Реферат на тему Азамат Кайтуков "Жизнь и творчество"
Вложение | Размер |
---|---|
azamat_kaytukov.docx | 16.19 КБ |
Æрæфы районы уæлæмхасы ахуырады сывæллæтты бынат
НАУКОН-ИРТАСÆН КУЫСТ
Сфæлдисæг
Къабалоты Фатима
Раздзæуæг
Пъинты Зæлинæ
Цыкола, 2013 анз
Дæ цард кæстæртæм мысинаг куы нæ уа,
уæд дæ райгуырд ницы уыд.
Хъайтыхъты Азæмæт
Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы правленийы секретарь, Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Хъайтыхъты Азæмæт райгуырд 1923 азы Ходы хъæуы. 1939 азы каст фæцис Садоны астæуккаг скъола æмæ кусын райдыдта Садоны æрзæткъахæнты хохкъæртгæнæгæй.
1941 азы ацыд Сырх Æфсадмæ. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы, Сталинграды, Курск-Орелы тохты, операци «Багратион»-ы. авд хаты йе 'мхæстоны æмрæнхъ. Хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы, намысы III къæпхæны, Фыдыбæсты хæсты I къæпхæны ордентæй, стæй 16 майданæй.
Фæстæдæр йæ хæстон фæндæгты тыххæй ныффыста мысинæгтæ, æмæ журнал «Мах дуг» чи кæсы, уыдон сæ бакастаиккой.
Хæсты фæстæ æрбаздæхт Садонмæ. Уæдæй фæстæмæ цæры æмæ кусы уым. 1984 азы ирон чиныгкæсæг йæ къухтæм райста Азæмæты фыццаг æмбырдгонд «Зынаргъ дур». 1989 азы та рацыд йæ дыккаг чиныг «Фыййауы лæдзæг».
Ацы чиныджы уагъд цæуынц уыцы дыууæ чиныджы, стæй ма фæстаг азты кæй ныффыста, уыцы таурæгътæ.
Хъайтыхъты Азæмæт алы таурæгъæн дæр ссары йæхи сæрмагонд бындур. Уыцы таурæгътæй иу иннæйы фæлхат нæ кæны, иу дзы иннæйы хуызæн нæу. Автор цы бирæ хъайтарты сурæттæ нывæнды, уыдон цадæгасæй сыстынц чиныгкæсæджы размæ. Æмæ кæд алыхуызон уавæрты цæрынц, хицæн кæмттæй рацыдысты, хъуамæ лæг худинаджы бæсты райса мæлæт.
Куыд зонæм, афтæмæй таурæгътæ фыдæй фыртмæ, фæлтæрæй- фæлтæрмæ цыдысты æмæ кæд нæ фыдæлты хæзнатæй бирæтæ æнусты тары рохуаты баззадысты, кæд сыл рæстæджы сæг ныббадт, уæддæр ма дзы иуæй-иутæ нæ куырыхон таурæгъгæнджыты руаджы фæдисхъæрау абонмæ æрхæццæ сты. Æмæ уыцы фæрнæйдзаг куыст чи кæны, уыдонæй иу у Хъайтыхъты Азæмæт.
Азæмæт æрмæст таурæгъгæнæг куы схонæм, уæд ын уый, цыма, фаг нæу, афтæ мæм кæсы, уымæн æмæ, таурæгъгæнæг цы хъуыста, уый хæццæ кодта дарддæры фæлтæртæм. Азæмæт та цы фехъуыста, уый рауадзы йæхи уды фæлгæты, ссары йын йæхи ахорæнтæ, йæхи композицион райрæзт, йæхи æвзаджы миниуджытæ æмæ йæафтæмæй ныффыссы. Уымæ гæсгæ æвæццæгæн, растдæр уыдзæн Азæмæты таурæгъгæнæг нæ, фæлæ таурæгъфыссæг куы схонæм, уæд.
«Кæрæдзийы фæдыл ныкъкъæрцц ластой Цæлойты стыр хæдзарæн йæ астæуккаг дыууæ цæджындзы. Хъобаны йæ бындзарæй ныррызти Алыккаты Бæтæйы уæзæг, йæ сызгъæрин талатæй ма иу дзедзырой кодта, æмæ уымæ дæр йæ джидæ фæрæт чидæр даудта…»
Афтæ райдайы таурæгъ «Уæгъуыллæйы мæлæт». Ам алы дзырд дæр у уырзæй æвзæрст, зæрдæйы загъд. Алы ныхасы дæр ис цымыдисаг хъуыды æвæрд æмæ, уый дызæрдыггаг нæу.
Таурæгъфыссæг Азæмæт дзургæ нæ кæны, фæлæ нæ æфтауы нывты уацары, уымæн æмæ зоны дзырдæн аргъ кæнын, зоны дзырдæй ныв кæнын, адæмон хъæздыг æвзагæй пайда кæнгæйæ нывæнды йæ таурæгътæ. Дзырды хъомыс райрæзы аивады бæрзондмæ.
Хъайтыхъы-фырты уацмысты сæйраг хорздзинад, æвæццæгæн, уый у, æмæ царды æцæг хабæртты бындурыл фыст кæй сты. Йæ хъабатыртæ «хæхтæ нæ фæлдахынц», денджызтæ «нæ сур кæнынц» - сты хуымæтæг зæххон адæм, цардбæллон, цардуарзаг хохæгтæ.
Алы таурæгъæн дæр ис йæхи сæрмагонд композицион райрæзт, сюжетон хахх – æнæ уæлдай ракæ-бакæ, æнæ уæлдай митæй бахизы чиныгкæсæджы зæрдæмæ. Цард æмæ мæлæт цæуынц фæрсæй-фæрстæм, раст æмæ фыдох лæууынц ныхæй ныхмæ. Лæгдзинад æмæ уый сæрыл тох кæнын – уыдон сты Азæмæты хъайтарты хуыздæр миниуджытæй.
Уырны нæ, Хъайтыхъты Азæмæты сфæлдыстадмæ рæхджы нæ литературæиртасджытæ сæ хъус кæй æрдардзысты æмæ йын аккаг аргъ кæй скæндзысты. Мах та ацы чысыл фæсдзырды фæндыд фыссæджы тыххæй дыууæ ныхасы зæгъын, цæмæй йæ лæгæй лæгмæ чи нæ зоны, уыдон дæр базоной, не 'хсæн кæй цæры уæздан лæг, хæдзонд æмæ хæдбындур таурæгъфыссæг.
Кæддæр йæ иннæ хæстон хабæртты 'хсæн иу ахæм хабар ракодта Азæмæт. Алыбон дæр-иу лагерæй уацайраг акодтой, æмæ-иу фæстæмæ нал æрбаздæхт уацайраг. Иу бон куы уыди, уæд акодтой Азæмæты дæр. Кæдæм цыди, уый нæ зыдта, цæмæ цыди, уый дæр нæ зыдта, уæддæр цыди. Иу мæнгагъуыстмæ бахæццæ сты. Фашист дуар бакодта, уацайраджы мидæмæ басхуыста æмæ йыл дуар бахгæдта. Фыццаг цы ауыдта Азæмæт, уый-туджы пырхæнтæ. Стæй къуымæй фестади байраджыйас куыдз. Йæхи раскъæрдта Азæмæтыл, йæ дзæмбытæ йын йæ риуыл авæрдта. Хæстдзагъд, хæстихсыд лæг нæ баурæдта куыдзы уæз, фæцудыдта æмæ къулыл бахауд. Куыдзæн йæ хæпп фæцыд. Гъа ныр фæлæбура уацайраджы хурхмæ, афтæ йын кæсгæйæ аззад йæ цæсгоммæ. Цалдæр уысмы, цалдæр удхæссæг уысмы. Стæй йæхи зæхмæ аппæрста куыдз.
Лæг дæр йæхи æруагътакъулæнцой зæхмæ. Куыдз ын йæ сæр йæ къæхтыл æрæвæрдта æмæ йæм уæлæмæ каст. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу уынгæг зæрдæйæ бахъист-хъист кодта, цыма уацайрагæн тæригъæд кодта, уый хуызæн.
Иуафон дуарыл фæмидæг афицер, йæ къухы дамбаца, афтæмæй. Иу каст куыдзмæ кодта, иу – лæгмæ. Стæй куыдзмæ бауырдыг æмæ йæм немыцагау цыдæртæ дзырдта. Азæмæт æй куыд бамбарста, афтæмæй йæ ууыл ардыдта, Азæмæтыл. Куыдз лæууыд æмæ йæ къæдзил тылдта. Уæд ын афицер йæ къахæй йæ тæнтæ стъæпп кодта. Куыдз ын йæ къахмæ фæлæбурдта. Немыцаг ныцъæхахст кодта, стæй æртæ нæмыджы банымадта куыдзыл.
Цалынмæ баталынг, уæдмæ фæбадти уазал астæрдыл Азæмæт, мард куыдзы сæр йæ къахтыл æвæрд, афтæмæй.
Бирæ хъуыдытыл æфтауы адæймаджы уыцы æбуалгъ хабар.
Æмæ цы нæ зын бавзæрста хæстон даргъ фæндæгтыл Азæмæты сæр! Цыди иу пырх горæтæй иннæмæ, уыдта, йæ хор йæ мидæг кæнæм басыгъди, уыцы тыгъд быдыртæ, лæгæрста, æрмæст ма фæнык æмæ æвзалы кæмæй баззад, уыцы хъæутыл. Тох кодта Киев æмæ Сталинград ссæрибар кæныныл, уыди, Курс-Орелы къæлæт кæй хуыдтон, уыцы ныббырсты, хæцыди операции «Багратион»-ы. Авд хатты фæци уæззау цæфтæ, авд хаты фæстæмæ слæууыд йæ къæхтыл, авд хаты фæстæмæ райста йæ къухмæ хæцæнгарз. Йæ хæстон сгуыхтыты тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, Номысы III къæпхæны æмæ Фыдыбæстæйы хæсты I къæпхæны ордентæй, æхсæрдæс хæстон майданæй.
Хæст куы фæци уæд æрыздæхт, цæугæ кæцæй акодта, уыцы Садонмæ, æмæ кусын байдыдта, йæ дард фæндаджы размæ кæм куыста, уыцы æрзæткъахæнты.
Æрдзæй зæрдæргъæвд рахаста Азæмæт. Сæрдыгон изæрты-иу зæронд лæгтæ рагон Ходы Ныхасы алыгъуызон таурæгътæ куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не 'фсæсти. Йæ цæстыты раз-иу сыстадысты, фыдæх æмæ фыддуджы ныхмæ чи рацыд, мæгуырты сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи хаста, уыцы сæрæн гуырдтæ æмæ-иу йæ сæнтты дард кæмдæр балæууыд. Уæд-иу Азæмæт гыццыл нал зынди йæхимæ – кард кæй нæ кæрды, фат кæм нæ хизы, ахæм хъæбатыр-иу басгуыхти.
Æрзæткъахæнты куыста, фæлæ йæ зæрдайæ нæ цух кодтой, кæддæр Ныхасы цы диссæгтæ хъуыста, уыдон. Æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд иу рæсугъд бæллиц: тæхуды, уыцы таурæгътæ ныффысс æмæ сæ адæмы размæ рахæсс! Æмæ Азæмæтæн йæ уæззау кусгæ бонты ивын байдыдтой йæ æхсызгон хъизæмаргæнæн æхсæвтæ. Дзæвгар рæстæг рацыд, цалынмæ йæ фыццаг таурæгътæ мыхуыры фæзындысты, уæдмæ. Фæлæ ныллæууыд уыцы рæстæг. Адæм бацин кодтой таурæгътыл, къухæй къухмæ сæ истой. 1984 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд Азæмæты таурæгъты фыццаг чиныг «Зынаргъ дур». 1989 азы та – йæ дыккаг чиныг «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр, чиныгкæсджытæ сæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уый хынцгæйæ дыууæ чиныджы уагъд æрцыдысты иумæ, иу чиныджы «Амондуарджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.
Фæстæдæр Хъайтыхъты Азæмæты райстой Советон Цæдисы фысджыты рæнхъытæм.
Ирыстоны бирæ таурæгъгæнджытæ уыди. Фыст дæр гыццыл не 'рцыди сæ таурæгътæй. Фæлæ Азæмæты таурæгътæ бæрæг дарынц се 'хсæн. Бæрæг дарынг сæ аив нывæфтыдæй æмæ сæ фидар композицион арæзтæй. Бæрæг дарынц уымæй, æмæ Азæмæт рагон таурæгъы бындурыл арæхсы нырыккон аивадон уацмыс снывæндынмæ, рагон сисы кæлддзæгтыл нырыккон æрттивгæ галуан куыд самайай, афтæ. Уымæ гæсгæ Азæмæт хуымæтæг таурæгъгæнæг нæу, нæдæр таурæгъфыссæг у. Азæмæт у фыссæг, сыгъдæг адæмон æвзагæй æцæг адæмон уыцмыстæ чи нывæнды, ахæм фыссæг.
Ныр йæ 90 азоны къæсæрæй бахыст Азæмæт.
- «Хорз лæг адæмæй хæс дары», - зæгъы ирон æмбисонд. Чи зоны, адæймаджы цард – йæ райгуырдæй суанг йæ адзалы бонмæ нывондгонд æрцæуы уыцы хæс бафидынæн. Фæлæ уый бафты æрмæстдæр иугай лæгты къухы. Уыцы амондджынтæм, мæнмæ гæсгæ, хауы Хъайтыхъты Азæмæт. Азæмæт – фыссæг, æмгæрттæн – иузæрдион хæлар, хистæртæн – бæллиццаг кæстæр, кæстæртæн – зондамонæг. Йæ цæстуарзон æмæ базырджын арфæтæ хъуысынц Ирыстоны цины куывдты, бæрæгбæтты, чындзæхсæвты.
Азæмæт рагæй нырмæ дæр йе 'ргом тынгдæр здахы нæ рагфыдæлтæй баззайгæ таурæгътæ фыссынмæ. Мыхуыры йын рацыд къорд чиныджы. Уыдонимæ – «Зынаргъ дур», «Фыййауы лæдзæг», «Амондуарджытæ», «Сафайы рæхыс» æмæ æндæртæ.
Автор йæ алы таурæгъæн дæр ссары йæхи сæрмагонд бындур. Уыимæ дзы иу иннæйы фæлхат нæ кæны. Цы бирæ хъайтарты сурæттæ нывæнды, уыдон кæддæриддæр цардæгасæй сыстынц нæ цæстыты раз. Азæмæтæн йæ таурæгъты архайджытæ кæд алы кæмттæй, хъæутæй сты, уæддæр уыдонæн сæ тохы ныхас у иу – Рæстдзинадыл.
Азæмæты уацмысты сæйраг хорздзинад та уый у, æмæ царды æцæг хабæртты бындурыл фыст кæй сты. Йæ уацмысты архайджытæ сты хуымæтæг зæххон адæм, цардбæллон, фыдæбонгæнæг хохæгтæ. Цард æмæ мæлæт цæуынц фæрсæй-фæрстæм, раст æмæ фыдох лæууынц ныхæй-ныхмæ. Лæгдзинад æмæ уый сæрыл тох кæнын – уыдон сты Азæмæты хъайтарты хуыздæр миниуджытæ.
ЛИТЕРАТУРÆ
Лиса-охотница
Всему свой срок
Позвольте, я вам помогу
Самарские ученые разработали наноспутник, который поможет в освоении Арктики
Хризантема и Луковица