинад. Йæ радзырдты ахадындзинад фæирддæр вæййы, йæ хъайтарты монон царды æцæгдзинадæй кæй нæ хицæн кæны, уымæй дæр.
4. Коцойты Арсен - ирон аив прозæйы ног традицитæ аразæг.
Уый хорз зыдта дзырды нысаниуæг, йæ эстетикон æмæ хъомыладон ахадындзинад. Арсен йæ дуджы историон æцæгдзинады цаутæм цы цæстæй акаст, куыд сæ бамбæрста, йæ адæмы национ удыхъæды сæйрагдæр миниуджытæ куыд райхæлдта, уыдон аивадон дзырды руаджы равдисыныл нæ бацауæрста йæ тых æмæ йæ курдиат.
К.Арсены бон баци ирон радзырды структурæ реалистон хуызы саразын. Кæд Гæдиаты Секъа уыд ирон прозæйы бындурæвæрæг, уæддæр уый прозæ амад уыд адæмон сфæлдыстады райдайæнтыл, йе сфæлдыстадон сæйраг пафос уыд р о м а н т и к о н . Гæдиаты Секъайы уацмысты дæр цард уынæм хуымæтæг адæймаджы цæстæй. Уый дæр у фыдæбонджын, фæлæ æбар адæймаг. Секъа сын æвдисы сæ хъуырдухæн, сæ уавæр, фæлæ сæ бартыл иумæ схæцын хъом нæма сты. Уым Секъайы аххос æппындæр нæй, уымæн æмæ уый уыд рæстæджы домæнтæй иу.
Кæд литературæ æхсæнады царды æцæгдзинад æвдисы, уæд фыссæг та хъуамæ йæхи курдиаты фæрцы æмæ йæ адæмы удварны хæзнатыл æнцойгæнгæйæ, амона фæндаг ног цардивæнтæм. Гæдиаты Секъайы уацмысты хъайтартæ дæр базмæлыдысты, схæцыдысты сæ бартыл, фæлæ уæддæр баззайынц састы бынаты. Уыдон нырма не сты æххæст цæттæ се ׳фхæрджыты ныхмæ сыстыныл. Секъайы рæстæджы ирон литерæтурæ фыццаг къахдзæфтæ кодта, нæ уыд чиныг, нæ уыд чиныгкæсæг. Уыцы уавæрты гуырд ирон прозæ, кодта фыццаг къахдзæфтæ æнæнад фæндагыл. Ахæм фæндагыл цæуын та зын у.
Фæлæ Коцойты Арсен ирон радзырды структурæмæ бахаста ногдзинад, ома ахызт реалистон типизацимæ, байгои кодта радзырдты ног формæтæ æмæ фадат радта ирон прозæйæн реалистон типизацийы бындурыл рæзынæн.
Æркæсæм ма йын йæ аивадон мидисмæ.
«Арсен йæ уацмысты карз тох кæны фыдæлты талынг æгъдæууты ныхмæ, фенын кода, патриархалон цардыуаджы адæмы рæсугъд хъуыды æмæ лæджыхъæд дæлдзиныг кæй кæны, адæймагæн фосы кад кæм ис, ирæдыл æй кæм уæй кæнынц , рухсмæ йын фадат чи нæ дæтты, уыцы æгъдæутты. Уыдон сты: тугисын, чызгыскъæфын, къæрных, æфхæрд æфхæрдæй исын, дам-думтæ æмæ фидис, мæнгдзинад æмæ тыхтона кæнын – æппæт уыдонæн Арсен ахъаззаг цæф фæкодта йæ курдиаты цыргъдæр хæцæнгарз, аивадон дзырды руаджы.»- фыссы Гаглойты В.М.
Арсен ирон лæджы психологи хорз кæй зыдта, йæ адæмы зæрдæйы миниуджытæ равдисынмæ кæй арæхст, уымæ гæсгæ йæ арæзт фæлгонцтæй бирæтæ абон дæр æрттивынц ирон литературæйы хæзнадоны. Арсены сфæлдыстады ис бынат юморæн дæр. Уый йæ чиныгкæсæджы куы худын фæкæны, куы та йæ сагъæсты бафтауы. Хатгай йæ юморы бын æмбæхст вæййы адæймаджы стыр трагеди. Ахæм фæзилæнтæ К. Арсены размæ мах никæмæ уыдтам, уыцы традицитæ æрæвæрдта ирон аив дзырды зæрингуырд Коцойты Арсен.
Кæронбæттæн.
Мæ иртасæн куысты хæс уыд , дæнцæгты руаджы равдисын Коцойты Арсен æрмæст ирон аив прозæ фыссæг кæй нæ уыд, фæлæ ма йæхæдæг ног, нырмæ нæм чи нæ уыд, ахæм традицитæ чи сарæзта, ахæм куырыхон фыссæг æмæ хистæр.
Арсены аивад хицон у æппæт замантæн, абон дæр у æвидигæ æмæ актуалон. Гъе, уымæн сæ цымыдисæй кæсынц æрыгæттæ дæр æмæ хистæр кары адæм дæр.
ЦИПУ –йы ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис куыд фыста, уымæ гæсгæ Арсен – адæймаг, Арсен – фыссæг, Арсен – фидиуæг, Арсен – пехуымпар, Арсен – лæггадгæнæг фидар бынат æрцахста йæ адæмы монон, идейон æмæ эстетикон хæзнадоны мидæг.
Арсены аивады рæсугъддзинад – хуымæтæг, ирон æмæ уæздан. Æвæццæгæн, нын Арсены ныхас уымæн æхцон у, уый нæм хæссы рæстдзинады рухс, гуманизмы идейæтæ, бæрзонд сагъæстæ.
Джыккайты Шамилы загъдау «Куырыхон фыссæгæн йæ цард æмæ йæ куысты нысан уыд Ирыстоны амонд. Адæмы фарн рæзы адæмы иудзинадæй. Дзыллæты æнгом кæнынц ахуырад æмæ рухсад, литературон æвзаг æмæ национ культурæ. Уыдонæй сæнтысы национ идейæ, уый адæмæн рухс кæны сæ фæндаг царды нысанмæ. Арсен йæ радзырд «Ханиффæйы мæлæт» - ы фыста: «Стыр зонды скъола у ивгъуыд рæстæг,- фæкæсын æм – иу хъæуы хаттæй – хатт фæстæмæ». Стыр зонды скъола у Арсены сфæлдыстад йæхæдæг дæр. Уый у нæ адæмон исбон».
ПАЙДАГОНД ЛИТЕРАТУРÆЙЫ НОМХЫГЪД
1. Джусойты Нафи. - Ирон литературæ. Дзæуджыхъæу: «ИР», 2013
2. Джыккайты Шамил. Разагъды лæгтæ. - Дзæуджыхъæу: «ИР», 1999
3. Уалыты Татьянæ. Мах дуг./Коцойты Арсен – рухстауæг - /-Дзæуджыхъæу,
1999, №6
4. Савва Дангулов. Рæстдзинад. /Ирон аив дзырды зæрингуырд/.№7, 2007
5. Джыккайты Шамил. Уацтæ. Дзæуджыхъæу, «ИР», 1986
6. Хозиты Барис. Цыкурайы фæрдгуытæ. Дзæуджыхъæу, «ИР», 1999
7. Тлаттаты Аннæ.Фотоальбом.Коцойты Арсен. Орджоникидзе, «ИР»,1977
8. Коцойты Арсен. Уацмысмтæ. Дзæуджыхъæу, «ИР»,1971
9. Бекъойты Е.Д. Гаглойты В. М. Ирон прозæйы анталоги. 1т. Цхинвал, р-д «ИРЫСТОН», 1969
Зимняя сказка
Космический телескоп Хаббл изучает загадочную "тень летучей мыши"
Нечаянная победа. Айзек Азимов
Кактусы из сада камней
Снежная книга