В работе " Их большая мечта- заплатить свой долг Отечеству" говорится о жизни и деятельности молодых писателей -фронтовиков ( Калоев Хазби, Кочисов Мухарбег, Басиев Дзамболат и др.)
Вложение | Размер |
---|---|
naukon-_irtasn_kuyst_-hast.docx | 46.21 КБ |
Æрыдоны фыццæгæм астæуккаг скъола
Фыдыбæстæн йæ хæс бафидын - се стырдæр бæллиц.
Куыст бацæттæ кодта :
10 –æм къласы ахуырдзау
Магкæты Иринæ.
Наукон разамонæг:
ирон æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнæг
Лохты Ритæ.
2015 аз
Сæргæндтæ.
1. Бацæуæн. 1-2 ф.
2. Сæйраг хай. 3-18ф.
3. Кæрон. 19ф.
4. Литературæ. 20ф.
5. Æмхасæнтæ. 21-22ф.
Темæйы актуалондзинад.
Хæсты фæнык никуы æмбийы.
Хæстæй чи тæрсы,уый йæхи хæстмæ цæттæ кæны.
Иртасæн куысты объект.
Туг æмæ цæссыгæй æхсад шинель ( Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Баситы Дзамболат, Плиты Грис, Гафез, Мыртазты Барис, Цæгæраты Максим, Хъайтыхъты Георы хæстон цард æмæ сфæлдыстадыл æнцойгæнгæйæ)
Мæ иртасæн куысты хæстæ:
- рæзгæ фæсивæдæн æмбарын кæнын, цы зынаргъ аргъæй æлхæд æрцыд Сæрибар,уый;
- хæсты цæхæры азар бындзарæй банкъуысын кодта алы хæдзары сæрибар цард дæр;
- салдаты фæлгонц хæстон фыссæджы цæстæй.
Куысты теорион æмæ практикон ахадындзинад.
Ацы иртасæн куыст фæахъаз уыдзæн, хæстон фысджыты цард æмæ сфæлдыстад арфдæр æмæ уæрæхдæр базонынмæ чи тырны, уыдонæн.
Бацæуæн.
Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын уыдис нæлгоймаджы кадджындæр æмæ ахсджиагдæр хæстæй иу. Уый уæлдай тынгдæр рабæрæг æмæ уæлдай ирддæрæй разынд, нæ бæстыл сау калм куы æртыхстис, уæд. Ам æппæт ирон адæм дæр равдыстой сæ иузæрдиондзинад Райгуырæн бæстæйыл.
Хæст… Фыдыбæстæйы Стыр удхæссæг хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз , æнамонддзинад? Цал мады ныууагъта уарзон хъæбултыл зæрдæхалæн хъарæггæнгæ? Цал сылгоймагæн бавзарын кодта идæдзы уæззау хъысмæт æнахъом сабитимæ? Цал æмæ цал сывæллонæн схауын кодта сæ сидзæры, æвæгæсæджы хæлттæ?
Нæ чысыл Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты нæуæдз мин хæстоны. Сæ фылдæр уыдысты, нырма царды ад чи нæма банкъардта , ахæм æрыгон лæппутæ. Уыди дзы чындздзон чызджытæ. Уыцы нæуæдз минæн сæ фылдæр нал раздæхтысты сæ фæрныг хæдзæрттæм, нал федтой сæ ныййарджыты, сæ цардæмбæлтты, сæ сабиты, сæ уарзæтты. Бирæ сагсур лæппуты æмæ сæрæн чызджыты хъуамæ рауагътаиккой уыдон царды рухсмæ Ирыстоны фидардзинадæн, фæлæ…
Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой се стыр Фыдыбæстæн. Райгуырæны раз иу уыд сæ хæс- цыфыддæр знаг хъуамæ ссæст æрцæуа. Цагъары бæсты - мæлæт!
Æмæ иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Нæ бæстæйы иннæ адæмтимæ иумæ уæхски-уæз тох кодтой цыфыддæр знаджы- фашистон Германы æфсады ныхмæ. Ирыстоны минæвæрттæ уыцы хæсты сæхи куыд хъæбатырæй равдыстой, ууыл дзурæг сты ацы нымæцтæ æмæ бæрæггæнæнтæ: нæ чысыл зæххы алы цыппæрæм цæрæг дæр фæмард Фыдыбæстæйы сæраппонд карз хæсты. Æвдай фараст адæймаджы сæ хъæбатырдзинады тыххæй райстой хæстон сгуыхтдзинады æппæты стырдæр хæрзиуæг- Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, дыууадæс та - Намысы ордены æххæст кавалертæ систы. Æрмæст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
минæвæрттæй инæлæрттæ æмæ адмиралтæ систы фæндзай адæймаджы, æдæппæт та нæ ирон инæлæртты нымæц у сæдæйæ фылдæр.
Тохы зарæг систой Иры поэттæ æмæ фысджытæ дæр. Уыдон цыдысты хæсты цæхæрмæ- бирæтæ бархи, барвæндонæй. Цыдысты æрцу æмæ ма рцуйы фæндагыл. Уыдон сæ цард æмæ курдиат нывондæн æрхастой Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Намысæн.
Бирæтæ дзы царæфтыд баисты – се нæфыст зарджытæ ахастой семæ. Иннæтæ тохвæлладæй æрыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ. Куыстой æмæ кусынц нæ адæмы удварнæн.
Тох ныккодта…
Сæйраг хай.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирон фысджытæй чи фæмард, уыдонæй се ппæты курдиатджындæр уыд Калоты Хазби.
Курдиатджын фыссæг хъуамæ йæ фыд Алыксандры хуызæн рухстауæг, фæсивæды хъомылгæнæг уыдаид. Фæлæ хъысмæтæн та цы загъдæуа!. Уый йын афтæ стæрхон кодта æмæ фидæны ахуыргæнæджы æмæ поэты бахъуыд æфсæддон дарæс скæнын.
Æнæкæрон маст бауагъта æвзонг поэты зæрдæйы хæст: « Карз хæст райдыдта…Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хъæутæ æмæ быдырты». Ахæм поэтикон æвзагæй райдыдта поэт йæ прозæйæ фыст æмдзæвгæ. Æнæнхъæлæджы сау хабар, арвы нæрдау, фехъуыст хъæутæ æмæ горæттæм. Хæстхъом фæдисонтæ ивылдысты тохы цæхæрмæ, тугдзых знагæй уарзон Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ.
Хазби хæсты тарфмæ бацæуыны размæ йæ карз хъысмæты бархъомыс бæлвырд уыны. Зоны,уым «сæрыстырæй бахъæудзæн мæлын» æмæ йыл разы у, æрмæст тохы бон хъуамæ расгуыха, «ныфсхаст цæргæсæн» куыд æмбæлы,афтæ.Хъуамæ ауигъа æппæтыл дæр йæ къух- йæ уарзондзинадыл,йæхи уды амондыл, йæ фæндыр дæр хъуамæ ныууадза дзæгъæл. Йæ иунæг нысан хъуамæ суа- расгуыхын, фыдгултæй фылдæр ныццæгъдын, стæй сæрыстырæй амæлын тохы быдыры.
« Хорзæй баззай, мæ райгуырæн Ир!»- ы, поэт, фæдисон лæгау, йæ быцъынæг тоны тохы быдырмæ, фæлæ рагацау æнкъары, даргъ æмæ тæссаг фæндагыл кæй цæуы, уый. Поэт æнæкæрон уарзтæй уарзы Ирыстоны æмæ куры Иры дзыллæтæй, мыййаг, йæ цард куы аскъуыйа, уæд цæмæй рохуаты ма баззайа. Фидарæй йæ уырны, фæстæмæ уæлахизимæ тохы быдырæй кæй сыздæхдзæн,уый: «…Уырны мæ, иу бон дæм кæй фæзындзынæн, иу бон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг кæй бахойдзынæн, уый. Æнхъæлмæ кæс… Ма ферох кæн!...»
Калоты Хазбийы зæрдæ хæст æмæ мæлæтимæ разы нæу. Æвирхъаудзинад æм кæсы зæххы рæсугъд цæсгом туджы æвдулын. Фæлæ цы бакæна знаджы фыдвæндтæн? Йæ удæй фылдæр цы Фыдыбæстæ уарзта, уый бахъуыди йæ сæр,
йæ туджы æртæх. «Лæджы сæр кæм хъæуа, уым хъуамæ адæймаг фæсте ма уа»,- фыста Хазби йæ уарзон чызгмæ, танкистты скъолайы куы ахуыр кодта, уæд.
Хæсты быдыры уæвгæйæ, поэт хъусы райгуырæн зæххы хъæрзын, йæ фæллад цæст уыны æвирхъау ныв-«худы туджы ртæхты хуры тын…». Æмæ зæрдæ скъуыйы æгæрон маст æмæ мæтæй.
О, сыгъдæгзæрдæ поэт. Йæ сомытæй иу дæр нæ фæмæнг. .. Зæххы сæрвæлтау цы ард бахордта, уымæн дæр хъысмæт æгæр цыбыр æмгъуыд радта. Цавæр уарзтæй уарзта йе схæссæг зæххы, ахæм рæвдауæг хъæлæсæй кæимæ дзуры, ныфсытæ кæмæн æвæры, уыцы зæххы!
Бон нæма фæзынд
сæууон æртæхы,
Фесæфт хъамылы
æххормаг сынт
Æз кæуын…
Æрзоныг кодтон зæххыл
Æмæ йын йæ риуæн
пъа кæнын.
Ма хъæрз, зæхх,
мæ уд фæрыст дæ мастæй!
Базæронд мæ лæппуйы буар…
Тугæй нал зыны
дæ фæтæн астым.
Судзгæ мбисæндтæ-
нæмгуыты уард!
Ма хъæрз, зæхх…
О, бафæраз бæллæхы!
Уалæ скæсæны сырхдзыкку бон фæзынд.
Дымгæ тадзы
райсомы æртæхы…
Худы туджы ртæхты
хуры тын…
Ацы æмдзæвгæйы хæстон поэт æвдисы йæ судзгæ маст, хæст æмгъуыдæй раздæр куыд зæронд кодта адæймаджы æмæ æрдзæн цы стыр бæллæхтæ хаста, уыцы æнкъарæнтæ. Æвдисы поэты уарзондзинад нæ дарæг æмæ не сфæлдисæг зæхмæ.
Хазбийæн йæ уды иууыл тыхджындæр фæндиаг у цæрын! Мæнæ куыд зæгъы поэт йæ хæстон лирикæйы хуыздæр æмдзæвгæ «Митыл мæйы æртхутджытæ хъазынц»-ы:
Ниуы бæстæ
зындоны цæхæры.
Лентау сау уадздзаг-
фæндаджы тар…
Мигъты уæлæ
зынг æвзæгтæй сдæры
Хъæуы сæрмæ
æнæрмынæг арт.
Æз фæцæуын уæ сæрвæлтау, адæм.
Знаджы сау туг мæ кардæй
фæтагъд…
О, фыднæмыг, фæуром дæ
тахт.
Мæн цæрын фæнды…Оххай,
Æрра дæн…
Ахæм рæнхъытæй зæрдæ кæмæн ис, уый куыннæ хъуамæ сæнкъуыса. Ахæм фырт кæмæй фæхъуыд, уыцы ирон зæхх куыд нæ хъуамæ рисса.
Хазбийы фидарæй уырны, Уæлахиз карз хæсты быдыры мах кæй уыдзæн, уый.
Фæзынд нæ фондзтигъон стъалы
Уый фехста сау мигътæм йæ тын,
Налатдзинад ыскъуынæг тын…
Уый зоны-мах
Ыстæм уæлахиз.
Афтæмæй нæ Хазби,курдиатджын поэт,уырнын кæны, Уæлахиз мах кæй уыдзæн,ууыл.
Поэт Калоты Хазби рæсугъдæй сæххæст кодта йæ хæс: æрхаста нывондæн йæ сæр йæ Фыдыбæстæйæн æмæ ирон лæджы намысæн.
Мах, æрыгон фæлтæр, Хазбийы рухс ном æмæ бæллицтæ дарддæры фæлтæртæн бахъахъхъæндзыстæм. …
Хæдæфсарм, æмгарджын æмæ сæрæн кæстæрæй зыдтой ирон фысджытæ Кочысаты Мухарбеджы. Мыртазты Барис афтæ фыста Мухарбеджы тыххæй: «Æмгар дæр ахæм æмгар уыд, æмæ нæ цин, нæ хъыг æмбистæ кæимæ кодтам. Кæрæдзимæ мады зæнæджы цæстæй кæимæ кастыстæм . Æмæ нал и абон уый нæ фарсмæ . Фæлæ нæ зæрдæйы баззадис йæ сурæт æмæ нæ уый хъусæй лæууын нæ уадзы» .
Йæ цæрæнбон Мухарбегæн уыд цыбыр…Хæрз æвзонгæй ацыд хæстмæ. Ацыд æмæ бирæтау нал æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ. Куыннæ йæ фæндыдаид æрыздæхын, йæ уды бæрзонддæр фæндиагыл цы нымадта,уымæ- йæ удæн адджын дзырдаивады куыстмæ. Фæлæ хъысмæты ныхмæ тох кæнæн нæй.
Хæсты размæ Мухарбег арæх фыста уарзондзинадыл. Уæды рæстæг ирон фæсивæд иууылдæр Мухарбеджы лирикæйæ цы уацмыс зыдтой, уый уыдис «Сау цæстытæ». Æвдыст дзы æрцыд хуымæтæг æмæ зæрдиаг уарзондзинады катай:уарзтон, фæлæ фæиппæрд дæн мæ уарзонæй; зын мын у, фæлæ быхсын æмæ тæхуды кæнын, уый ныр кæй уарзы, уымæ.
Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд!
Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
Уыдтæн сæ алыбон рæвдыд,-
Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой,
Мæнæй фæлыгъдысты тæргай …
Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц,
Куыд уарзтой цардуалдзæджы мæн!
Не стыр райгуырæн зæххыл хæсты трагизм куы апырх, уæд Мухарбегæн дæр йæ аивад æндæр хуызы арæзт æрцыд. Цины зарæг æмæ хъæлдзæг цардæн сæ кой дæр нал уыд йæ уацмысты.
Æмбæлттæ!Æрцыдис рæстæг!-
Йæ фæстаг бон тугдзых лæгмарæн.
Нæ къухмæ, цæй, райсæм гæрзтæ.
Куыд уарзæм нæ фыдыбæстæ,
уый равдисæм абон ызнагæн!
Хæстон афицер Кочысаты Мухарбег хæсты быдыры нымад уыдис хъæбатыр хæстоныл. Уый тыххæй йын саккаг кодтой майдан « Хъæбатырдзинады тыххæй» æмæ Сырх Стъалыйы орден. Æхсарджын салдат кæй уыд, уый бæрæг у, Нигермæ цы писмо ныффыста, уымæй дæр: «…Цыбыр дзырдæй, иугæр куы мæлон, уæд- кадимæ, ирон дзыллæйы намыс нæ фæчъизи кæндзынæн…».
Æмæ, æцæгæйдæр, Мухарбег нæ фæчъизи кодта йæ адæмы цæсгом. Уый хыгъд ма зæрдæцъæх уыд иуæй - иу «патриотты» æгады митæй. Æмæ дзуры Ирыстонæн зæрдæхъыгæй йæ иу æмдзæвгæйы:
Кæйдæртау, нæ фæлыгътæн тохæй,
Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.
Дæ хъахъхъæнæг, сау айнæг хохау,
Æрлæууыдтæн фидар æз дæр.
Нæ поэты фæнды, раздæрау, ныййарæг мады зæрдæ ныфсæвæрæн ныхæстæй æрсабыр кæнын, фæлæ цардæй мæлæты хсæн ауæдзыл кæй цæуы æмæ йын йæ ацы трагикон уавæр йæ мад дæр кæй зоны, уымæ гæсгæ ныр Мухарбегæн йæ бон у зæгъын æрмæст иумæйаг ныфсы ныхас:
Фæуыдзæн хæст. Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст,
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст…
Фæлæ нал æрыздæхти йæ ныййарæг мадмæ Мухарбег… Нал «фæзынд æваст»….Æрцыди поэтæн йæхи ныхас:
Мыййаг, хæсты быдыры искуы
Куы фæуон мард…
Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл
Мæ рæзгæ цард.
1944 азы знаджы къухæй бацарæфтыд.
…Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!
Ард бахордта Кочысаты Мухарбег æмæ Райгуырæны сæрвæлтау æрхаста йæ уд.
Поэт уыд диссаджы курдиаты хицау. Цы йын бантыст саразын ирон поэзийы куырдадзы, уый æнустæм лæудзæн ирон адæмы зæрдыл. …
Иры фæсивæдæй бирæ сахъ лæппутæ фæцыдысты тохы быдырмæ. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, Иры сæраппонд сæм æвгъау нæ каст сæ рæзгæ цард. Хæрз æрыгонæй бахауди хæсты цырен арты Баситы Дзаххоты кæстæр æфсымæр Дзамболат, хæрз æрыгонæй бавзæрста салдаты æвирхъау фыдæбæттæ.
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй,
Ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,
Бæрзонддæр сис нæ тохы бон
дæ зарæджы хъæлæс…
Дзамболатмæ гæсгæ алы адæймаг дæр хъуамæ уарза йæ райгуырæн зæхх,бафида йын хъæбулы хæс, æмбара йын йæ рыст, æмæ уæд ,ахæм адæймаджы цардæн нæ уыдзæн мæлæт:
Куы уай ды де стыр хæстæ фидæг,
Куы мбарай а зæххæн йæ рыст,
Куы уай йæ рухс амондмæ сидæг,
Куы уа ныфс адæмæн дæ фыст,
Дæу уæд нæ ферох кæндзæн адæм,
Дæ цардæн нал уыдзæн мæлæт.
Æмæ фæлтæр фæлтæрæн кадæн
Дæтдзæн дæ сызгъæрин ном уæд.
Баситы Дзамболат хæсты быдыры иста нæ сæрибаруарзаг, рæстудæй æфхæрд адæмы маст. Уыд зынгзæрдæ патриот. Стыр аргъ кодта, знаджы ныхмæ хъазуатонæй чи тох кодта, уыцы хæстон æмбæлттæн:
Мæ хæлар – уый, нæ тохы размæ
Сыгъдæгæй чи хæссы йæ хæс.
Ызнæгты чи тæры фыдазмæ,
Дæн уымæн йе мтохгæнæг æз.
Дзамболатыл дыууын азы йеддæмæ нæ цыди, 1944 азы хъæбатырæй куы фæмард, уæд. Фæлæ йæ ном æнусмæ уыдзæн мысинаг. ….
«Иуæй - иу адæймæгтæн æрмæст сæ нæмттæ куы фæзæгъæм,уæддæр нæм кæцæйдæр æрбакæлы хъарм фæлмæн уддзæф, нæ буары, дзæм- дзæмы донау, ахъары æмæ нын нæ зæрдæты стыр ныфс бауадзы, нæ уæззау куыствæллад уæнгтæ нын бæлвырд фæрогдæр кæны, нæхи сæрыстырæй банкъарæм,æмæ та нæм ногæй цæрын æрцæуы.Ахæм уаз лæгтæ бирæ не сты, »- фыста Цомартаты Изæтбег,- фæлæ уыйхыгъд сæ ахадындзинад у дзæвгар фылдæр. Гъе, уыцы лæгтæй иу уыд Плиты Грис.
Плиты Грисы сфæлдыстадон фæндаг нæ уыд лæгъз æмæ æнæмаст. Уый хъысмæтæн равзæрста рæстдзинадыл æмæ поэты намысыл тох. Æмæ фæуæлахиз. Тæхудиаг у ахæм хъысмæт. Фæлæ йæм бабæллы,æцæг поэт чи у, æрмæст уый.
Грис сæххæст кодта поэты æмæ гражданины хæс- йæ рухс,хъайтарон зæрдæйæ ирон адæмæн ракодта æнустæм лæвар- æвидигæ сфæлдыстад. Зæххон уды бæрзондæй цы ис, уыдон йæ уацмысты сты парахатæй. Сæ бындуры - адæммæ уарзондзинад. Сæ кæсын - алæмæты суадонæй нуазæгау: дæ уд дын кæнынц рæсугъд æмæ хъаруджын.
Стыр фыссæг. Стыр адæймаг. Рæстдзинады æнæфæцудгæ хæстон. Хæрамы ныхмæ тохгæнæг. Иры Шекспир. Куырыхон зæронд…
Ирыстоны хъæбултæ тохы зарæг куы ныккодтой, уæд се мрæнхъ лæууыд Плиты Грис дæр. Плийы- фырт Фыдыбæстæйы Стыр хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ фæцыд. Хæцыд Волховы фронты. Фронтмæ цæугæйæ, æфсæнвæндаджы вагоны ныффыста фыстæг йæ уарзон хистæр номдзыд ирон поэт Нигермæ. Уый
уыд 1942 азы. «Абон фæцæуын хæстмæ…Диссаг дæм нæ кæсы?...Фæцæуын хæстмæ…».
Грис тохы быдыры уыд цыфæнды зынтæн дæр фæразон. Бирæ хъизæмайраг уавæрты-иу бахауд, фæлæ йыл цыдæр æрвон фарн йæ арм дардта æмæ удæгасæй баззад. Хæствæллад салдат йæ хæстон боныгæй систа хæсты арт,сау пиллон цæхæр æмæ,хæстон фæндæгты рыгимæ, уæззау бæллæхы бонтимæ цы æнæрайы æргъом хаста, уыцы уæззау хъуыдыты рифтаг- салдаты хъизæмар, уды хъынцъым, йæ равг æмæ рухс бæллицты монологтæ. Æппæт уыцы æнкъарæнтæ автор æндон халыл балвæста æмдзæвгæтæй. Сæ сæйраг хъуыды - Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ хъаруджын салдаты цæттæдзинад, йæ тохмонц зæрдæ, тыгъды рæстæг йæ уды хъизæмар, фæлæ уыимæ йе сгуыхтдзинад æмæ æнæкæрон уарзт фыдыуæзæгмæ, ныййарæгмæ,уарзонмæ, цардмæ.
Ныббар, фæлæ уæд мауал
фенон амонд,
Фæкаст кæд иутæм хъæлдзæг
аргъау хæст,
Уæддæр дзы мах нæ адæмы
сæраппонд
Уыдтам салдаты хъизæмар
æрмæст.
Грисы æмдзæвгæты мах уынæм æхсарджын, хотыхджын, къæрцхъус салдаты сурæт. Адæмты иудзинад æмæ хъайтар ахаст знагмæ хæсты быдыры салдаты риумæ æфтыдтой уæлдай хъару æмæ ныфс. Гъе, уымæн, æвæццæгæн, æнгомахаст, кæрæдзиæмбарынад æмæ уарзондзинад , адæмты хæларад салдатæн æрхаста Уæлахиз- Стыр Уæлахиз!
Фæлæ нæ сæр æгадмæ мах нæ радтам,
Нæ фыдгулæн ныххуыссын кодтам й арт.
Дæ къæрцхъус æмæ дзагъырцæст салдат та
Ныссагъта ныр йæ кæрддзæмы йæ кард.
Плиты Грисæн йæ хæстон лирикæйы салдаты фæлгонц баст у Фыдыбæстæйы стыр хæсты йæ райдайæнæй йæ кæронмæ чи фæци, уыцы Уæлахиз æрхæссæг салдаты удыхъæдимæ.
Уæ, мæ хæлар, райс-ма цæй,
дæ гæрзтæ!-
Нал ис бирæ сагъæсæн
рæстæг,-
Сиды.хъус-ма, сиды нæм
нæ бæстæ,
Сау фыдгул æрбабырста
хæстæг.
Поэтæн йæ салдат цæуы уæлахизмæ фæндагыл, «Цардæй мæлæты хсæн цы ауæдз и,ууыл…», æмæ фæхæццæ ис Намысы бæрзондмæ.
О, цардамонд!-æмрызт ныккодта Зæхх,
Æмæ бæрзонд, Сыбырырдыгæй арвыл,
Гæххæтт кæмæй уыд, уый сызгъæрин ном
Хæдтæхджытæй фыстæй фæзынди «Сталин!».
Салдат Уæлахизимæ æрыздæхт. Бон дæр ныррухс. Хур дæр дзаг цæстæй тæмæнтæ калдта. Сæрибар æрхæссæг салдат райы цинæй.
Хæстæй Грис æрæгмæ ссыди, уымæн æмæ уый уыди афицер. Се фсæдтæ фæсарæнты лæууыдысты. Стæй йæ уадзгæ дæр нæ кодтой æфсадæй. Йæ хицауады фæндыд, цæмæй академимæ бацыдаид, фæлæ Грис курдиат балæвæрдта, фыссæг дæн, зæгъгæ,æмæ мæ æфсæддон службæйæ суæгъд кæнут.
Фæци хæст… Фæци салдатæн йæ цардхалæн куыст… Фæци йæ хъизæмары иу фæлтæр… Фæлæ райдайдзæн ног фыдæвзарæн, æндæр хъизæмар- ногæй цардаразæн фыдæбон, хæстæфхæрд адæмы рис æмæ мастыл тыхсын, ног хъизæмæрттæ æвзарын æхсæндзарды æнæраст хъуыддæгтыл сагъæсты…Суанг йæ царды фæстаг бонмæ…
Йæ Фыдыбæстæ, йæ мадæлон æвзаг, йæ раттæг адæмы æгæрон уарзтæй чи уарзта; сæ сæрвæлтау йæ цард нывондæн æрхæссыныл иунæг уысм дæр чи никуы фæгуызавæ кодтаид; йæ цард - цæрæнбонты Ирыстоны цæрайæ, дыууæрдыгæй
ссудзгæ мыдадзын цырагъау, рухсгæнгæ чи фæсыгъд, уый уыдис ирон æцæг поэт, прозаик, драматург, литературон критик æмæ æцæг лæгау лæг Гафез ( Гаглойты Федыр Захары фырт)
Уый фыццаджы- фыццаг уыд йæ адæмы фырт æмæ уыцы ном кæрæй- кæронмæ фæхаста бæрзонд. Йæ зæрдæйы рис уыдысты йæ адæмы сагъæстæ, йæ цин- йæ адæмы цинтæ. Хистæртитмæ- хистæр, кæстæртимæ- кæстæр,афтæмæй фæцард йæ адæмы хсæн. Йæ алы уæнджы алы гъдау, уæздан, æмгаруарзаг. Бахъуаджы сахат та - карз.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Федыр дæр ацыд тохы быдырмæ. Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау карз хæстыты Гаглойы- фырт йæхи равдыста хъæбатыр æмæ сæрибарыл тохгæнæг поэтау æвзыгъд, ныфсджын æмæ уæндонæй.
Иу хатт уæззау тохы фæмард Федырæн йæ командир. Политкусæг Гаглойты Федыр ын уайтагъд йæ хæстæ райста йæхимæ. Хæстонты йæ фæдыл тохмæ акодта ныфсджынæй. Уыцы хъуыддаг куы базыдтой хицауад, уæд ын йæ бæрны бакодтой сæрмагонд батальон. Æмæ цас æмæ цас уыдысты уыцы хъæбатыр тохтæ!
Гафезы поэзи иртасджытæ дзырдтой, зæгъгæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы æрмæст йæхæдæг нæ ахæццæ ацæргæ лæджы кармæ,фæлæ уыцы кармæ ацыд йæ поэзи дæр.
Гафезæн йæ поэтикон хъæлæс сфидар ис æмæ сфæлтæрдта хæсты азты. Уыцы рæстæджы фыст уацмыстæ йын рацыдысты хицæн чиныгæй 1948 азы, «Адджын у цард»,зæгъгæ, ахæм сæргондимæ.
Поэты лирикон герой йæ сæр нывондæн хæссы Райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны сæраппонд. Райгуырæн зæхх ын у мады синоним, патриотизм, хæстон лæгдзинад æмæ ныфсы гуырæн:
Нæ зонын æз, атакæйы хæд размæ
Кæмæ цы фæндтæ февзæры,æрмæст
Мæнæн мæ хъуыды атæхы Кавказмæ,-
Мæ уарзон Иры ауыны мæ цæст…
Æмæ мын уый цахæмдæр ног тых ратты,
Антейау мын уæд нал вæййы мæлæт!
Гафезы лирикон герой тугкалæн хæсты дæр нæ фесæфта йæ адæймаджы миниуджытæ. Уый фыссы йе мтохгæнæджы сау хабар йæ бинонтæн :
Салдаты мадмæ сау гæххæтт фыссын:
«Дæ фырт …»- мæ сис мæ къухы ризы,
Цыма мæхи зынг ацы уысм хуыссы,
Мæ зæрдæ тоны, риссы.
Гафезы поэт - салдат у тыхджын, лæджыхъæдджын, ныфсджын, фæлæ уыимæ- зæххон. Йæ лирикон хъайтар цард æнкъары æмæ йын аргъ кæны, куыд у, афтæмæй.
Куыд у, уымæй та Хъазиты Мелитоны загъдау, адæймаджы зæрдæ нырризы, æмдзæвгæ «Фæцæуынц сабитæ уынджы» кæсгæйæ:
Фæкæнынц сабиты уынджы,-
æрцытæ сæм дарынц.
Фæлæ сæ ызмур удтæ
хъуыды дæр нæ кæнынц.
Æрмæстдæр сæ иу,-
Уылынджыйас - бецъа
сæвнæлдта арцæн йæ фындзмæ,
хæцы йыл æмæ гаккæй цæуы,
цыма йæ мадæн
йе нгуылдз æрцахста,
нæ йæ уадзы,-
йемæ цæуы.
Ахæм зæрдæрисгæ ныв фенгæйæ, зæххон æгъатырдзинад æмæ поэзийæ йе мдзаг уацмыс, йæхицæй нал ауадзы чиныгкæсæджы. Бахауы уацмысы уацары. Уый поэтæн йе стыр курдиатыл дзурæг у.
Федыр у, Фыдыбæстæйы хæсты быдыры ирон фысджытæй иууыл хъæбатырдæрæй чи тох кодта, уыдонæй иу. Йæ хæстон æхсардзинады тыххæй йын саккаг кодтой Сырх стъалыйы орден æмæ бирæ майдантæ. 1943 аз уæззау цæф фæци æмæ хæцынæн нал сбæззыд. Æфсадæй йæ куы суæгъд кодтой , уæд
æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ та кусын райдыдта облæстон газеты.
Гафез зæрдæйæ аудыдта ирон литературæйы рæзтыл, йæ кæстæртæй сфæлдыстады чысыл зынджы стъæлфæн дæр кæмæ хатыдта, уыдоныл кæддæриддæр æнгом хæцыд йæхимæ. Никуы фæллад семæ кусынæй. Уыдон йæ хæлæрттæ уыдысты цæгаты дæр æмæ хуссары дæр.
Хæсты уæззау азтæ, удуæлдай æхсæнадон куыст бирæ хъару, бирæ æнæниздзинад байстой Гафезæй, фæлæ уæддæр уæхскуæзæй фæкуыста нæ литературæйы кæрæй- кæронмæ, æмæ йе цæг дунемæ ацыд курдиатджын фыссæгæй. Цы литературон фæллæйттæ ныууагъта, уыдон ирон адæмы зæрдæйы никуы рафтдзысты, уыдон уыдзысты нæ сæрыстырдзинад. …
Æгæрон Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта фашизмы ныхмæ , уæд æвзонг ирон поэт Мыртазты Барис æндæр æмæ æндæр рæстæджыты удуæлдайæ хæцыд Хуссар- Кавказаг, Цæгат- Кавказаг, 4-æм Украинаг æмæ 1- æм Беларусаг фронтты. Хъæбатырæй хайад иста дунейы сæрибарисæг лæгмарты ныддæрæн кæныныл тохты.
Хæсты быдыры алы уысм дæр тас уыд мæлæтæй. Афтæмæй фашизмæй сæрибар кодта Варшавæ, Берлин æмæ æндæр горæттæ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ кастис мæлæты цæстытæм. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъуыдис æрдуйы хидыл хизын. Йæ цард, йæ поэзи æнæхъæнæй ссис хæстыл, тугкалæн тохыл дзурæг. Иу фыдтохы та йæ «бомбæтæн сæ судзгæ дымгæ ныппæрста акъоппы дæлгоммæ» æмæ:
Æвиппайды æнæ хъыпп-сыппæй
Мæ фæсонтыл æрхаудта чидæр.
Сыгътæн йæ зæрдæйы гуыпп-гуыппæй,
Æнхъæлдтон, сыгъд мæ артæй уый дæр.
Æрвнæрдæй мах алыварс бæстæ
Хъаймæт куыд фестади,куыд æнкъуыст!
Уым чидæр сау зæйты хæдфæстæ
Мæнæн мæ чъылдымыл фæзынгхуыст.
Æз рабадтæн. Уый уыд хæстон хо.
Мæ зæрдæмæ тæхгæ нæмгуытæ
Фæурæдта, цыма æндон хох.
Барис фашизмы ныхмæ уыцы иу рæстæджы тох кодта джебогъ æмæ сисæй. Поэт лæгæвзарæнты дæр æгъатыр удхæссæджы раз йæ гæрзтæ никуы акалдта. Йæ иузæрдион тох æмæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд ордентæ æмæ майдантæй.
Мыртазты Барисæн цард, сабыр дуг уыдаид æви хæстон, хæцæнгарзæй хæцыдаид æви фыссæн сисæй, æппынæдзух уыдис скъола,царды скъола. Фæлтæрддзинад исæн скъола. Уæлдайдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæст:
Кæддæр-иу цардмæ сонты цæстæй кастæн
Æмæ мын уыд хъæмпы халау йæ уæз.
Цæй диссаг у!..Куыд атахтысты азтæ,
Нæ зонын, нæ,уый абон дæр ма æз!
Фæлæ хъыг æмæ цинады гуырæнтæй
Куы рхауд мæнмæ дæр бануазыны рад,
Куы фæдæн тохы абухгæ гуылфæнты,
Æз цардтæн уæд, уæд бамбæрстон йæ ад.
Хæст Мыртазты Барисæн уыд йæ поэтикон райгуырды рæстæг. Уый хæсты быдырæй æцæг цардфæлтæрдæй сыздæхт. Федта царды зæххон маст дæр æмæ цин дæр. Цæттæ уыд æппæт фыдæвзарæнтæ, æппæт цинтæм æмæ фæллой кæнынмæ дæр.
Бирæ тыхкуыстытæ фæкодта Барис, æмæ 1966 азы йæ куыстæй банцад йæ зæрдæ. Йæ фæстæ ныууагъта нæ ирон адæмæн, нæ Ирыстонæн ,æртиссæдз азы бæрц цы аивад арæзта,уыцы поэзи.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст- лæгдзинады, хъæбатырдзинады, уарзондзинады, æнæуынондзинады рæстæг. Дард фæндагыл ацыдысты , мæйрухс æхсæвтæ, æхсæрдзæнты хъазт, чызгайы сау цæстытæ афтæ бирæ чи уарзта, уыцы æрыгон фысджытæ . Сæ адæмы мæт, сæ адæмы рыст ахастой семæ. Ныууагътаой рæстæгмæ се мдзæвгæтæ.
Хъысмæт карз рауади Цæгат Ирыстоны педагогон институты 1941 –æм азы рауагъдон студент Цæгæраты Максимммæ дæр. Хæсты фыццаг бонты йæм
æрсидтысты æфсæддон службæмæ. Каст фæцис танкистты скъола , райста лейтенанты цин , æмæ райдыдта йæ хæстон биографи. Уыди танкты ротæйы командир, архайдта Сталинграды, Орелы, Будапешты цур хæстыты. Демобилизацийы фæстæ æрыздæхтис Ирыстонмæ капитаны цин æмæ хæстон хæрзиуджытимæ: Сырх Стъалыйы, Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг æмæ 2-аг къæпхæнты ордентæ æмæ къорд майданимæ.
Максим тугкалæн хæсты цы федта æмæ бавзæрста, уый йæ амæлæты бонмæ йæ зæрдæйæ нал сцух ис, сси йæ бирæ уацмысты ратæдзæн. Йе мдзæвгæты зыланг кодтой хæст æмæ сабырдзинады мотивтæ. Йæ лирикон хъайтар , уыимæ æрыгон поэт йæхæдæг дæр , ард хордта, мыййаг, хæсты арт куы ссудза, уæд йæ уæлæ æфсæддон дарæс кæй скæндзæн æмæ йæ райгуырæн зæхх фыдгултæй кæй хъахъхъæндзæн, уый тыххæй. Нæ фæсайдта йæ ардбахæрд Цæгæрайы- фырт. Уый, бирæты хуызæн, йæ къухмæ райста дыууæ хотыхы - хæцæнгарз æмæ фыссæджы сис.
Максимы курдиат , йæ арæхстдзинæдтæ парахатæй райтынг сты Фыдыбæстæйы уæззау æмæ тасхæссæг азты. Йæхæдæг йæхиуыл бавзæрста хæсты фæндæгты зындзинæдтæ, йæхæдæг улæфыд топхосы бæзджын фæздæг, фехъуыста мæлæг æфсæддоны хъæрзын æмæ нæмгуыты æхситт, федта туджы лæсæнтæ…Йæхæдæг цыдис фæстæмæ æмæ бырста размæ. Йæхи къæхтæй сбарста мингай километртæ. Æмæ бафæлвæрдта уыцы цаутæ, нæ адæмы, не фсæддонты хъæбатыр хъуыддæгтæ цардæгас ахорæнтæй сфæлындыныл.
Ууыл дзурæг у йæ хæстон очеркты чиныг «Хурныгуылæны». Тох æмæ æхсар , мæлæт æмæ уæлахиз сты ацы очерктæ æмæ чысыл новеллæты æмбырдгонды сæйраг темæтæ. Очеркты архайджыты цард хуымæтæг æфсæддонтæй номдзыд инæлæртты онг уыдис Максимæн йæхи цард,уыдоны бæллицтæ уыдысты Максимæн йæхи бæллицтæ. Гъе, уымæн ын бантыст цардæгас бирæ сурæттæ саразын дæр.
Максимæй рохы нæ баззадысты фæсфронты уæззау цаутæ дæр. Иттæг дæсны сæ нывæфтыд кæны уацау «Хурзæрин» - ы. Уацмысы хъайтартæ- хуымæтæг фæллойгæнæг адæм. Немыц Быдырыхъæу бацахстой,стигъынц, судзынц,дæрæн кæнынц, сæ къухы цы фты,уый. Нæ ауæрдынц сабитыл, зæрæдтыл. Уацмысы
æппæт адæмы дæр иу кæны Уæлахизы бæллиц. Уыдоны раз ис иу фарст: куыд цæргæ у дарддæр? Зæронд Сапсыхъо æмæ Саго, Сослæнбег, Сæниат, Езетхан æмæ Быдыго,быдырыхъæуккæгтæ се ппæт дæр хæст сты иу хъуыдыйыл: хъæуы фидар лæууын ,ныффæразын, цæмæй та райгуырæн зæххыл цард ногæй сæхсида ,хуымгæнæг уалдзæджы мæрмæ хоры нæмыг æппара , фæззæг дзы тыллæг иса, цæмæй æрыгон удтæ кæной кæрæдзийæн сæ сусæг ныхас, уынгтæй хъуыса сабиты хъæлдзæг хъæлæба…
Хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у Цæгæраты Максимы сфæлдыстад. Фыссæджы ном зындгонд ссис нæ бæстæйы æппæт адæмты милуангай чиныгкæсджытæн. Ууыл дзурæг у, йе нтысджын сфæлдыстадон куысты тыххæй Максимæн хицауадон кадджын хæрзиуджытæ- Фæллойадон Сырх тырысайы дыууæ ордены æмæ орден «Кады нысан» лæвæрд кæй æрцыд,уый дæр. Уыд нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат.
Максим йæ фæстæ цы бирæ литературон уацмыстæ ныууагъта, уыдон адæм кæсынц зæрдиагæй æмæ йын алкæддæр йæ ном æрымысынц стыр æхсызгонæй.
Ирыстоны адæмон поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зынгæ æхсæнадон архайæг Хъайтыхъты Геор…
Нæ Райгуырæн бæстæйы сæрмæ сау мигътæ куы æрбаленк кодтой. Фыдгулы знæгтæ сæ маргæйдзаг къæхтæй нæ дидинæгкалæг зæххыл куы æрлæууыдысты, уæд Геор дæр йæ къухтæм райста уæззау хæцæнгарз. Уыд 18-æм десантон æфсады политхайады лектор. Йæ риу хæссы знаджы судзгæ нæмгуытæм. Цæмæн? Уый тыххæй поэт йæхæдæг афтæ зæгъы:
Мæ Фыдыбæстæ, дæуæй ард хордтон.
Дæ быдыр уыди мæлæты-хæтæн!
Мæ сау зæххæн-иу ныхъхъæбыс кодтон,
Нæ мæ -иу радта æнад мæлæтæн.
Геор фидарæй æууæндыд,знагыл кæй фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ кæй сыздæхдзæн,ууыл.
Куы уон Ирыстоны, уæд та мæ
Ды, урс хох сбуц кæндзыстут фаг!
Ныр уал дæ хорз хабæрттæн хъуамæ
Джебогъæй айгæрдон фæндаг.
Хъайтыхъы- фырты лирикон æмдзæвгæты цикл «Сабырдзинады бæлон- Иры сæрмæ»,зæгъгæ, уым Геор æрымысы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыхст бонтæ, йæ ахсджиаг хъæбултæ сæ тугæй æнæвгъау кæй цæхсадтой,уыцы райгуырæн зæхх, æмæ йын свæййы ноджы зынаргъдæр:
Кастæн йæ уазал цæсгоммæ мæлæтæн_
Сæрыхъуын – иу къорд бонмæ фæхалас!-
Æз æрмæст уымæй фæсмонгонд нæ фæдæн,-
Цин кæнын - кодтон Фыдыбæстæн ахъаз.
1943 азы Новороссийскы горæт знæгтæй уæгъдгæнгæйæ. Геор уым фæцис уæззау цæф æмæ ссис хæсты инвалид.
Хæсты фæстæ поэт куыста партийы обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй, философийæ лекцитæ каст нæ республикæйы уæлдæр скъолаты студенттæн. Уыд нæ республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар. Лæвæрд ын æрцыд бирæ кадджын хæрзиуджытæ,уыдонимæ- Фыдыбæстæйы хæсты 1- аг къæпхæны, Сырх Стъалыйы, дыууæ Фæллойадон Сырх Тырысайы , Адæмты хæлардзинады ордентæ æмæ бирæ майдантæ.
Абон кæд Геор ирон адæмы хсæн нал ис, уæддæр йæ поэтикон уацмыстæ цæрынц адæмы зæрдæты æмæ йын алкæддæр стыр æхсызгонæй æрымысынц йæ ном.
Кæрон.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст Советон Цæдисы адæмтæн ссис сæ удыхъæды æмæ лæгдзинады, ныфсы æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады егъаудæр фæлварæн. Тугæмхæццæ тыллæг æртыдта хæст мах зæххыл. Фæлæ бафæрæзтам. Майы уæлахизы салют фехъуыстой фашистон рынæй фервæзæг æппæт адæмтæ.
Æппæтæй уæззаудæр хæст цы бон фæци , уæдæй нырмæ кæд æвдай азы рацыд, уæддæр нæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады æмæ хæдбардзинады сæраппонд сæ цард нывондæн æрхæссæг адæмты нæмттæ нæ рох не сты, нæдæр уыдзысты. Сæ кад мыггагмæ баззайдзæн цæргæйæ. Æвдай азы æххæст кæны не стыр Уæлахизыл. Æвдай азы цæрæм æнæ хæстæй,бонæй- бон рæсугъддæр кæны нæ адæмы цард. Дунейы раззагдæр адæмтæ цæуынц нæ равзæрст фæндагыл. Карзæй тох кæнæм, дунейыл ног хæст бандзарынмæ чи хъавы, уыдоны фæдфæливæн миты ныхмæ.
Дунейы дзыллæты фарн тыхджындæр у, хæстæй чи æртхъирæн кæны, уыдонæй.
Кад, Намыс, Уæздандзинад, Æфсарм æмæ Æхсар, Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинад – уыдон ирон лæгæн йæ туджы сты, нæ фыдæлтæй нын баззадысты. Афтæ уыд, у æмæ уыдзæн æнустæм!
Мах кæддæриддæр бузныг уыдзыстæм, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нын нæ Райгуырæн бæстæйы сæрибарад æмæ хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта, уыцы хæстон фæлтæрæй. Нæ фыдæлты æмæ дадаты хъæбатырдзинад, лæгдзинад æмæ фæразондзинад дунейы æмæ Европæйы адæмты арфæйаг хъуыдыйы баззайдзысты мыггагмæ, уыдзысты сæ фæдыл цæуæг фæлтæртæн хæрзвæткон нысанау.
Литературæ:
1.Кокайты Т.А.»Тохы кадæг»;
2. Газет «Рæстдзинад», 1995 аз;
3. Газет «Рæстдзинад», №79, 2009 аз;
4. Калоты Хазби. «Дидинæг саст бæласыл»- «Царды скъуыддзæгтæ»;
5. Калоты Хазби. «Дидинæг саст бæласыл»- Хъодзаты Æхсар. «Цард цæуы, æхсæрдзæнтæй кæлы» ;
6. Газет «Рæстдзинад». Абайты Арбилянæ, «Æз лæгæй лæджыхъæд домын»;
7. Хъодзаты Æхсар. «Хорзæй баззай,Ир!».
8. Газет «Рæстдзинад», 15 ноябрь,2003 аз;Абайты Арбилянæ « Цæуы ныфсхастæй фидæнмæ йæ намыс»;
9. Газет «Рæстдзинад»,21 октябрь,2008 аз;Цомартаты Изæтбег « Зæххыл ис Хуыцау- Рæстдзинад»;
10. Газет «Рæстдзинад»,15 август, 2008 аз; Бызыккаты Земфирæ «Поэт- салдат, Фыдыбæстæ æмæ сæрибар»;
11. Журнал «Мах дуг».Хостыхъоты Зинæ. «Гафезы райгуырды 75 азмæ»;
12. Джусойты Нафи «Ирон литературæ» - 10 къл;
13. Джусойты Нафи «Ирон литературæ»- 11 къл.;
14. Хъазиты Мелитон «Ирон литературæйы истори»;
15 Газет «Рæстдзинад», 26 август,2006 аз; Черчесты Хъасболат «Дуджы улæфт æнкъардта зæрдæйæ»;
16. Ж-л «Мах дуг», №5 1985 аз. «Уæлахизы уалдзæг»;
17. Ж-л «Мах дуг», №11, 1981 аз. «Лæгæвзарæны» .
Сказка "Морозко"
Лиса и волк
Зимовье зверей
Чья проталина?
Как я избавился от обидчивости