В работе "Имя твое вечно будет жить" освещается жизнь и деятельность великого осетинского поэта Джикаева Шамиля Федоровича
Вложение | Размер |
---|---|
dzhykkayty_shamil-_naukon_kuyst.docx | 31.59 КБ |
Æрыдоны фыццæгæм астæуккаг скъола
Дæ ном æнусмæ
у цæринаг…
Куыст бацæттæ кодта:
Æрыдоны 1-œм скъолайы
10-œм къласы ахуырдзау
Магкœты Иринœ
Наукон разамонœг
ирон æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнæг
Лохты Ритæ
Æрыдон
2013 аз
Сæргæндтæ.
Темæйы актуалондзинад.
Иртасæн куысты объект.
Джыккайты Шамил – Ирыстоны бæрзонд ныфсы мæсыг. Æркæсын поэты цард æмæ сфæлдыстадмæ.
Мæ иртасæн куысты хæстæ:
- базонгæ уæвын Шамилы цард æмæ сфæлдыстадимæ;
- равзарын поэтæн йе сфæлдыстады сæйрагдæр лейтмотивтæ;
- Шамилы монон мæсгуытæ.
Куысты теорион æмæ практикон ахадындзинад.
Куыд зонæм , афтæмæй скъолайы программæмæ хæрз чысыл хаст æрцыд нæ зындгонд поэтæн йе сфæлдыстадæй. Уыимæ ма нæй йæ уацмыстæ æвзарынæн хъæугæ методикон литературæ дæр. Уымæ гæсгæ , ацы иртасæн куыст фæахъаз уыдзæн, Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстад арфдæр æмæ уæрæхдæр базонынмæ чи тырны, уыдонæн.
Бацæуæн.
Мæ ныхыл рухс цырагъ сыгъдис,
Мæ риуы зæлыдис дзæнгæрæг,
Йæ дзингæй талынгмæ лыгъдис
Хуыснæг, хæйрæг æмæ æрвнæрæг.
Нæ фыдæлтæ – иу дзырдтой: «Хорз адæмæй фарн цæуы». Æмæ – иу сæ кæстæртæн фæдзæхстой: «Хорз фæуын ирон лæгæн фыдæлтæй баззад». Раст у уый, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ йæ мады æхсыримæ йæ туджы , йæ буары кæмæн ахъардтой, уымæн æвзæрæй тас нæу. Уымæн йæкæстæртæ дæр уыдзысты хæрзæгъдау æмæ кадджын, бæрзонд уды хицæуттæ. Ирон æгъдау, ирон æхсар æмæ ирон удыхъæд кæмæн ис, уыдон нæ Иры мæсыгæн йæ амайджытæ сты. Мæсыгамайджытæ та фæйнæгфарс æмæ æндонриу вæййынц: зындзинæдтæн сæтгæ нæ кæнынц, æнтыстдзинæдтæй та базырджын кæнынц. Адæймагмæ фарн куы уа, уæд æнæмæнгæй банкъары зæрдæйы хъарм æмæ зонды рухс. Фарн, зæрдæ æмæ зондыиудзинад хъысмæты æртыкъахыг фынгæй уæлдай нæу. Хъысмæтæй арфæгонд адæммæ æдзухдæр стыр бæрнондзинад æнхъæлмæ кæсы – дзыллæтæн цырагъау судзын! Æрмæстдæр ахæм адæймаджы фæрцы нæ дзыллæйы фарны суадон сысгæ нæ кæны, йæ донбакалæнтæ та уæрæхæй – уæрæхдæр кæнынц. Иры зæххыл фарны суадоны былгæронмæ фæндаг чи ссардта, уыдонæй иу уыд Джыккайты Шамил.
Адæймаг цæмæн райгуыры? Мæнмæ гæсгæ, адæймаг райгуыры, цæмæй йæ фæстæ исты фæд ныууадза, уымæн. Алкæмæн уыцы хъуыддаг нæ бантысы. Иутæ сæ фæстæ ныууадзынц æвзæр фæд. Зæгъæм, ромаг император Нерон – зынг бафтауын кодта Римыл, уымæй адæмы зæрдæты баззад фыдгæнæгæй. Иннæтæ та царды никæм разынынц, Куы амæла , уæд дæр æй ничи `рхъуыды кæндзæни, уыдис æмæ нал и. Фæлæ ис ахæм адæм, кæцытæ сæ фæстæ ныууадзынц æгæрон фæд. Гъе, ахæм адæймаг уыд, мæнмæ гæсгæ, Джыккайты Шамил
Сæйраг хай.
Джыккайты Шамил … Куырыхон зонды хицау, йæ риуы зынгзæрдæ кæмæн тæлфыд , йæ уды рæбинаг катай йæ адæмы хорздзинадыл кæмæн уыд. Уый уыд , йæ адæмы сæрыл тохты чи бахсыст , уыцы революционерты хуызæн. Ныхасы зæрингуырд. Хорз æмгар. Дзæбæх сыхаг. Хъомылгæнæг, зондамонæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг.
Шамил - курдиатджын поэт, драматург, публицист, тæлмацгæнæг, литературæиртасæг, ахуыргонд, ахуыргæнæг, ирон филдологийы факультеты декан, литературон сфæлдыстады кафедрæйы сæргълæууæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Гæдиаты Цомахъы æмæ Æмбалты Цоцкойы премиты лауреат. Уый хуызæн ничи равдыста Ирыстоны ивгъуыд æмæ абон , ирон адæмы цинтæ æмæ хъыгтæ. Ацы фæрстытæ Шамил равдыста дзырдаивады æппæт жанрты дæр поэтикон æмбырдгæндты - « Бонвæрнон» , «Æфсарм» , «Амраны зæрдæ», « Цæф сæгуыты маст», « Æхсæвы æртытæ», « Саст дзæнгæрæг», драмæтæ «Цомахъ», « Хъодыгонд зæд»,
« Санаты Сем» - ы.
Йæ алы уацмыс дæр фыст у рæстдзинады бындурыл.Йæ æмдзæвгæты æрмæг ист у цардæй, хъæздыг сты хъуыды æмæ æнкъарæнтæй.
Шамил схызт курдиаты бæрзонддæр рындзмæ. Фæлæ уæддæр йæхæдæг æппæты бæрзонддæр рындзыл нымадта Намысы рындз. Æмæ æцæгæйдæр, цæргæ – цæрæнбонты Шамил намысимæ фæхаста адæймаг, поэт æмæ гражданины сыгъдæг нæмттæ. Уый уыд æргомзæрдæ. Адæмæн дæр уымæн уыдысты йæ курдиат æмæ йе сфæлдыстад æргом, зæрдæ дæр сæ æхцонæй уымæн иста.
Афтæ кæй у, уымæн та æвдисæн сты нæ аивады зындгонддæр кусджыты хъуыдытæ.
Зæгъæм, мæнæ куыд загъта Дзуццаты Хадзы –Мурат : « Шамил рæсугъд у канд бакастæй нæ, - рæсугъд у йæ удыхъæдæй, йæ зæрдæ æмæ йæ зондæй, йæ куыст æмæ йæ аивадæй…».
Булкъаты Михал та кувы: «О стыр Хуыцау, ахæм ма нын иу – æртæ…фæзынын кæн нæ поэзийы».
Уæдæ Шамилы поэтикон дæсныйадæн стыр аргъ кодта Цæрукъаты Алыксандр дæр.
Уый зæгъы: «Поэтикон культурæ, уый/ Джыккайты Шамил/ ирон поэзийы исы кæмдæр æфцæгмæ…»
Нæ разагъды поэты сфæлдыстадмæ куы æркæсæм, уæд бамбардзыстæм, йæ уацмысты сæйраг темæтæ æмæ мотивтæ кæй сты : Æвзаг, Æгъдау, Æфсарм, Æрдз, Фарн, Фыдыбæстæ æмæ лæджы хæс.
Шамил тынг хорз зыдта адæймаджы миддуне, зыдта йын йæ психологи дæр. Æвæццæгæн, ын уымæн афтæ хорз æнтыст цымыдисаг фæлгонцтæ нывæндын. Йæ поэзийы , куыд хистæр кодта, афтæ уынæм, йæ хъæлæс мæстджынæй мæстджындæр кæй райхъуысы, йæ романтикон уды æнкъуыст тыхджындæр кæй кæны, уый.
Мæн ма мæ куысты фæнды зæгъын уый, æмæ Шамилæн йе сфæлдисæг,йæ хосгæнæг, йæ тых æрдз кæй уыд. Дзомагъы цæргæйæ, уый тынг æнувыдæй фæлгæсыд æрдзмæ. Æмæ йын уыцы диссаджы æрдзы рæсугъддзинад радта йæ поэзийæн ног тыхтæ æмæ хъару. Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, поэты миддуне дæр уымæй хъæздыг куыд нæ уыд!
….Фæндыд
Мæн сагвæдæй нæртон къусау нуазын
Сыгъдæг æврæгътæ, ирдгæ æмæ хур.
Æрдзы нывтæ стыр бынат ахсынц йæ поэзийы, йæ райдзаст бонтæ уымæн фæмысы.
Кæддæр – иу Сау хохы хъæбысы
Уæлыгæс хъæлдзæгæй цыдтæн…
Ныр уыцы райдзаст бонтæ мысын,
Æмæ та уалдзæг ралæууы мæнæн.
Фæлæ фæстæдæр поэты аив æрдзимæ бастдзинад æнæцудгæ нæ баззайы, уымæн æмæ
Зæххыл нæй цардау сагъæстæн фæуæн,
Æнусты хъыг бæрзонд удтыл æнцайы.
Царды уавæртæ куыд ивынц, афтæ ивы Шамилы зæрдæйы уаг дæр. Æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, йæ миддунемæ гæсгæ йæ поэзийы разыны хъыг дæр, катай дæр æмæ быцæу дæр. Гъе, фæлæ йын кæддæриддæр йе ххуысы хай бакæны уарзондзинады æнкъарæн. Æмæ уæд Шамилмæ «удхар нал фæкæсы зын».
Афтæмæй, цыфæнды зындзинад куы бавзары поэт, уæддæр «цæрæццагæй» ралæууы ног цæлхдурты раз…Уарзондзинад та йын удыхос фæвæййы.
Философон æмæ граждайнаг æмдзæвгæтæ фылдæр бынат ахсынц Шамилы поэзийы. Йæ поэзийы фембæлынц цин æмæ маст, æнцойад æмæ удхар, рухс æмæ талынг, цард æмæ мæлæт. Бæрæг у ацы ныхмæлæуд тыхтæй: поэт равзæрста зынвадат фæндаг – адæмы мæт хи уæзыл нымайын.
Мæ цард – фæдис,
Æнцой кæм ис?
Уæрыккау рæстæгæн нывонд дæн…
Мæ куыстмæ – гæпп,
Фæстæмæ – сæпп,
Æрвитын афтæмæй мæ бонтæ…
Шамил, æцæгæйдæр, уыд ахæм адæймаг, кæцы адæмы хъысмæт йæхи хъысмæты хуызæн йæ зæрдæмæ æввахс хаста. Бирæ цæуылдæрты тыхсти нæ куырыхон поэт.
Къæйных æнус,- фыд – зонд æмæ фыдуаг.
Кæнæ:
Мæлынц дæ зæйц кæрæф æмæ фыдудæй,
Ды бафтыдтай , ды адæмтыл фыдæх…
Шамил, мæнмæ гæсгæ , арæх йæ поэзийы вæййы уадфидиуæджы хуызæн. Фæлæ йæхимидæг дæр арæх сагъæс кæны, мæтгæнгæ хъуыдыты аныгъуылы.
Циу амонд? Циу æнæ сагъæсæй цард?
Поэтæн йæ цард у хъæздыг уарзондзинады æнкъарæнтæй, йæ уарзон куыстæй.
Æз амондджын дæн: уарзт æмæ куыстæй
Мæхæдæг рухсыл амайын мæ зонд,
Цы кæнын, - уый æхцон æмæ рæстæй,
Цы кусын, - уый нæ фидæны сæраппонд.
Фæлæ Шамил поэзийы фæрцы нал æвдæлон кодта , йæ зæрдæйы цы уаргъ уыд, уый. Уымæ гæсгæ рахызти драматургимæ. Ам федта уæрæхдæр авналæнтæ.
Тынг арæхстгай акæсын кодта ирон адæмы æнусты сæрты фæстæмæ, нæ ивгъуыд историмæ.
Цæуылдæриддæр хъуыды кодта Шамил, цæуылдæриддæр уыдис йæ катай, цыдæриддæр æм бæллицтæ уыдис, уыдон иууылдæр йæ хъайтарты фæрцы раргом кодта махæн, театрдзаутæн.Нæ драматурджы хъайтартæ фæзынынц адæмы зондахаст аивыны тыххæй.
Афтæ кæй уыд, уымæн та æвдисæн - Борæхан .(«Хъодыгонд зæд» - æй. )
Драмæйы архайд баст у Аланты паддзахадæн йæ тæккæ зындæр æмæ тугкалæн цаутимæ. Зыны дзы абоны риссаг фæрстытæ, уымæ гæсгæ у актуалон. Фæзынди нæ драматургийы ног хъайтар.
Борæхан, мæнмæ гæсгæ, раст Шамилæн йæхи хуызæн уыд.: хъуыдыгæнæг, расттæрхонхæссæг. Уый( Борæхан) тырны адæмы сæрибардзинадмæ æмæ иудзинадмæ. Куыд хорз уаид, абон Ирыстоны дæр ахæм адæм куы уаид, уæд. Ацы уацмысы Иры адæм фыццаг хатт федтой аланты тырыса , Ирыстоны тырыса. Уый дæр , кæй зæгъын æй хъæуы , стыр ахъаздзинад уыд пьесæйы. Шамил йæхæдæг дæр афтæ дзырдта: «Ирыстонæн мæ цы фæндыд, мæ бон цы уыд, уый сарæзтон. Мæн фæндыд тырыса равдисын, æмæ йæ равдыстон. Адæмæн тырыса куы нæ уа , уæд сæ ницы иу кæны, уæд сын нæй ном æмæ фидæн…»
Рагæй дæр Шамилмæ диссаг каст Цомахъы царды драматизм, æппынæдзух дæр уыд йæ сæры магъзы. Афтæ йæ сразæнгард кодта Цомахъы ном драмæ ныффыссынмæ. Революци Цомахъæй скæны уæлмонц зарæггæнæг. Уый баууæнды революцийыл, тох кæны адæмы сæраппонд , сиды тохмæ.Стыр фæнд ис нæ поэтмæ –зæронд царды бын дуртæ фехалын æмæ хуыздæр цард саразын. Уый у ног зондахастыл хæст, ног, фæлæ тæссаг бæллицтæ æнхъизынц йæ мидæг:
Сæйраг ыскъола цард у . Цард та у
Хæст æмæ тох, уыдзæн нын уым фæлварæн.
Тохгæнæг кæй уыд, ахст дæр уымæн æрцыд. Драмæйы кæрон Цомахъы цæрæнбонтæм æрвитынц Сыбырмæ, фæлæ театрдзау æмбары Цомахъы царды дарддæры райрæзт.
Джыккайты Шамил йæ иннæ драмæ «Санаты Сем» -æй равдыста, знæгтыл æнæ хотыхтæй дæр кæй ис уæлахизгæнæн, цыргъ зонды руаджы.
Санаты Сем – мæлгъæвзаг, дзырдарæхст, цыргъзонд, диссаджы пехуымпар. Сем у адæмы уарзон. Уый æлдæрттæн рабæрæг кæны сæ хъуагдзинæдтæ. Æмæ, зондцух кæй сты, уый тыххæй семæ архайы хинæй. Цыргъзонд ныхасæй сæ хынджылæггаг скæны. Семы схонæн ис нæ адæмы хъысмæт æвдисæг символон фæлгонц. Ууыл йæ иу уæхскыл ауыгъд ис дыууадæстæнон, иннæуыл – рифтаг. Рифтаджы цы дыууæ цæсты ис, уыдон дзаг сты Иры диссæгтæй æмæ Иры риссæгтæй. Адæм сæхи ныццæвынц диссæгтыл, риссæгтæ никæй хъæуынц. Уый фæстæ дыууадæстæнон пырхгонд æрцыд адæмы къухæй, уæдæ диссæгтæ дæр æнæвгъау сæфт фæкодтой. Æнæхъæнæй ма баззадысты Иры риссæгтæ , кæцытæй , хъыгагæн , абон дæр риссы æмæ дуды не хсæнад .
Куыд федтам, афтæмæй Шамилы хъайтартæ тырнынц адæмы иудзинадмæ. Æртæйæ дæр ист сты историйæ.
Борæханы нысан уыд – паддзахад ногæй сфидар кæнын, рухс цард байтауын, ирон адæмы фыдбылызæй фервæзын кæнын.
Сем йæ курдиатæй архайы – йемæ хæссын бæрзонд нысан – ирон адæмæн сæрибар цард скæнын.
Цомахъ – революцийы тохгæнæг, ног цардаразæг.
Мæнмæ гæсгæ, (уæлдæр дæр ма йæ загътон) сæ разы ма сын æрæвæрын хъæуы нæ рæстæджы адæмыл аудæг Джыккайты Шамилы.
Шамилы монон мæсгуытæ сты йе рдзон Мадæлон æвзаг, Ирондзинад,Æгъдау, Фарн æмæ Уарзт. Ацы сфæлдыстадон мæсгуыты æвæрд ис арф хъуыды. Æмæ ,Хозиты Барисы загъдау , сабыргай базонæм «Æфсарм» - ы уидаг, « Цæф сæгуыты маст», « Амыраны зæрдæ» - йы тугдзæфтæ, « Сагъадахъ» - ы хъынцъымтæ, «Æхсæвы æртытæ» - йы цæхæр æмæ « Саст дзæнгæрæг» - ы хъарæг. Дарддар , Барисмæ гæсгæ, сагъæсты цъайы , дам, куы ныххауæм, уæд нæ размæ рацæуынц « Разагъды лæгтæ»,æмæ нын бамбарын кæнынц , поэты « Ныхасы фарн» цæй мидæг ис, уый. Ахæм романтикон æмæ монон балцы фæстæ , дам, нын поэты сфæлдыстадон дуне фесты зæххон дзæнæт. Йæ курдиат , йе сфæлдыстад, йæ цин æмæ йæ бæллиц, Барисы загъдау, æцæгæйдæр æгасæй дæр сты Адæмон, уымæн æмæ йын йæ удыхъæды Ирыстон бавæрдта йæ уæлвон æнкъарæнтæй иу. Æмæ йæ схуыдта Поэт. Уымæй стырдæр хорзæх нæ фыдызæхмæ нæй.
Кæрон.
Уæдæ куыд федтам, афтæмæй Шамил йæ æппæт сфæлдыстадæй – поэзийæ дæр, драматургийæ дæр , йæ æппæт æндæр куыстæй дæр - фыццаджыдæр, йæхи æххæстæй сбæлвырд кодта , куыд адæймаг. Дзыныхты Аленæ куыд загъта : «Йæхи æнгæстæ сты, йæ поэзи æмæ драматургийы цы ног хъайтарты сфæлдисы, уыдон». Æмæ, Хæдарцаты Азæйы загъдау, сты «йæхийау бæрзонд идеалтæм сидæг».
Абон Шамил нал ис йæ уарзон адæмы хсæн. Фæлæ мах, æрыгон фæлтæр, кæддæриддæр нæ зæрдæты дардзыстæм нæ куырыхон хистæры рухс ном.
Литературæ.
Æмхасæнтæ.
Домик зимней ночью
Две снежинки
Именинный пирог
Камилл Фламмарион: "Астрономия - наука о живой Вселенной"
Иван Васильевич меняет профессию