«Нартские сказания» - героический эпос. Повествуют о сражениях и подвигах.
Тема нашей исследовательской работы «Образ непокорного Сослана в «Нартских сказаниях».
Актуальность работы заключается в том, что человек должен преодолевать свои слабости, стараться стать духовно выше, чище и мудрее.
Целью нашего исследования является изучение положительных и отрицательных качеств Сослана.
Для достижения цели нами были поставлены следующие задачи:
1) Изучить цикл Сослана.
2) Описать образ Сослана.
В результате проведенного исследования, сделали следующие выводы. Проанализировав цикл « Сослан» мы можем дать следующую характеристику его образу: Сослан наделен как положительными качествами, так и отрицательными. Отрицательными качествами являются: вспыльчивость, беспощадность, жестокость, хитрость, коварство.
Положительными - отважность, храбрость, мужество, стойкость, ловкость, непобедимость, несгибаемость.
Из всего вышеизложенного следует: человек должен делать добро, быть примером для следующих поколений, оставлять после себя доброе имя. Для подрастающего поколения примером должны быть только положительные качества Сослана.
Вложение | Размер |
---|---|
obraz_soslana.doc | 79.5 КБ |
X Региональный конкурс молодых исследователей
«Ступень в науку»
Секция: Осетинский язык и литература
Тема: «Нæрæмон Сосланы фæлгонц «Нарты кадджыты»
Автор работы:
Дзантиева Виктория Руслановна
Место выполнения работы:
МОУ СОШ №3,5 класс
г. Владикавказ
Научный руководитель:
Дзантиева Елена Антоновна,
учитель осетинского языка и
литературы
Владикавказ, 2012-2013
Сæргæндтæ
I. Разныхас.
II. Сæйраг хай.
« Нæрæмон Сосланы фæлгонц «Нарты кадджыты».
III. Кæронбæттæн.
IV. Библиографи.
Разныхас
«Нарты кадджытæ» сты хъæбатырон эпос. Æвдыст дзы цæуы бæгъатырты тох æмæ сгуыхтытæ. Ис дзы бирæ хъæбатыртæ, фæлæ се ‘хсæн бæрæг дары нæрæмон Сослан.
Нæ наукон-иртасæн куысты темæ у « Нæрæмон Сосланы фæлгонц «Нарты кадджыты».
Темæйы актуалондзинад : Алы адæймагмæ дæр ис хорз æмæ æвзæр миниуджытæ, æмæ хъуамæ алчидæр йæ хъæндзинæдтимæ тох кæна. Нæ куысты нысан у сбæрæг кæнын Сосланы миниуджытæ.
Цæмæй нæ нысан сæххæст кæнæм, уый тыххæй нæ размæ æрæвæрдтам ахæм хæстæ:
Куысты нысаниуæг уый мидæг ис, цæмæй ирон адæймаг царды æнæхъуаджы макæй бафхæра, хорз хъуыддæгтæ куыд кæна, кæстæртæн фæзминаг куыд уа, йæ фæстæ хорз ном куыд ныууадза.
Нæ куысты спайда кодтам «Нарты кадджытæй», «Ирон адæмы этнографии æмæ мифологи» -йæ, Всеволод Миллеры «Ирон этюд»-тæй.
Куыст арæзт у разныхас, сæйраг хай, кæронбæттæн æмæ библиографийæ.
Сæйраг хай
Нарт Сослан у ирон Нарты кадджыты зындгонддæр хъайтартæй иу.
Ном «Сослан» Абайты Васомæ гæсгæ у тюркаг дзырд, ногъайаг æвзаджы суслан «принимать грозный вид» ; суслы «хмурый, грозный, строгий» (В.И.Абаев 1982: 35).
«Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи» -йæ базонæм : «Сослан- ирон Нарты эпосы æппæты номдзыддæр хъайтар. Нарты кæстæр фæлтæры минæвар, æнæном фыййауы фырт, бирæгъы æхсыры йæ бахсыста Куырдалæгон» (А.Б.Дзадзиты, Х.Б.Дзуццаты, С.М.Хъараты 1994: 127).
Сослан райгуырд дурæй, схъомыл æй кодта Сатана, хуыдта йæ «ме ‘нæныййаргæ фырт». Сосланы цы бæлæгъы сæрыдта Куырдалæгон, уый Сырдоны фыдвæндæй арæзт æрцыд цыппар æнгуылдзы цыбырдæр æмæ йын дзы йе ‘мбæрц адаргъгæнæн нæ уыд. Уæрджытæ къæдз уыдысты, æмæ сæ бирæгъы ‘хсыр нæ бамбæрзта. Уыйадыл йæ уæрджытæ æнæсæрыдæй баззадысты. « Сослан фестади сыгъдæг болат, æрмæст йæ уæрджыты сæртæ баззадысты фæлмæнæй» (Нарты кадджытæ1995: 61).
Сосланы номимæ бирæ хорз хъуыддæгтæ баст ис Нарты царды. Сафайы фынгыл уырдыгыстæг куы уыд, уæд ын зæдтæ лæвæрттæ скодтой. Уастырджи йын радта фæринк кард; Æфсати Нартæн бахай кодта йæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ: цуанон-иу цуаны куы цæуа, уæд-иу рахæссæд йемæ æртæ чъирийы æмæ æфцæгыл Æфсатийы ном ссарæд. Стæй-иу сырд куы амара , уæд ын йæ рахиз сгуы раттæд, фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн æмбæлæггаг.
Фæлвæра сын хъахъхъæдта æмæ фылдæр кодта сæ фысвос; Уацилла лæвар кæны хоры нæмгуытæ; Куырдалæгон та сын йæ куырдадзы сарæзта дзывыр; Галæгон- хортæ хъахъхъæдта алцы фыдбылызæй. Донбеттыры хæрзиуæг та –«Мæ дæттыл –иу саразут куырæйттæ. Æз бафæдзæхсдзынæн мæ чызджытæн, цæмæй сын доны мидæг сæ цæлхытæ æнæрынцойæ зилой. Мæнæй та уый фæуæд Нарты адæмæн лæвар» (Нарты кадджытæ 1995: 65). Ацы лæвæрттæй Сосланы фæрцы хайджын фæци æппæт Нарт дæр.
Нарты кадджыты æрмæст Сосланы хонынц нæрæмон, ома, йæхиуыл хæцын, йæхи уромын чи нæ фæразы, ахæм адæймаг.
Сослан зындгонд у, куыд Нарты æппæт хъæзтыты уæлахиздзау. «Нарты бæсты мæ тых кæимæ авзарон, ахæм дзы нал ис,- загъта Сослан йæхицæн Хъазæн фæзæй сæ хæдзармæ куы ‘рцыд, уæд, -баздæхон æмæ тыхагур ахæтон бæстæтыл» (Нарты кадджытæ 1995: 65).
Сослан уыд æгъатыр, карз адæймаг, фæндыд æй Нарты астæу бæрæгдæрæй фæцæрын. Уый тыххæй йæ зæрды æрæфтыд лæджы сæрдзæрмттæ æмæ рихидзæрмттæй кæрц скæнын. Лæг-иу куы амардта , уæд-иу ын йæ сæры царм æд рихитæ растыгъта, афтæмæй æнæхъæн кæрцваг æрæмбырд кодта. Бахъуыдис ма йæ Куыцыччы фырт Елтагъаны сызгъæрин сæрдзарм æмæ уый дæр амардта.
«Диссагæн дзуринаг уыд йæ кæрц: хъуырæй заргæ кодта, цæнгтæй – æмдзæгъд, фæдджитæй – кафгæ. Æцæгæлон-иу æм куы бавнæлдта, уæд та цъæхахст кодта, æмæ йæ адавын никæй къухы ‘фтыд» (Х.Цгъойты 2005: 166).
Нарты Сосланæн йæ хъæбатырдзинад, йæ тых, йæ хъару хатт нал фæфаг кæнынц. «Старстис йæхицæн фæтæнуæхск Сослан, ризын байдыдта æмризæджы - базыдта , уый Тары фырт Мукара кæй у, уый.
«Ме сæфт æрцыди»,- загъта йæхицæн (Нарты Сослан 2003: 48). Фæлæ йæ ныфс нæ сæтты , хинæй архайы знагимæ, æххуыс ын кæны Сатана дæр. «Уæд баууæндыдис Бибыц Сатанайыл æмæ йын загъта:-Хорз, уæдæ дын сæ зæгъдзынæн æцæгæй: мæнæн мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд сты хохы фидары, Бур айнæджы сæр…Куыннæ сын ис фенæн та! Мæнæ мæ кард дуарæй куы адарай , уæд сæ цурмæ тæлм адардзæни» (Нарты Сослан 2003: 64).
Алцæмæ дæр Сослан у ныфсхаст æмæ йæ фырныфсхастæй хаттæй-хатт цъысымы дæр бахауы. Къадзитæ йæ æрцахстой, уаты йæ къулыл байтыгътой, фæлæ йæ Батрадз ирвæзын кæны.
Никæуыл ауæрды Сослан, хионыл дæр, сывæллоныл дæр. Уый амардта Сырдоны лæппуйы æмæ уый тыххæй фезнаг сты.
Сослан у хæрзконд, æвзыгъд, кафаг. Алæгаты куывды фæбыцæу сты Сослан æмæ Хызы фырт Челæхсæртæг чи хуыздæр ракафынæй: «Кæд ды мæнæй хуыздæр ракафай, Сослан, уæд æз ратдзынæн дæуæн мæ рæсугъд чызг Бедухайы ,- загъта Хызы фырт. - Ды та цы ‘вæрыс?» « Кæд мæ ды амбулай, уæд æз та дæуæн ратдзынæн мæ номдзыд Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа, стæй мæ цирхъ»- загъта Сослан æмæ йæхиуыл нæ бацауæрста (Х.Цгъойты 20005:166). Æнæуый дæр Бедухайы куырдта, æмæ йын æй Хызы фырт нæ лæвæрдта. Сослан рамбылдта. «Фыццаг зæххыл æркафыд, стæй уыцы кафгæйæ схызти фынгмæ. Иууыл диссаг та фынгыл уыдис йæ кафт: фынджы былтыл – иу цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр, иунæг къус нæ фезмæлын кодта йæ бынатæй, стæй йæм утæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ хæрдмæ арæзтæй бадардтой , æмæ уыдоныл кафын райдыдта , раст-иу сыл куыройы цалхау ныззылдис» ( Н.К 1995: 210). Стæй цыппархъусыг Уацамонгæ ронгæй дзагæй йæ сæрыл сæвæрдта æмæ кафын райдыдта . Ноджы диссагдæр кафт та уæд скодта - Уацамонгæйæ иунæг æртах дæр нæ ахауди. Æмæ диссагæн дзурынæн баззад Сосланы кафт.
Челæхсæртæг йæ дзырд фæсайдта, фæлæ уæддæр Сослан йæ фæнд нæ ивы. Нарты адæмимæ Хызы фидар исынмæ ацыд, фæлæ йæ Сырдон асайдта- сылгоймаджы хуызы йæ размæ рацыд . « Ды Сослан куы дæ, уæд ацы мардимæ кæдæм уайыс? Нарт Хызы фидар куы байстой æмæ дын Бедухайы- рæсугъды куы фæхæссынц!» (Нарты Сослан 2003:80)
Æнæбасæттон у Сослан – йæхи мардæфсон скодта Хызы фидары цур. Быхсы, «сырх зынг уæхст» ын йæ уæраджы куы стъыстой, уæддæр нæ фезмæлыд. Рацыд æм Бедуха хъарæггæнгæ : « Уæ мæгуырдæр фæуай, Сослан! Цы хъизæмарæй амардтæ! Уый дæ куы зыдтаин, уæд дæм цæугæдоны дæр мæхи бæргæ баппæрстаин. Афтæ æгадæй амæлынæн æвгъау бæргæ уыдтæ!»
( Нарты Сослан 2003: 84). Рахаста уæд Бедухайы Сослан.
Æвæджиау адæймаг у Сослан. Цы сфæнд кæны, уый цалынмæ сæххæст уа, уæдмæ æнцой нæ зоны. Уый сæраппонд бамидæг вæййы уæларвы зæдтæм, дæлзæхх дæлимонтæм, мæрдтыбæсты Барастырмæ. Бедухайæ рахаста, æрмæстдæр уым чи зайы, уыцы Аза- бæласы сыфтæ. Фæстæмæ Барастырæй куры Сатанайы. Мæрдты Барастыр загъта: «Тæригъæдджын хъуыддæгтæ дæр бирæ кæныс, фæлæ дæ мадмæ фæдисы цæугæйæ, стонг лæджы адзалæй кæй фервæзын кодтай, стæй мæгуыр сидзæргæсы сывæллоны цæргæсы ныхтæй кæй байстай, уымæ гæсгæ дын дæттын дæ мады» (Н.К 1995: 99).
Сослан у æмгарджын. Бедзенæг – æлдар йæ лæппуйыл не ‘вæры ном, хъуамæ йыл æрмæст Нарты Сослан сæвæра.
Сослан йæхицæй тыхджындæр знагимæ тохы хин æмæ мæнгарддзинадыл æлгъ нæ кæны, лæмæгъдæртæ æмæ састы бынаты чи баззайы, уыдонимæ та у дурзæрдæ æмæ æгъатыр. Тотрадзæн йæ мад амоны Сосланы: «Хъазæн фæзмæ куы ныхæццæ уай, уæд-иу адæммæ акæс æмæ, йæ къæхтæ тæссарвæд чи кæна, йæ цæстытæ сасиры чъилы йæстæ кæмæн уой, йæ иу цæсты дыууæ гагуыйы кæмæн уа, йæ зачъетæ уызыны сындзы хуызæн кæмæн уой, уымæй-иу дæхи бахъахъхъæн- дæ фыд æмæ дын де ‘фсымæры уый бахордта» (Н.К 1995: 287)
Сосланы бон нæ баци Тотрадзыл тыхæй фæуæлахиз кæнын æмæ йæ мæнгард мард акодта чъылдымырдыгæй.
Нарты Сосланы фæлгонц ныхмæвæрд кæй у, уый бæлвырд æвдыст цæуы кадæг «Сосланы мæлæт» -ы. Ацы уацмысы сты Сосланы æлгъыстытæ дæр æмæ арфæтæ дæр.
Балсæджы - цалх сургæйæ йын чи нæ баххуыс кодта , уыдоны æлгъиты :
Æлгъыстытæ: быдырæй цæмæй авд азæй фылдæр æнæ зылдæй пайда ма уа; хох зæйбынтæ æмæ хуырæзгъæлæнтæ уа; фæрв хъæды фыддæр уа; сусхъæдыл цæмæй дыргъ ма зайа; фатхъæд та æрмæст арты судзынæн куыд бæзза. Æлгъиты тæрс æмæ тулдзы дæр.
Уыйхыгъд арфæ кæны, æххуыс ын чи кæны, уыдонæн: «Бæлæсты хуыздæр фæу, бæрз, дæ уис дын физонæджы уæхстæн, куыд агурой адæм…Æхсæр бæлас, адæмæн дыл адджын дыргъ куыд зайа æмæ дæ дардмæ куыд агурой, уыцы хорздзинад дæ уæд!..Хуымæллæг, дæу та адæм сæ хъæлдзæджы рæстæджы куыд агурой нуæзтыл кæнынмæ…»(Нарты Сослан 2003: 154).
Сосланы уæрджытæ æнæ сæрыдæй кæй баззадысты, уый аххосæй æрцыд йæ мæлæт-Балсæджы цалх ын сæ ахауын кодта.
Хуыссы Нарты Сослан Зилахары быдыры , ам æлгъиты цæргæсы, хъæрццыгъайы, халоны, рувасы. Арфæ кæны зæрватыккæн, сынтæн, арсæн, бирæгъæн.
Сосланы фæлгонцы ахуыргæндтæ уынынц хуры Хуыцауы æууæлтæ. «У хуры чызджытæй иуы – Ацырухсы мой». (Ирон адæмы этнографии æмæ мифологи1994:127). Уый тыххæй домы Сослан Уырызмæг æмæ Хæмыцæй «Ингæн мын скъахут æмæ мын дзы иу рудзынг Хурыскæсæнырдæм ныууадзут, хур мæм –иу дзы райсомæй куыд кæса, афтæ, иу рудзынг- йæ тæккæ астæу , хур мæм –иу дзы æмбисбон куыд кæса , афтæ, æртыккаг рудзынг – Хурныгуылæнырдыгæй , уырдыгæй та –иу мæм изæрырдæм куыд кæса, афтæ.(Н.К 1995 :131)
Сослан, адæмы уарзон хъайтар кæй у, ууыл дзурæг сты йæ номыл æнæхъæн цикл кæй ис, канд уыцы Нарты кадджытæ нæ, фæлæ ма Сосланы кадæн алы аз дæр Дыгуры адæм кодтой бæрæгбон- Сосланы куывд. « Кодтой йæ алы аз дæр июны мæй Мацутæмæ ‘ввахс, Сосланы ингæн кæй хуыдтой, уый фæрсмæ»(Ирон адæмы этнографии æмæ мифологи.1994,127) .
Йæ номыл æргæвстой нæл фыс, куырдтой хорз рæстæг, зад кæрдæг, хорарæх æмæ бирæ фос.
Сосланы ном ирон адæммæ баззад арвыл дæр. Фæсуарын арвыл хурмæ цы Арвæрдын, Арвырон разыны, уый ма хонынц Сосланы æрдын дæр. Дыгургомы – Сосланы æндурæ. «Мы можем сообщить только, что спутница дождя, радуга, называется у дигорцев Сослановым луком»( В.Ф.Миллер 1992: II, 285).
Кæронбæттæн
Нæ наукон- иртасæн куысты кæронбæттæны скодтам ахæм хатдзæгтæ: Сослан у Нарты кадджыты зындгонддæр, бирæвæрсыгдæр, ныхмæвæрддæр фæлгонцтæй иу. Йæ райгуырдæй йæ мæлæтмæ йæ алы ми дæр, йæ удыхъæд суанг йæ конд æмæ йæ уæлæдарæс дæр диссаг кæмæн сты, ахæм хъæбатыр у Сослан.
Сослан хайджын у æппæрццæг æмæ æвæрццæг миниуджытæй.
Æппæрццæг миниуджытæ: Сослан у нæрæмон, æгъатыр, æнæбасæттон, дурзæрдæ, тæригъæд нæ зоны, хинæйдзаг, мæнгард, карз адæймаг, æлгъиты зайæгойты, сырдты, мæргъты.
Æвæрццæг миниуджытæ: Сослан у номдзыд, ныфсхаст, хъæбатыр, тыхджын, хæрзконд, æвзыгъд, кафаг, æмгарджын, уромæг æй нæ уромы, тыхгæнæг ын тых нæ кæны, арфæ кæны зайæгойтæн, сырдтæн, мæргътæн.
Хъуама кæстæр фæлтæр нæ хъайтары фæлгонцæй исой æрмæст йæ фæзминаг миниуджытæ æмæ уæд никуы фæхудинаг кæндзысты сæ ныййарджыты, хистæртæн кад кæндзысты, сæ Фыдыбæстæйыл гадзрахатæй никуы рацæудзысты .
Библиографи
1.Абаев В.И.Этимологический словарь осетинского языка. Т.1- Москва,1958.
2. Абаев В.И. Нартовский эпос.- Цхинвали, 1982.
3.Ирон адæмон сфæлдыстад.Т.2.Сарæзт. Салæгаты З. -Дзæуджыхъæу,2007.
4.Миллер В.Ф. Осетинские этюды. Ч.1-3.- Владикавказ,1992.
5.Нарты. Осетинский героический эпос. Т.2-Москва,1989.
6.Нарты кадджытæ/Сарæзт.В.Абайты, Н.Багаты.- Дзæуджыхъæу,1995.
7.Сказания о нартах. Пер. с осет. Ю. Либединского. Москва, 1978.
8.Цгъойты Х. Арвы дуар.- Дзæуджыхъæу,2005.
9.Энциклопедия: Т.1.Мифы народов мира. - Москва,1991.
10.Этнография и мифология осетин. Сост. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М.- Владикавказ,1994.
Простые летающие модели из бумаги
Как нарисовать небо акварелью
Четыре художника. Осень
Три загадки Солнца
Сказка "Морозко"