Амбалова Зарина - ученица школы №44, пробует писать небольшие эссе на тему сохранения осетинского языка, культуры и обычаев. Пожелаем талантливой девочке успехов.
Вложение | Размер |
---|---|
Амбалова Зарина - ученица школы №44, пробует писать небольшие эссе | 24.17 КБ |
«Ирыстоны æрдз»
Ирыстон, куыд рæсугъд дæ, куыд! Дисы куы бафтауыс, уазæгуаты нæм чи æрбацæуы, уыцы бæлццæтты!
Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад дæрдтыл хъуыстгонд у. Райсомы хурыскаст нæ бæрзонд хæхтыл куы сæмбæлы, уæд цæстытæ нал фефсæдынц уыцы цæхæркалгæ урс цъититæм кæсынæй. Къæдзæхы цъуппытæй бынмæ згъорынц фынккалгæ æхсæрдзæнтæ. Къæйдуртыл кæм сæмбæлынц, уым фæйнæрдæм апырх вæййынц цыкурайы фæрдгуытау.
Нæ цъæх уыгæрдæнтæ дардыл айтыгътой сæхи алыхуызон дидинджытимæ. Мæргъты рæсугъд зард фæхъуысы нæ тар, сау хъæдты бæлæсты цъуппытæй. Цы нæ хуызон сырдтæ цæры уыцы хъæдты: сагтæ, сæгуыттæ, зубртæ, рувæстæ, æрсытæ, тæрхъустæ æмæ афтæ дарддæр.
Иннæ ахæм нæ дæттæ. Хъæждыг сты алыхуызон кæсæгтæй. Уæдæ нæ хъуыстгонд терк та! Хæхты бæрзондæй тындзгæ къæйтыл хойгæ рахæссы йæхи æмæ ахæццæ вæййы суанг Сау денджызмæ. Адæймаг уыцы рæсугъддзинæдтæм кæсгæйæ фарст радты йæхимæ: « Ай цавæр аргъæутты у?»
Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинады тыххæй æмæ ахæм æрдзы хъæбысы цы диссаджы уазæгуарзаг адæм цæрынц, уый тыххæй фыстой номдзыд адæмтæ дæр сæ уацмысты: Лермонтов, Пушкин, Грибоедов æмæ æндæртæ.
Мах сæрыстыр стæм нæ Ирыстонæй!
Цавæр у рæсугъд адæймаг?
Цавæр у рæсугъд адæймаг? Ацы фарстыл бирæ адæм хъуыды кæнынц, æмæ æз дæр уыдонæй иу дæн.
Адæмы куы быфæрсай, цавæр у рæсугъ адæймаг, зæгъгæ, уæд бирæтæ хъуыды кæнынц æддаг бакасты тыххæй, иннæтæ та – зондахасты тыххæй.
Æддаг бакастæй дæр зæгъæн ис, адæймаг цавæр у, уый. Зæгъæм, æрыгон чызг йæхи куы ныггомтæ кæны, æвзæр дзыхæй куы фæдзуры, уæд йæ æрдзон рæсугъддзинад æппындæр нал фæзыны. Адæймаг ахъуыды кæны, ай цавæр хæдзарæй рацыдис, зæгъгæ, чи сты йæ ныййарджытæ.
Фæлæ аив дарæсы мидæг, рæсугъд фаст дзыккутимæ чызгæй, йæ дзыхæй иу æнæуæздан ныхас кæмæн нæ фехъусдзынæ,иу уæлдай ми кæмæй нæ фендзынæ, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, дæ зæрдæ райдзæн. Дæ хъуыдыты вæййы: «Цæй диссаджы дзæбæх чызг у, æмæ цы æгъдауджын хæдзарæй рацыд!»
Æз тæригъæд кæнын уыцы фæсивæдæн,йæ хæдзары æгъдау чи нæ уыны, йæ ныййарджытæй æнæгъдау митæ чи уыны. Ахæм ныййарджыты хæдзарæй рæсугъд кæстæр никуы рацæудзæн.
Фæлæ ирон æгъдау цы хæдзары ис, хæдзары хистæртæ æгъдау ахсджиаг хъуыддагыл кæм нымайынц,уым сæ кæстæртæ дæр рæсугъд уыдзысты удыхъæдæй дæр æмæ æддаг бакастæй дæр. Ахæм хæдзары цы кæстæртæ рæза, уыдон, мæнмæ гæсгæ, хæлд фæндагыл нæ ацæудзысты.
Хистæртæ зæрдæрухс куы уой сæ кæстæртæй, уæд уый у амонд! Уымæн æмæ кæстæртыл лæууы нæ царды бындур. Æмæ цас кæстæртæ рæсугъддæр уой, уас рæсугъддæр уыдзæн нæ фидæны цард, уас нæ хистæртæн сæ зæрдæтæ уыдзысты рухс æмæ аондæй дзаг. Рæсугъддзинад рæсугъд хъуыддæгтæн у, æмæ хъуамæ рæсугъддзинад фервæзын кæна дуне æвзæрдзинадæй.
Æвзаг адæймаджы царды.
Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты ирон æвзаг, ирон фарн æмæ æгъдау. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы нæ даргъ æмæ уæрæх, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы итсорийæ, нæ ирон фарн ис нæ адæймагуарзоны æмæ нæ рæстдзинады, ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзиуыл. Æртæ дæр стыр ахъаз сты нæ иудзинадæн, фæлæ сæ сæйрагдæр у æвзаг. Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау и уфæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у йæ æвзаджы фидæнимæ.
Алы нацийæн дæр тулдз бæласау ис уидæгтæ, зæнг æмæ къалиутæ. Уидæгтæ сты йе ‘взаг, зæнг – йе ‘гъдæуттæ, калиутæ та – йæ царды мидис. Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ йæ уидæгтæ хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та зæнг ног къалиутæ рауадздзæн; йæ зæнг ын куы алыг кæнай, фæлæ йæ уидæгтæ цардхъмæй куы баззайой, уæд та тала суадздзысты
æмæ йын зæнг дæр уыдзæн æмæ къалиутæ дæр. Гъе, фæлæ йын йæ уидæгтæ куы ныллыг кæнай, уæд æрцыд йе сæфт.
Ахæм хъысмæт ис алы адæмыхаттæн дæр: йæ фидæн аразгæ у йæ уидæгтæй – йе ‘взаджы цардхъомæй. Æмæ йæ сæфт кæй нæ фæнды, уыцы адæм ацы æцæгдзинад хъуамæ æдзухдæр йæ зæрдыл дара. Афтæ махæн, ирæттæн дæр, уый иудадзыг хъуыддаг у. Цæмæ зонгæ-зонын нæхиуыл мæрдырох ма бафтауæм.
Мингай азты сæрты нæм нæ хистæр фæлтæрты фæрцы цы рæсугъд æмæ фæрæзджын æвзаджы фарн æрхæццæ, уый мах дæр хъуамæ фидæны фæлтæртæм адæттыныл зæрдиагæй бацархайæм.
Для чего нужна астрономия?
Крутильный маятник своими руками
Рисуют дети водопад
Загадка Бабы-Яги
Снежная сказка