" Кайтуков Азамат- солдат, публицист, известный общественный деятель". В работе освещается его жизнь и творчество.
Вложение | Размер |
---|---|
haytyhty_azamat-_saldat_publitsist_ahsanadon_arhayag.docx | 62.74 КБ |
Æрыдоны 1-œм скъола
Хъайтыхъты Азæмæт-салдат, публицист,
зынгæ æхсæнадон архайæг.
Куыст бацæттæ кодта:
10 –æм къласы ахуырдзау
Джанайты Миланæ.
Наукон разамонæг:
ирон æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнæг
Лохты Ритæ.
Æрыдон
2015 аз
Сæргæндтæ
Хъайтыхъты Азæмæт - салдат,публицист,зынгæ æхсæнадон архайæг.
Азæлыд Ирыстоны дæ хорзы кой,
Зиууæтты’хсæн раззагдæртæй дæ.
Æмæ дын дæ уацмыстæ æнæрынцой
Мах кæсæм – ныхыдзуарджын фæдæ.
Æз мæхи дæ кæстæр æрвад хонын,
Тулдз бæласау, къабузджын дæ – зонын.
Ходы Камал
Æнусты сæрты нæм фæлтæрæй – фæлтæрмæ цы диссаджы хæзнатæ æрхæццæ, уыдон адæмы размæ рæсугъдæй чи рахаста, уыцы адæймæгтæй иу у фыссæг, таурæгъгæнæг Хъайтыхъты Азæмæт. Тыджыты Юрий куыд загъта, афтæмæй кæд Ирыстоны уæздандæр, хæдæфсармдæр, æгъдауджындæр æмæ къæбæрдæттондæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт. Кæд Ирыстоны зæрдæхæлардæр, цæстуарзондæр, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддæр æмæ адæмæн лæггадгæнæгдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Хъайтыхъы – фырт. Кæд Ирыстоны фыдæбондæргæнæг, фæллойгæнæгдæр, æнæзивæгдæр æмæ хуымæтæгдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт.
Уый 1941 азы йæ ныййарджыты сусæгæй фæфылдæр кодта йæ азтæ æмæ службæ кæнынмæ ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы,Сталинграды, Курск – Орелы тохты, операци «Багратион» - ы. Къорд хатты фæцис уæззау цæфтæ, фæлæ та – иу куы сдзæбæх, уæд ногæй æрлæууыд йе’мхæстонты æмрæнхъ. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл дзурынц Сырх стъалыйы, Намысы, Фыдыбæстæйы хæсты ордентæ æмæ бирæ майдантæ. Бахауд уацары дæр. Азæмæт хæсты æмæ царды кæд бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста, уæддæр кад æмæ радимæ бахъахъхъæдта ирон лæджы ном.
Æфсадæй ссыди фыдыуæзæгмæ, æмæ та райдыдта кусын Садоны здыйы – цинчы комбинаты. Уыцы азты йæ хъус адардта сфæлдыстадон куыстмæ дæр.
Азæмæт йæхæдæг куыд дзуры , уымæ гæсгæ йæ фыд Аслæнбег диссаджы таурæгъгæнæг уыдис. Хæххон изæрты, дам –иу, мæ йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ , дам – иу, ын зæрдиагæй хъуыстон йæ таурæгътæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм. Азæмæт райдайæн скъоламæ куы цыдис, уæд дзы фысгæ дæр бирæ ныккодта. Фæстæдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй куы сыздæхти, уæд йæ къухфыстытæ бæргæ фæцагуырдта, фæлæ йын йæ бинонтæ загътой, зæгъгæ, сæ артæндзарæнтæн фæсыгътам. Йе сфæлдыстады канд йæ фыды фыды таурæгътæй не спайда кодта. Уæлладжыры комы уыдис, ирон адæмон сфæлдыстад хорз чи зыдта, ахæм кадджын лæгтæ.Уыдонæй цы таурæгътæ, æмбисонды хабæрттæ хъуыста, уыдон æм афтæ диссаг кастысты, æмæ сæ йæ бон нæ уыд æнæ ныффысгæ.
1946 азæй фæстæмæ йæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ мыхуыры зынын байдыдтой республикæйы газетты æмæ журналты. Азæмæт фыста, йæ фæллад зæрдæ – иу ын цы загъта, йæ сыгъдæг зонд –иу цы амыдта, уыдоныл. Йæ уацмыстыл кусы биноныгæй, йæ удцин æмæ сæ йæ рисæй хайджын кæны. Гъе, уымæн афтæ тынг агайынц йæ уацмыстæ адæймаджы зæрдæ сæ аивадон нывæзтæй, тыхджын æнкъарæнтæй, ирд хъуыдыйæ.
Азæмæты курдиат æххæстдæрæй райхæлд, куыд таурæгътæ фыссæг, афтæ. Таурæгъгæнæджы цæстæнгас тынгдæр здæхт у ивгъуыдмæ, йæ удмæ хæстæгдæр сты кæддæры хабæрттæ æмæ цаутæ. Фæлæ таурæгъты хъæбатыртæ æнæфæхицæнгæнгæ баст сты абоны цардимæ, ныртæккæйы дугимæ. Ныхас дзы цæуы лæгдзинад æмæ æхсарыл, хъару æмæ ныфсыл, фæлывд æмæ гадзрахатдзинадыл, намыс æмæ сæрыстырдзинадыл.
Ирон адæммæ бирæ зындгонд таурæгъгæнджытæ уыд, фæлæ Азæмæт æппæт мадзæлттæй йæ уацмыс куыд ифтонг кæны, ахæм тых сæ къухы нæ бафтыдис. Азæмæт ивгъуыд дугыл ныхас фæкæны, абоны дугæн цы ахъаз бакæндзæн, ууыл сагъæс кæнгæйæ. Уый йæ уацмысты бавæры абоны царды мæт, сагъæстæ æмæ сыл басадзы абоны базыртæ. Гъе ацы миниуæгæй сфæлдыстадон бæрзонд хохы цъуппæй ракасти Хъайтыхъты Азæмæт. Йæ зæрдæ у таурæгъты хæзнадон. Дунейы фарн ын балæвар кодта ныхасы бардуаг æмæ йыл аивад сфæлдисæг зæд йæ сызгъæрин базыр асæрфта. Таурæгътæн æнусты дæргъы амæлæн нæй, æрмæст сын хъæуы зæрдæйы хæзнадон, æмæ уыцы хæзнадон та басгуыхти Азæмæты зæрдæ.
Хъайтыхъты Азæмæты уацмысты сæйраг хорздзинад уый у, æмæ царды æцæг хабæртты бындурыл фыст кæй сты. Йæ уацмысты архайджытæ сты хуымæтæг зæххон адæм, цардбæллон, фыдæбонгæнæг хохæгтæ. Цард æмæ мæлæт цæуынц фæрсæй – фæрстæм, раст æмæ фыдох лæууынц ныхæй – ныхмæ. Лæгдзинад æмæ уый сæрыл тох кæнын – уыдон сты Азæмæты хъайтарты хуыздæр миниуджытæ.
Нæ фыссæгæн схонæн ис уæззау рæстæг, тызмæг æрдз æмæ лæджыхъæды зарæггæнæг. Йæ уацмысты архайджытæ иууылдæр цæрынц арф уынгæг кæмтты, бæрзонд æмæ æгæндæг къæдзæхты астæу, зымæг мит «лæджы æмбæрц» кæм æруары, ахæм зынвадат рæтты. Æмæ кæд цыфæнды тызмæг уавæрты цыфæнды тызмæг цард кæнынц, уæддæр сæ сæрыстырдзинад хæхтæй дæлдæр нæ лæууы, сæ лæгдзинады зарджытæ æхсæрдзæнты зарджытæй дарддæрмæ хъуысынц, сæ кад æмæ намысæй , сæ цардæй стырдæр аргъ кæнынц.
Азæмæтæн йæ алы уацмыс дæр фыст у хъæздыг, нуарджын æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй. Уый æцæгæйдæр афтæ кæй у, уый тыххæй йæ таурæгътæй иу «Туджы пырхытæ» - й æрхæсдзыстæм иу чысыл скъуыддзаг:
«Рагон Къора. Бадилатæ стыр ныхасы куыдхистæрæй рабадтысты. Хъуыбадты, Абысалты, Хъарабугъаты æмæ Тугъанты урсзачъе зæронд лæгтæ, сæ сæргъы Хъуыбадты хистæр, садзгæ рихи,схъæл дымæг кæй хуыдтой, уыцы хъал Айдарыхъо йæ хороса хъуынджын æрфгуытæ цæргæсы базыртау уæлиау систа, йæ донхуыз цæстытæ хъæрццыгъайау фæсивæды ныссагъта æмæ барджын ныхас ракодта».
Ацы скъуыддзаг бакæсгæйæ дæр зæгъæн ис, æрмæстдæр ирон аив дзырды зæрингуырдæн у йæ бон ахæм фæлгонцтæ саразын, ахæм рæсугъд, хъæздыг æвзагæй дзурын.
Ис иу бæллиццаджы миниуæг Азæмæты таурæгътæм: цæуылфæнды ма фысса, цыфæнды æвирхъау хабæрттæ ма вдиса – цæстыты раз цардæгасау сыстынц уыцы хабæрттæ, æмæ адæймагмæ мисхалы гуырысхо нæ фæзыны,æцæг кæй уыдаиккой, æнæмæнг кæй æрцыдаиккой царды, ууыл. Уымæй та йæ тых фылдæр кæны уацмысæн.
Дыууæ сыхаджы Хъанцау æмæ Хъицо (таурæгъ «Хъысмæт») хохы æрнæгыл хуымы гæппæл бакодтой. Тæсчъыты йæм сыджыт фæхастой. Стæй йæ дыууæ хайыл куы адих кодтой, уæд дзы, арæнæн цы дур ныссагътой , ууыл сусæгæй – æргомæй кæрæдзийы ‘рдæм хæцыдысты. Афтæмæй сын иу бонивайæнты загъдмæ асайдта. Æмæ сæ фæрсылдарæн кæрдтæ тугæйдзæгтæй сæ къухтæй зæхмæ куы ‘рхаудтой, сæхæдæг сæ хуымы астæу кæрæдзийы фарсмæ куы афæлдæхтысты, уæд Хъанцау нырдиаг кодта:
- Мæ бон бакалд, Хъицо, теуайау не’нæзондæй кæрæдзийы куыд бабын кодтам!
Хъицо йæ сæр уыцырдæм азилæгау кодта, æмæ йæ фæлурс былтæ базмæлыдысты.
_ Хъанцау, уарзыс мæ?
- Уарзын, Хъицо, уарзын.
-Уæдæ мæм дæ къух радт.
-Гъа, ме’нæмаст сыхаг,гъа! –ныхъхъæр кодта Хъанцау, æмæ дыууæ удисæг лæджы кæрæдзийы къухтыл куы ныххæцыдысты, уæд хур скаст. Уый уыди фæдисы хъæргæнæг Къадаты хъæумæ.
Зноны хохкъæртгæнæг, хæстон æмæ абоны домбай фыссæг ссис нæ ныры ирон прозаикты хуыздæртæй иу. Йæ хæдбындурдзинадæй , йæ уацмысты фæлгонцты хъæздыгдзинадæй, хъайтарты сурæтты æмæ удыхъæды алыхуызондзинадæй, сæрмагондæй – сæ диссаджы нуарджын æмæ тыбар – тыбургæнæг æвзагæй Азæмæт йæхицæн фидар бынат скодта ирон литературæйы. «Кæрæдзийы фæдыл ныкъкъæрцц ластой Цæлойты стыр хæдзарæн йæ астæуккаг дыууæ цæджындзы. Хъобаны йæ бындзарæй ныррызти Алыккаты Бæтæйы уæзæг, йæ сызгъæрин талатæй ма иу дзедзырой кодта, æмæ уымæ дæр йæ джидæ фæрæт чидæр даудта («Уæгъуыллæйы мæлæт»). «Бæласы зæнджы цъар цыма ранæй – рæтты сæгъ ахсыдта, уыйау йæ бызгъуырты бынæй зынди Текъайы хурæфхæрд буар дæр» («Амондуарджытæ»). «Гуыдырты комы сæрмæ Урс хох куырм уæйыгау сбадт æмæ йæ дæлфæдты сойджын зад кæрдæгæй рæгъауы фос рæвдыдта. Дзынгатæ бæхты алыварс силлæг сты, сæ лыстæг судзинтæ дыв – дывгæнгæ фосы фæлмæн буары тъыстой, æмæ сæ уыдон дæр сæ даргъ цъæхснаг «ехсытæй» къæрцц кодтой. Зджыды хъæуæй хъуысти хъæхъхъаг куыйты рæйын, Ходыхъæуæй та уасджыты уасын.Рæгъауы сæрмæ арвы къуырфы зилдух кодта мæргъты паддзах сахъ цæргæс æмæ уырдыгмæ фæлгæсыди, цыма æрдзы хъæндзинæдтæ бæрæг кодта, уыйау («Додтаты Дзылы»)
Хъайтыхъы – фыртæн йæ алы таурæгъы дæр ирдæй зыны,йæ ныхас фæлгонцджын кæй у, уый. Йæ хъуыдытæ цæстыл тынгдæр ауайын кæныны тыххæй йе’ххуысгæнджытæ сты æвзаджы æнæбын хъæздыгдзинæдтæ. Алы фæлгонцæн дæр Азæмæт ссары бæлвырд ахорæнтæ.Мæнæ куыд равдисы фыссæг, йæ таурæгъ «Фыййауы лæдзæг» - ы Азауханыл цы фыдбылыз æрцыд, уый æвирхъаудзинад. Таурæгъы сæйраг архайæг Азаухан йæхи кæй æрцауыгъта, уый канд дуры гуыбынмæ нæ бахъардта, фæлæ, ауындзæгæй цы бæласы бын баззад, уымæ дæр: «Дзуары тулдз бæлас бындзарæй ныхъхъæрзыдта, æмæ дзы цалдæр хус сыфтæры зæронд усы цæссыгтау зыр – зыргæнгæ æрхауд».
Бирæ, тынг бирæ хъайтартæ ис Азæмæты уацмысты. Уыдонæй иутæ сты адæмæн фарнхæссæг, иннæтæ – фыдбылызхæссæг. Иутæ – мæгуыр, фæлæ уæздан, æгъдауджын, сæ кадавар къæбæр æмæ цæххæй уазæгæн еблуагъæзæгъæг, иннæтæ – мулкджын, фæлæ – мæрддзæст, нард фынгæй куыдзæн дæр стæг чи нæ аппардзæн, ахæмтæ. Иутæн - сæ уд сæ дзæцц – адæмы хорздзинад, иннæтæн – адæмыл фыдмæ аудын.
Азæмæты сæйрагдæр архайджытæ сты алы кары адæймæгтæ. Хъайтыхъ æмæ Теде, Ходыхъæуæн – бындурæвæрджытæ.Фыссæг йæ хъайтартæм кæсы бæрнон цæстæй, суанг фыдбылызгæнæг, фауинаг хъайтары дæр æвдисы, царды куыд у, афтæ - нæдæр æй сызгъæринæй сфæлынды, нæдæр æй цъыфы сæвдулы. Хъайтары уд рабæрæг вæййы хъуыддаджы – цуаны, балцы, фынгыл, лæгæвзарæн тохы. Уарзондзинады уылæнты, æгъдау дæттынæй. Æвдисы, æндæр адæмтæм - кæсæгмæ, ногъаймæ, мæхъæлмæ цы ахастдзинæдтæ уыдис ирон адæммæ хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, уыдон. Фæлæ дзы дæлдæр никæй æвæры. Уымæй Азæмæт бæрзонд дары æнгомдзинады, хæлардзинады тырыса, хъахъхъæны литературон рæстдзинад.
Цæмæй ацы хъуыды бафидар кæнон , уый тыххæй дæнцæгæн æрхæсдзынæн Хъайтыхъты Азæмæты таурæгъ «Фыдохы арт» - æй скъуыддзаг: «…Æцæг адæймаг, суанг дæ туджджын куы уа, уæддæр лæгдзинадæн аргъ кæнын зоны, æмæ йын æлдары фырт Иналдыхъо бар радта йæ амонд фæстаг хатт бавзарынæн; цъæррæмыхст дæр куыд никæй фæкодтаид , афтæмæй цалыл фæуæлахиз уыдаид, уал азы ма йын цæрæнбонæй зæрдæ бавæрдта.
Цыбыр дзырдæй, лæгдзинад йæ куыст бакодта. Хъарайы – фырт йæхи канд хъæбатырæй нæ равдыста, фæлæ ма дæсны уадындзæй цæгъдæгæй дæр. Йæ диссаджы уадындзæй цагъдмæ хъусгæйæ симыныл балæууыдысты йе знæгтæ зæрондæй , ногæй. Сæ бынæтты лæууын нал бафæрæзтой саударæг сылгоймæгтæ дæр.
«Ахæм булæмæргъы уд сыскъуынын тæригъæддзинад у. Аллах æй никæмæн ныббардзæн;кæд æй марут, уæд уал раздæр мæн аргæвдут ,- æмæ йæ уæздан худ Хъуырманы сæрыл æркодта. Уый та амыдта: æрдхорд, æфсымæрдзинад» - ахæм хъуыдымæ æрцыд Темрюк – æлдары фырт Иналдыхъо.
Куыд зонæм, афтæмæй Азæмæт адæймаджы фæлгонц сныв кодта иттæг дæсныйæ. Равдыста йæ зынтæн фæразонæй, куырыхонæй, хъæбатырæй, дзырдæн аргъ кæнынæй, фыды уæзæгыл иузæрдионæй хæхбæсты тыхст уавæрты, хæсты быдыры, сабыр царды. Азæмæт йæхæдæг хæстон уæвгæйæ, иттæг растæй равдыста советон æнæбасæтгæ салдаты æрдхæрæны удыхъæд. Уый тыххæй «Ход. Таурæгъ æмæ цард» - ы кæд фылдæр йæхиуыл , йæ мыггаджы хæстонтыл ныхас кæны, уæддæр цæстыты раз сысты советон хъæбатыр салдаты сурæт.
«Ход.Таурæгъ æмæ цард» у æцæг аивадон уацмыс. Æвдисы хæхбæсты, стæй Ирыстоны быдырты адæмы цард. Ацы чиныджы бæлвырддæр базонæн ис Ирыстоны хæхты, кæмтты, уæлвæзты, дæтты, рæгъты, æфцгуыты нæмттæ. Уæдæ кæд адæймаджы базонын фæнды Ирыстоны рагон цард, фыдæлты лæгдзинад, фæразондзинад æмæ уарзондзинад, уæд бакæсæд Азæмæты чиныг. Фæлæ уым æрмæст уыдоныл аивадон фæрæзтæй ныхас нæ цæуы. Схонæн ын ис ахуыргæнæн чиныг дæр. Бакæсæн дзы ис уацмыстæ «Кувæндæттæ», «Мард æфснайыны æгъдæуттæ», «Æгъдæуттæ», «Кусарт», «Фынгæвæрд», «Ирон хостæ».
Хъайтыхъты Азæмæт у æцæг фыссæг, йæ уацмыстæ ирон фарн æмæ удæйдзаг кæмæн сты, ахæм. Уыимæ у поэт дæр. Йе ‘мдзæвгæтæ дæр дзаг сты уыцы миниуджытæй. Хъарынц зæрдæмæ. Нæ рох кæны лирикон хъайтар йæ фыды уæзæг, йæ хæхбæстæ, кæд æрæджы быдыры æрцард, уæддæр. Уарзы æмæ йыл зарджытæ кæны.Æмдзæвгæ «Садон»:
Уæ мæ дидинæгдзаст Садон,
Макуы ракæлæд дæ къул!
Ды – мæ фæллæйтты æхцадон,
Ды – мæ хорзæхты дзæкъул.
У дæ зæхх бæмбæг мæ къахæн,
У дæ дур мæ сæрæн баз.
Ды – æргъæу хæдон мæ рагъæн,
Ды – мæ бæркæдты бæлас.
Уæ мæ дурдидинæг Садон,
Æз дæ мыдыбындз, мыдгур.
Насæн ма сæвзæрæд какон,
Къах ныл ма ‘ркъуырæд фыдгул!
Уæдæ куыд хъуамæ кæса адæймаг куыдфæндыйы цæстæй цардмæ, Азæмæты диссаджы æмдзæвгæ «Тулдз бæлас» куы бакæса, уæд. Ацы зæрдæмæхъаргæ аив уацмыс адæймаджы æфтауы катайыл:
Бæллиццаг тулдз бæлас нæ уыд..
Бæрзонд цъæх айнæджы хæдсæрыл
Гуыбыр зæронд лæгау лæууыд
Æдзух фыдбылызы къæсæрыл.
Тыдта йын алы бон дæр уад
Чъымбыстæ, бирæгъау, йæ цармæй.
Кæмæн нæй хорз сыхаг, æрвад,
Нæ дауы хур дæр уый йæ армæй.
Азæмæтæн йе’мдзæвгæтæ дæр йæ таурæгътау фыст вæййынц хъæздыг, нæртон æвзагæй. Хорз арæхсы дзырдтæй нывтæ кæнынмæ. Уымæн æвдисæн у йæ иннæ æмдзæвгæ «Куырдуаты» дæр:
Тымыгъ ниуы,
Сæгуыт чиуы,
Йе ‘рагъ бæласыл ныхы.
Кæм сырд уазæг,
Кæм сырх уасæг,-
Февзæрд рувасы дзыхы.
Бандзыг быдыр,
Заз фæгуыбыр,
Сæгъгуист къалиутæ хырхы,
Их фæтасы,
Дон цæм ласы,
Арс йæ лыстæны мырхы.
Халон кука,-
Арыд гукъа,
Тæрхъус мæрайы чъырхы.
Мит фæдзодæ,
Хъæдгæс Цоба
Хъæумæ уаргъимæ тындзы.
Арф куырдуаты
Уалдзæг бады,
Ехх, кæд æрцæудзæн чындзы?!
Хъайтыхъты Азæмæт уацмысæн йæ астæуыстæгыл нымайы æвзаг. Æнæ уый , йæхæдæг куыд зæгъы, чиныгкæсæджы æргом нæ раздахдзынæ дæхимæ, фæлгонцтæ та фæлурс, æнæуд рауайдзысты. Уый катай кæны, абоны фæсивæдæй бирæтæ хорз кæй нæ зонынц сæ мадæлон æвзаг, ууыл. Ацы фарсты фæдыл мæнæ куыд загъта Черчесты Хъасболат Азæмæты тыххæй: «Азæмæт нын куыд амоны, афтæмæй æцæг ирон уый у, кæцыйæн йæ иу акъахдзæф дæр, йæ иу бакаст дæр ирон сты. Ирон уыцы ирон у, кæцы хъуыды дæр, кæугæ æмæ заргæ дæр , суанг ма фынтæ дæр иронау уыны». Ацы хъуыдыйыл æз дæр разы дæн.
Азæмæт хæсты зынтæн куыд ныффæрæзта, афтæ фæразы царды зынтæн дæр. Æмæ кæддæр гыццыл лæппу ма куы уыд, уæд цы рæсугъд бæллиц райгуырд йæ зæрдæйы – йæ адæмæн хорзы бацæуын, йæ адæмæн балæггад кæнын – уый ныр дæр у йæ царды сæйраг хæс. Уымæн æвдисæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ диссаджы чингуытæ.
Курдиатджын фыссæг, дæсны таурæгъфыссæг, тохæхсыст хæстон Хъайтыхъты Азæмæтыл ацы аз майрæмы мæйы æхсæзæм боны сæххæст нæуæдз азы. Уый фæдыл ын зæрдиаг арфæ кæнæм, ирон литературæ, ирон адæмон сфæлдыстад зынаргъ кæмæн сты, уыцы чиныгкæсæг æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ. Æнæниз нын у, дæ цард дæхи фæндиаг уæд, дæ фæндтæ дæ къухы рæсугъдæй бафтæнт!
Литературæ:
1.Газет «Рæстдзинад» 1998 аз ,11 август;
2.Газет «Рæстдзинад» 2003 аз, 6 август;
3.Газет «Ныхас» №68, 2005 аз, 18 июнь;
4.Газет «Адæмон фыссæг» ,2007 аз;
5.Газет «Рæстдзинад» №137 2013 аз 6 август;
6.Хъайтыхъты Азæмæт «Амондуарджытæ» 1994 аз. Чиныджы авторы тыххæй.
7. Газет «Рæстдзинад» №142, 2008 аз, 6 август;
8.Хъайтыхъты Азæмæт. Азæмæты таурæгътæ. Хуыгаты Сергей»
Хæдбындур курдиат».
Зимовье зверей
Неньютоновская жидкость
Новый снимок Юпитера
Попробуем на вкус солёность моря?
Горка