Образ безупречного Батраза в «Нартских сказаниях»
Дзантиева Виктория Руслановна
Научный руководитель Кульчиева Мадина Борисовна
НОУ ГОУ ДОД РДДТ
Дзантиева Елена Антоновна
МОУ СОШ №3,г. Владикавказ
Тема нашей научно- исследовательской работы «Образ безупречного Батраза в «Нартских сказаниях».
Актуальность заключается в том, что человеку свойственно стремление к идеалу.
Цель работы: выявить положительные качества Батраза. Для осуществления цели, мы должны выполнить следующие задачи:
1.Изучить цикл «Хамыц и Батрадз».
2.Описать образ Батраза.
3.Определить положительные качества нарта Батраза.
В результате исследования мы сделали следующие выводы: Батраз превосходил нартов воинственностью и силой. Он самый правдивый, бесхитростный, справедливый, за Отечество готов жизнь отдать.
Батраз с врагом непримирим и жесток, к слабому и женщине- снисходителен. Главное богатство Батраза- честь, достоинство,благородство. Нарты никогда не думали о смерти, больше всего боялись позора и бесчестия- таким был нарт Батраз.
Старейшины нартов считали Батраза одним из лучших представителей своего народа. Мужество Батраза, благородство,воспитанность, скромность являются примером для каждого молодого человека,потому что он идеал мужчины и воина.
Вложение | Размер |
---|---|
bezuprechnyy_obraz_batraza.ppt | 1.76 МБ |
batradz.doc | 306.5 КБ |
Слайд 2
Цæры кæнæ денджызы йæ мады хæстæджытæм – Донбеттыртæм,
Слайд 3
кæнæ та– уæларвбæстæйы йæ байсæрдæг Куырдалæгонмæ
Слайд 4
Батрадз ирвæзын кæны Нарты Хъулонзачъе уæйыгæй, Æфсæроны фырт Алæфæй, Тыхы фырт Мукарайæ
Слайд 5
Нарт сæ тых – сæ бонæй ныззарыдысты, æмæ сын уæларвмæ сæ зарыны хъæр фехъуыста нарты болат Батрадз. Уыциу æхст раласта йæхи
Слайд 6
«Уазæджы разæй фатдонæй не сласдзынæн æз мæ фат»
Слайд 7
Батрадз йæ гуыбыныл хæцы, сылгоймагæн, хистæрæн кад кæны
Слайд 8
Нарты куывды Уацамонгæ фæци болат Батрадзы хай
Слайд 9
Карз æмæ æгъатыр у Батрадз знагимæ, фæлæ тыхгæнæг нæу, уый у рæстæвзарæг
Слайд 10
Йæ фыд Хæмыцы туг исгæйæ, Нарт æмæ уæларвцæрджытæй, йæ мæлæт ссардта
VI Республиканский туристско – краеведческий конкурс
«Мой Иристон»
Направление: Культурное наследие
Название работы: « Батрадзы æнаипп фæлгонц «Нарты кадджыты»
Автор работы:
Дзантиева Виктория
4 класс МБОУ №3, г. Владикавказ;
Телефон (дом., сот.): 53-52-74
Научный руководитель: Дзантиева Елена Антоновна
МБОУ №3, учитель осетинского языка и литературы,
Телефон (дом.,сот): 8 988 833 9281
г. Владикавказ, 2012г.
Сæргæндтæ
I. Разныхас.
II. Сæйраг хай.
«Батрадзы фæлгонц «Нарты кадджыты».
III. Кæронбæттæн.
IV. Библиографи.
V.Уæлæмхасæн æрмæг.
Разныхас
Нæ наукон-иртасæн куысты темæ у «Батрадзы æнаипп фæлгонц «Нарты кадджыты».
Темæйы актуалондзинад уый мидæг ис, æмæ алы адæймаг дæр йæ царды тырны хуыздæр уæвынмæ.
Нæ куысты нысан у сбæрæг кæнын Батрадзы æвæрццæг миниуджытæ.
Цæмæй нæ нысан сæххæст кæнæм, уый тыххæй нæ размæ æрæвæрдтам ахæм хæстæ:
1) «Хæмыц æмæ Батрадз»- ы цикл раиртасын.
2) Батрадзы фæлгонц æрфыссын.
3) Сбæрæг кæнын Нарты Батрадзы хорз миниуджытæ.
Куысты нысаниуæг уый мидæг ис, æмæ æрыгон фæлтæр тырндзысты Батрадзы хуызæн æнаипп суæвынмæ: сылгоймагæн аргъ кæнын, хистæрæн кад кæнын, хæрд æмæ нозтæй бæрц зонын, Райгуырæн бæстæ уарзын, хъахъхъæнын æй знагæй.
Нæ куысты спайда кодтам «Нарты кадджытæй», «Ирон адæмы этнографии æмæ мифологи»-йæ, Джыккайты Шамилы «Ныхасы фарн»-æй.
Куыст арæзт у разныхас, сæйраг хай, кæронбæттæн, библиографи æмæ уæлæмхасæн æрмæгæй.
Cæйраг хай
Нарты кадджытæ сты хъæбатырон эпос. Æвдыст дзы цæуы бæгъатырты тох æмæ сгуыхтытæ. Ис дзы бирæ хъæбатыртæ, фæлæ се 'ппæты сгуыхтдæрыл ирон адæм нымайынц Нарты Батрадзы.
Ном «Батрадз» Абайты Васомæ гæсгæ арæзт у дыууæ дзырдæй «Батыр+ас», йæ нысан у «асаг батыр»-ирон бæгъатыр.(Абаев В. И. 241;1958)
Джыккайты Шамил зæгъы: «Ном Батраз- Батрадз нысан кæны «Батр уаз, Батр уадз- Батр святой».(Джыккайты Ш.51;1996)
«Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи» - йæ базонæм: «Батрадз - ирон Нарты кадджыты зындгонддæр хъайтартæй иу –болатрихи Хæмыц æмæ дон-дунейы паддзах Донбеттыры чи уыд, уыцы мыггæгтæй иуы – Быценты чызджы фырт. Цæры кæнæ денджызы йæ мады хæстæджытæм – Донбеттыртæм, кæнæ та– уæларвбæстæйы йæ байсæрдæг Куырдалæгонмæ. Нарт æм куы фæдзурынц, уæд сæм баххуыс кæнынмæ фæзыны». (А.Б.Дзадзиты, Х.Б.Дзуццаты, С.М.Хъараты 37;1994)
Нарты кадджыты сæрмагонд цикл ис Хæмыц æмæ Батрадзы тыххæй. Сæйрагдæртæ сты, Батрадзы удыхъæд, зондахаст, хъару цы кадджыты æвдыст цæуынц, уыдон. Батрадз йæ гыццылæй дæр тынг хъаруджын уыд. « Лæппу рацыди донæй, йæ дыууæ къухы дыууæ галы рахаста, æмæ сæ портиау сæппар-сæппар æмæ рацахс-рацахс кодта». (Нарты Кадджытæ 177;1995) Фæстæдæр йæхи куы байсæрын кодта Куырдалæгонмæ, уæд та йын тыхгæнæг тых нæ ардта.
Эпосы Батрадз нæ цæуы хæтæны, нæдæр стæры. Йæ рæстæг æрвиты кæнæ хохы сæр, кæнæ арвыл. Уый хъахъхъæны Нарты бæстæ, сæ кад, сæ намыс, сæ сæрибар, у сæ ирвæзынгæнæг. Нартыл тых цæуы, сæ гуыппырсартæ та балцы куы вæййынц, уæд Сатана акæны æртæ мыдамæсты, скувы Хуыцаумæ: «Хуыцæутты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Кæд мæ истæмæн рафæлдыстай, уæд ме 'нæныййаргæ фырт уæларв зæдтæ 'мæ дауджытимæ тæрхоны бады, æмæ ныртæккæ ам цы феста, уый ратт – тых æрцыд Нартыл». Ахæм куывды фæстæ Нæртон хъайтар фæзыны æвæстиатæй.
Батрадз ирвæзын кæны Нарты Хъулонзачъе уæйыгæй, Æфсæроны фырт Алæфæй, Тыхы фырт Мукарайæ.
Канд уæйгуытимæ нæу Батрадзæн йæ тох, фæлæ ма Борæтимæ дæр. Уыдон сфæнд кодтой Уырызмæджы амарын. «Куывд скæнæм, æрхонæм Уырызмæджы, баназын ын кæнæм æмæ йæ амарæм, æмæ Æхсæртæггаты фæллой нæхи бакæнæм».(Н.К.184;1995) Ацы хатт Батрадз уыд Донбеттыртæм. Сатанайы куывдтытæ йæм фæхæццæ сты æмæ уайтагъд фæзынд Нарты бæсты, æмæ ирвæзын кæны Уырызмæджы.
Батрадз æрмæст Сатанайы скуывдæй нæ февзæры Нарты, фæлæ ма йæ хионты зарæг фехъусгæйæ дæр. Авд уæйыгмæ куы бахаудысты Нарты гуыппырсартæ, уæд «Нарт сæ тых – сæ бонæй ныззарыдысты, æмæ сын уæларвмæ сæ зарыны хъæр фехъуыста нарты болат Батрадз. Уыциу æхст раласта йæхи; хохыл сæмбæлди, æмæ йе 'ндоны зæллангæй кæмттæ, хъæдтæ æмæ быдыртæ ныййазæлыдысты». (Н.К. 197;1995)
Батрадз йæ маст исын куыд зоны, афтæ зоны хатыр кæнын дæр. Тутыр æй куры: «Гъæйтт, мардзæ, Нæртон Батрадз, курæджы куырдæн аргъ скæн æмæ йын ныббар». Фефсæрмы Батрадз æмæ йын ныххатыр кодта». (Н.К.242;1995 ) Батрадз равдыста барондзинад, хистæры ныхасæн аргъ скодта.
Батрадз у уæздан, уазæг æмæ фысымы æгъдау нæ халы. Деденæджы фырт Арæхдзауимæ сæ фæттæ куы 'хстой, уæд Батрадз æхсыны бар радта фыццаг уазæгæн. «Уазæджы разæй фатдонæй не сласдзынæн æз мæ фат».(Н.К.177;1995)
Хæмыцы фырт у фæлмæнзæрдæ, тæригъæдгæнаг. Сосланы тыгъдæй куы федта, уæд йæ зæрдæ суынгæг, йæ цæстытæ доны разылдысты.
Батрадзы стыр сгуыхтытæм разæнгард кæны канд Сатана нæ, фæлæ ма Акула- рæсугъд. Уый алкæуыл дæр Нартæй æвæры фаутæ. Æрмæст Батрадзæн зæгъы: «Ай-гъай расимин демæ, Хæмыцы фырт болат Батрадз,-Нарты 'хсæн æнаипп иунæг ды куы дæ. Фæлæ дæумæ дæр иу аххос ис…». (Н.К. 210;1995) Чызг ын нæ хатыр кæны, Нартæй иу зæронд лæг тыхгæнæг Хъæндзæргæсмæ уацары кæй ис, уый. Батрадз ирвæзын кæны зæронд Уоны, сæххæст кодта Акула – рæсугъды фæндон, сраст кодта йæ азым, ссыгъдæг йæ ном, йæ намыс.
Батрадз йæ гуыбыныл хæцы, сылгоймагæн, хистæрæн кад кæны, у æргомзæрдæ, рæстылдзурæг, хиндзинад æм мисхалы бæрц дæр нæ хæццæ кæны. Нартмæ ис алæмæты къус – Уацамонгæ. Йæ хабæрттæ раст чи радзуры, йе сгуыхтыл уæлдай чи нæ бафтауы, уымæн Уацамонгæ йæ дзыхмæ сисы йæхи. Нарты куывды Уацамонгæ фæци болат Батрадзы хай. Ацы æгъдауæн ис лæгдзинад æмæ патриотон хъомылады нысаниуæг - æрыгон фæлтæры разæнгард кæны æхсар æвдисынмæ, сæхицæн кад кæнынмæ. Æрмæст Батрадзы æвзарынц хуыздæрæн Нарт. « Уый æвзæрдзинад дæр нæ ракæндзæн, кæнын дæр æй никæмæн бауадздзæн йæ разы». (Ирон адæмон сфæлдыстад 255;1961)
Карз æмæ æгъатыр у Батрадз знагимæ, фæлæ тыхгæнæг нæу, уый у рæстæвзарæг. Йæ тох у мæнгарддзинады , хæрамы ныхмæ. Йæ маст исы рæстдзинады сæраппонд. Йæ фыд Хæмыцы туг исгæйæ, Нарт æмæ уæларвцæрджытæй, йæ мæлæт ссардта.
Хуыцау æрмæст Батрадзы мардыл æрæппæрста æртæ цæссыджы, уыдон кæм æрхаудысты, уым та февзæрди æртæ кувæндоны: Таранджелос, Мыкалгабыртæ æмæ Реком.
Кадджытæ фауынц æвзæр миниуджытæ, бæрзонд кæнынц хорз æгъдæуттæ: æхсар, æфсарм, рæстдзинад, рæдаудзинад, уæздандзинад.
Кæронбæттæн
Нæ наукон иртасæн куысты кæронбæттæны скодтам ахæм хатдзæгтæ: Батрадз у Нарты сæрхъуызой, се 'ппæтæй тыхджындæр, хæстарæхстдæр, йæ Фыдыбæстæйы сæраппонд цæттæ у мæлынмæ.
Хæмыцы фырт æгъдауы сæрты никуы ахизы, æнаххосæй никæй бафхæры, у æнæхин, рæстылдзурæг, фæлмæнзæрдæ.
Батрадз знагимæ у карз æмæ тызмæг, лæмæгъ адæймагæн, сылгоймагæн - бараг æмæ тæригъæдгæнаг. Йе стырдæр исбон уыдысты кад, намыс æмæ уæздандзинад.
Нæртон лæг мæлæтыл никуы хъуыды кодта, æрмæстдæр тарст худинагæй - ахæм у Нарты Батрадз.
Нарты хистæртæ Батрадзы банымадтой нæртон адæмы хуыздæрыл, æнаиппдæр хъайтарыл. Кæцыфæнды æвзонг лæппу дæр хъуамæ æдзухдæр бæлла Батрадзы хуызæн ныфсхаст, уæздан, хæрзæгъдау, хæдæфсарм лæг суæвынмæ. Уымæн æмæ Нарты Батрадз адæмы цæсты у нæлгоймаджы æмæ хæстон лæджы идеал.
Библиографи
1.Абаев В.И.Этимологический словарь осетинского языка. Т.1- Москва,1958.
2.Джыккайты Ш. Ныхасы фарн. Дзæуджыхъæу «Ир», 1996.
3.Ирон адæмон сфæлдыстад.Т.2.Сарæзт. Салæгаты З. -Дзæуджыхъæу,2007.
4.Миллер В.Ф. Осетинские этюды. Ч.1-3.- Владикавказ,1992.
5.Нарты. Осетинский героический эпос.Т.2-Москва,1989.
6.Нарты кадджытæ/Сарæзт.В.Абайты,Н.Багаты.-Дзæуджыхъæу,1995. 7.Сказания о нартах. Пер. с осет. Ю. Либединского. Москва, 1978.
8.Цгъойты Х. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат.-Дзæуджыхъæу,2005.
9.Энциклопедия: Т.1.Мифы народов мира. -Москва,1991.
10.Этнография и мифология осетин. Сост. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М.- Владикавказ,1994.
Акварельный мастер-класс "Прощание с детством"
Астрономический календарь. Январь, 2019 год
Весёлая кукушка
Бабочка
Астрономический календарь. Декабрь, 2018