Значение осетинского ритуального фынга и УАЦАМОНГА, рассмотренно в работе Рамоновой Алины. Она, использовав исторический и литературный материал, исследовала возникновение традиций связанных с фынгом и их путь до наших дней.
Вложение | Размер |
---|---|
Ирон фынг - хъомыладон скъола. | 41.47 КБ |
НЫВÆЗТ.
III. Кæронбæттæн.
Разœвœрд.
« Известно, что национальная культура и быт выражают дух народа, в них есть отдельные элементы, свойственные только данному народу и отличающие его от других народов. Такие специфические черты характерны для каждой нации, они являются той лептой, которую каждый народ вносит в сокровищницу мировой культуры, обогащая ее содержание».[1]
Хабалаты И.
Ирон фынг хъомылады скъола у, уымæн ыл сфидыдтой мæнæ ацы æмбисæндтæ: «Ирон фынг – зондамонæг» , «Фынджы бæркад – йæ уазæг, йæ кад та – йæ фæтчы, «Фынг хистæрæй фидауы» , «Лæджы гуыбын – куыдзы хуыссæн» , «Лæджы фæндаг æмæ фынгыл базонынц».[2]
Ирон фынджы æгъдæуттæ иу адæмы хатты фынджы æгъдæутты хуызæн дæр не сты. Ирон фынгæн цы бирæ æгъдæуттæ ис, уыдонæй иу у нуазæн. Уый у рагон æгъдау, цæуы æнусты арфæй. Ǽнусон æмæ традицион æгъдау вæййы мидисджын æмæ цардхъом, зæронд нæ кæны, цæуы ногæй ногмæ. Нуазæн у фынгæн йæ фидауц æмæ йæ кад, уый у ахъаззаг фæрæз æгъдауæн, лæгдзинадæн æмæ намысæн.
«Нуазæн раттын фыдæлтæй кадæн баззад» , «Ирон нуазæн кадджын у», «Нуазæн йæхицæн æгъдау домы» -ацы базырджын ныхæстæ зынынц нуазæны æртæ сæйраг æууæлы: йæ кар, йæ кад, йæ нысан.
Ирон монон царды нуазæн ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уымæн бирæ æвдисæнтæ ис адæмон сфæлдыстады. Алыккаты хъайтар Хазби мæйдар æхсæвы сцæйцыди Кæсæгæй. Æрджынарæгмæ куы схæццæ ис, уæд кæсы, æмæ йæ фæндагыл хæйрæджытæн – хъазт. Номдзыд лæг хъуыды кæны: «Размæ цæуон, æмæ мæ ацы дæлимонтæ æвыдæй нæ ауадздзысты; фæстæмæ здæхон, æмæ, ацы хабар Хъобаны куы дзурон, уæд мын фынджы нуазæн ничиуал ратдзæн. Раирвæзт æхсар æмæ зонды фæрцы. Таурæгъ «Хъуды абырджытæ» сахъгуырдты ныхмæ архайынц уырысы хицауад æмæ гуырдзыйы æмæ гуырдзыйы æлдæрттæ, зилынц йæ фæдыл. Æрбафтыдысты Урстуалтæм, Едысмæ. Ам сын разынд хорз фысым – Колыты Хила. Гуырдзиаг æлдар Хилайæн æрвиты зынаргъ лæвæрдтæ, цæмæй йæ уазджыты ратта, уый тыххæй. Тæссаг уыд Хилайæн хицауады ныхмæ лæууын. Фæлæ Хила лæвæрттæм йæ къух дæр нæ бакодта, афтæмæй загъта: «Æз Æгъуызаты æмæ Куырттаты ‘хсæн иу фынгыл бадын. Адæм нæ цæхх, нæ кæрдзын хæрынц, æмæ мæ уый куы айхъуыса, зæгъгæ, Хила йæ уазджыты ауæй кодта, уæд ма мын фынгыл нуазæн чи ратдзæн?»
«Нарты кадджыты»- Созырыхъо базœронд ис, йœ цардœй сфœлмœцыд œмœ фœсивœдœн йœхи œппарын кœны доны. Уыдон нœ разы кœнынц œмœ зœгъынц: « Адœмы ’хсœн баззайдзыстœм фидиссагœй. Уый нœ чи фехъуса, уыдон нын нал бакœндзысты хисты хай, нœ нын ратдзысты куывды нуазœн»
Ирон лœгœн фидис мœлœтœй тœссагдœр уыд. Куыд уынœм, афтœмœй лœг фидисау тœрсы, нуазœны аккаг куы нал суа, уымæй. Нœ фыдœлтœм, лœгœн нуазœны аккаг нœ уœвын, уыд карз œлгъыст.
Цœмœн у афтœ œвирхъау, лœгмœ нуазœн нал œрхœудзœн, уымœй тœрсын? Цы амонынц нуазœн раттын œмœ йœ райсын?
Мœ куысты сœйран нысаныл банымадтон ацы фарстатœн дзуапп ссарын. Мœ размœ сœвœрдтон ахœм хœстœ: раиртасын œгъдауœн йœ истории, йœ равзœрд, йœ уидœгтœ. Уый тыххœй та мœ бахъуыд сбœрœг кœнын историон œрмœджы, адœмон сфœлдыстады, «Нарты кадджыты», ирон литературон уацмысты куыд œвдыст œрцыдысты нуазœнимœ баст œгъдœуттœ.
Сœйраг хай.
Адæмы царды фидарæй цы æгъдау цœры, уымæн вæййы арф œмœ æнусон уидæгтæ. Ир скифты байзæддаг кæй сты, уый ахуыргонд адæмтæн арвæй бæрæгдæр у. 1882 азы В. Ф. Миллер рауагъта уац «Черты старины в сказаниях и быте осетин». Уым раиртæста, скифты Хъайтарты кæхц æмæ Нарты Уацамонгæ иу кæй сты, уыцы æцæгдзинад. Миллеры хатдзæгæн ис ахъаззаг æвдисæнтæ нартологийы дæр æмæ Иры историйы дæр.
Геродот фыста, зæгъгæ, скифты фыдæлтæн Арв æруагъта æртæ сызгъæрин хæзнайы, æртæ мигæнæны: 1) гутон æмæ æфсондз, 2) кард (секира), 3) кæхц. Ацы æртæ дзаумайы сты царды фæрæзтæ, сæ хъуыддæгты символтæ, уыдон сты кусæнгарз, хæцæнгарз æмæ кувæнгарз. Ацы хабарæй зыны, нæ рагфыдæлтæм кувæн дзаума куыд кадджын уыд, уыцы фæтк. Сызгъæрин кæхц уыди хуымæтæг нуазæнгарз нæ, фæлæ УАЗ, ХÆЗНА, ТАБУЙАГ кувæнгарз. «Золотую чашу скифы почитали как божественный дар и использовали её в различных ритуалах». [3]
Кувæн кæхц хъуыди æрвон тыхтæн табу кæнынæн, хицæуттæн цыт кæнынæн. Скифтæ цардысты хæстон дугъы, стæр æмæ æхсары заманты. Уым кад æмæ цыт кæнын хъуыди хъайтартæн æмæ сгуыхт лæгтæн. Хъайтартæн стырдæр кады нысан у кадæг – кады зарæг. «Одним из моральных поощрений было публичное подношение почётной чаши - нуазǽн, отличившимся в бою воинам. «Раз в год каждый правитель в своём округе приготовляет сосуд для смешивания вина. Из этого сосуда пьют только те, кто убил врага. Те же, кому не довелось ещё убить врага, не могут пить вина из этого сосуда, а должны сидеть в стороне, как опозоренные. Для скифов это постыднее всего. Напротив, всем тем, кто умертвил много врагов, подносят по два кубка, и те выпивают их разом».[4]
Геродоты фæрцы мах базыдтам, скифтæ хъайтарон нуазæнæй кæй кад кодтой, уый. Уыцы кæхц сгуыхт лæгæн уыди цыты нуазæн, кады нысан, стыр хæрзиуæг.
Скифты кæхцæн йæ нысан уыд сгуыхтæн кад кæнын, йæ нысаниуæг - хъайтартæ хъомыл кæнын. Æфсæддон цардæй цы адæмтæ цардысты, уыдоны æгъдæуттæ уыдысты хæстон хъуыддагмæ разæнгардгæнæн мадзал, сæ нысан уыд ныфс, æхсар æмæ лæгдзинад рæзын кæнын. Уый адœмы хсœн рœзын кодта ахœм зондахаст: хорзы фœзмынын, сгуыхтмœ тырнын, кады хъуыддœгтœй ном кœнын, хидинагœй тœрсын, œгады цардœй хи хъахъхъœнын. Ахœм œгъдауыл цардысты скифаг хъайтартœ œмœ нœртон гуыппырсартœ дœр.
Кады кœхцимœ œмбœлœм «Нарты каджыты»-ы дœр. В. Миллер фыста: « Уыцы къус (эпосы ) райста алœмœт œууœлтœ, хœссы сœрмагонд ном дœр – Уацамонгœ, Нœртамонгœ». Абайты Васо ацы кувœнгарзы мидис œмбарын кœны афтœ; «божественная указательница». Уацамонгœ амоны œмœ иртасы рœстдзинад, œцœг сгуыхт œмœ œцœг намыс; уый у, сайœн кœмœн нœй, ахœм рœстœвзарœн. Уый œфснайд уыди Нарты иумœйаг кувœндоны. Нартœ иудадзыг кодтой ерыс, œвзœрстой œцœг сгуыхт œмœ лœг – хуыздœр чи у, уый. Йœ хъуыддœгтœ раст чи œвдыста, уымœн –иу дзаг кœхц йœ дзыхмœ йœхи систа йœхœдœг.
Нарт ацы Уацамонгœйœ хордтой АРД. Искœй ныхœстыл дызœрдыг кœнынц, уœд ын- иу сарœзтой, Нарты Уацамонгœйœ куыд баназа. Кœд лœг раст дзуры, раст у, уœд нуазœн йœ былтœй акœлы, кœд сайгœ кœны уœд та нозт йœ бынатœй не сызмœлы.[5]
Ацы фœткœн œвдисœнтœ ис скифты царды, зœрин аивады. Зынгонд у, дыууœ скифы иу нуазœн кœм нуазынц, уыцы ныв: уый œвдисы œрдхорд кœнын œмœ œфсымœрдзинад. Æрмœст сœ мигœнœн къус нœу, фœлœ егъау сыкъа – ирон традицион кусœнгарз. Ацы œгъау œрхœцœ абоны бонмœ. Кœрœдзимœ фыдœх чи хаста, уыдонœн фидыды нысанœн нуазын кœнынц иу сыкъа.
Скифты царды дœр œмœ нарты царды дœр Уацамонгœ фœвœййы œцœг хъайтары хай. « В Нартском эпосе выражены нравственные нормы нартов: мужество, воздерженность в застолье и глубокое уважение к женщине. Достойным по этим мерам нравственности преподносилась почетная божественная чаша».[6] Кадджыты ахœм хъайтар фыццаджы дœр у Батрадз, Хœмыцы фырт, нœртон идеалон герой.
Батрадз œдзухœй дœр рамбулы, фœлœ нуазœн, кады кœхц нуазыны бар дœтты Хœмыцœн, - уымœй цыт œмœ ном кœны йœ фыд œмœ йœ мыггагœн.
Нарты эпос нын дœттын нуазœны œндœр функции дœр: лœвœрдтой рагацау сгуыхыны сœраппонд, йœ нысан уыд стыр œмœ ахсджиаг хъуыддагмœ разœнгард кœнын.
Нарты œрцœуы фыд рœстœг, ныууары зœлты мит, сœфынц сœ фос. Уырызмœг кувы: «Хуыцау, Нарты мыггагмœ ахœм гуырд куыд фœзына, œмœ Нарты фœллой сœфын чи нœ бауадза!- куы скыфта уœд базыг œмœ нуазœн алœвœрдта Соланмœ œмœ загъта: Нарты фœллой чи фескъœра, уый у не фсымœр Сослан».[7]
Нарты эпосы цард œвдыст нывœвтыд œрцыд йœ алы хуызты. Рухс кœм ис, уым ис аууон дœр. Иугъœдон нœ хаста нуазœны хъуыддаг дœр. Арœх цыты œфсон вœййы хин, разыны хœрамы хос. Хъœздыг Борœтœ сœ удхœссœг уынынц хъайтар Æхсœртœггатœй, сфœнд кодтой Уырызмœджы амарын, мœнгардœй йœ œрбасайынц сœ куывдмœ, дœттынц œм œнœгъдау бирœ нуазœнтœ. Уырызмœг Сатанайы амындœй амœлттœ кœны. Уœд Борœтœ Сырдоны амындœй Уырызмœгмœ дœттынц Бœхджыны нуазœн
(œвœццœгœн Уастырджийы номыл) œмœ: « Орœзмœг дœр «нœ» йœ сœрмœ не рхаста ама ануащзта: дзой – дзойма œрцудœй» Нуœзтœй лœджы марын Сослан хоны фыдракœнд œмœ œфхœры Борœты.[8]
Бирœ дœнцœгтœй эпос фауы нуœзтœй тых кœнын.
Ирон нуазœн у нœртон œмœ скифаг нуазœнты фœдон. Фœлœ бирœ œнусты дœргъы фœфылдœр сты йœ хуызтœ œмœ йœ функцитœ. Абон дœр фынгыл цыты нуазœн дœттынц сгуыхт лœгœн – хœстон œмœ фœдисонœн. Уыц фœтк ирдœй œвдисы Къубалты Алыксандры поэмœ «Алгъуызы куывд». Нузалы ис стыр куывд. Сыстад уым Бибор œд нуазœн: - Ды нœ фœтœг, ИРЫ ’хсар!» [9]- дзуры Алгъуызмœ, нымайы фœтœджы хœстон сгуыхтытœ œмœ йын дœтты нуазœн – къус, сыгъзœрин къœхц. Алгъуыз дзуаппœн зœгъы арфœйы ныхœстœ.
Цардимœ ивгœ цœуы œгъдау дœр. Нœ рœстœджы адœм нуазœнœй кад œмœ цыт кœнынц сгуыхты бирœ хуызтœн: разагъды лœгœн, ахуыргондœн, зœхкусœгœн, спортсменœн, артистœн. Нуазœны функцитœ фылдœр кœй фесты, уый зыны эпосы дœр. Нарты афœдзы œмбырды дœттынц œртœ нуазœны: 1) хœстон хъœбатырœн; 2) сылгоймагимœ œгъдауджын чиу, уымœн; 3) гуыбыныл уœздан чи разыны, уымœн.
Иннœ варианты Созырыхъоœртœ нуазœны дœтты: 1) хъаруджын гуырд кœй хœдзары ис, уымœн; 2) сылгоймаджы хорз цы хœдзары ис, уымœн; 3) цœхх œмœ кœрдзыныл рœдау чи у, уымœн. Ацы œууœлтœ œвдисынц ирон адœмы этикон зондахаст, сœ намысон идеалтœ, уыдоны зыны бœрзонд культурœ.
Ам и сиу цымыдиссаг œгъдау. Нуазœн кœмœ œрхауа, уымœн Созырыхъо зœрдœ œвœры: « Йœ нозт ын – Хуыцауы хœлар, йœ мигœнœн та- мœнœй лœвœрдгонд». Уый уыд рœсугъд œгъдау. Фœлœ йын ис фœзилœнтœ дœр. Иу куывды Нарт рахастой уынаффœ: «Уый чи баназа, уый йœ ахœссœд». Уырызмœг сагъœсы бацыд: « Куы йœ баназон, уœд мœлгœ кœндзынœн, кœд œй нуазон, уœд мœ фыдœлты хœзна исчи хœсдзœн». Иу дзырдœй рœсугъд œгъдау йœ мидис аивта. Абон нуазœнгарз рамбулыныл ерыс цœуы гуыбыны тыххœй. Æниу, стыр нуазœн афœлдахын œмœ дœ къœхтыл лœуу, уымœн дœр хъару хъœуы.
Нарты кадджыты сфœлдыстой куырыхон адœм. Кардœн чи куывта, уыцы фыдœлтœ Сырдоны фœндыр схуыдтой œппœты зынаргъдœр хœзна.
Эпосы ис œмбисонды эпизод. Чындзœхсœв кœны Хуыцауы хœрœфырт, œмфынг сты зœдтœ œмœ Нартœ. Ацœмœз уадындзœй цœгъды, гуыппырсартœ кафынц. Уœд Хуыцауы хœрœфырт ныббузныг йœ уазджытœй. Кады нуазœнтœ сœм ратты œмœ зœгъы: «Кадджын уыдыстыт, нœртон адœм, œмœ кадджынœй фœцœрут»
Уый Нартœн лœвар кœны дзœвгар фос, фœлœ Нартœн бирœ фосœй нуазœн уыди бирœ зынаргъдœр.
Нœ адœмы зонд курдиат скодта œхсары œмсœр, хъайтары œмрœнхъ œрœвœрыны аккаг сси аивады кусœг. Ацы фœткыл амад у Къубалты Алыксандыры œмдзœвгœ «Куыр Бибо». Фœрныг фысым фыццаг нуазœн дœтты фœндырдзœгъдœгœн, кадœггœнœгœн. Арфœйы дзуаппœн Бибо зœгъы йœ фœндырœй: «Лœудзœни сœ зœрдыл уый ирœн мыггагмœ, куыд лœудзœн м зœрдыл дœ нуазœн, дœ къус».[10]
Ирон адœммœ уазœг кадджын у. «Гостя осетин защищает как самого себя и погибает скорее сам, чем уступит врагу его тело; он берет на себя кровную месть за него... Они щедры, делят свое пропитание между нуждающимися, услужливы, не отказывают просящему другу. Гостя они принимают со следующими словами: «Мой дом — твой дом; я и все мое — твое». С тем, кто находится под их защитой, они обращаются как с родственником и не отдают беглецов». [11] Уазœг буц кœнынœн ахъаззагдœр фœрœз сси нуазœн. Фыдœлтœ дзырдтой: « Нуазœн дœм кœм нœ хауа, нуазœн ратты бар дын кœм нœ уа, ахœм фынгыл макуы сбад» ирон фынгыл ис фидар œгъдау: хистœр 3-4 сидты фœстœ сœрмагонд гаджидауœй ссары уазджыты ном œмœ сœм ратты нуазœнтœ. Уазджытœ сыстынц, лœугœйœ райсынц нуазœнтœ, сœ хистœр арфœ ракœны, стœй сœ баназынц œмœ сбадынц. Уœд бадты хистœр рœгъ рауадзы уазджытœн сœ цœрœнбоны тыххœй.
Фысым уазœгœн нуазœн нœ радта, зœгъгœ, уœд œй уазœг йœхицœн нымайы œгад œмœ œфхœрдыл. Ам œрымысœм иу сюжет. Иу хœдзармœ œрбафтыд йœ туджджынтœй чи лыгъд, ахœм уазœг. Хœдзары хицау œй бахуыдта мидœмœ, фынг ын œрœвœрдта, базыдта йын йœ уавœр. Фœлœ диссаг – фысым нœ тагъд кœны, не сты йœ фынгœй. Фысым аивœй рацыд кœртмœ, хабар ракодта сыхœгты зœронд лœгœн. Уый йœ фœрсы: «Нуазœн ын радтай, нуазœн?» фысым бамбœрста хъуыддаг, баздœхт œмœ уазœгмœ авœрдта нуазœн. Уазœг фœгœпп ласта, арфœ ракодта, œмœ йœ цœст дœр нал ауыдта, - асхуыста йœ фœндагыл. Куыд уынœм афтœмœй нуазœн ирон лœгœн йœ цардœй зынаргъдœр у, уымœн œмœ уый œгъда у, кады нысан œмœ цыт. Æгъдау та мœлœтœй тыхджындœр у.
Адœмы фарн рœзы фœлтœрты бастдзинадœй. Нœртон куырыхон лœг зœгъы: «Нœ адœм адœм уœд уыдысты, œмœ сœ кœстœр хистœры куы нымадта, кад ын куы лœвœрдта, кœрœдзимœ куы хъуыстой, кœрœдзийœн аргъ куы кодтой». Кœстœртœ адœмœн сœ ныфс œмœ сœ фидœн сты. Ирон фынджы фидауц у кœстœрты цœрœнбон ракувын œмœ уыдонœн нуазœн раттын. Ацы œгъдау нœ хъœуы хœццœ кœнын, фœстагмœ кусарты хъусимœ цы нуазœн раттынц, уыимœ. Хетœгкаты Къостайы кадœг «Хетœг»-ы уœздан хистœр Солтан, фыццаг рœгъы фœстœ œрымысы сгуыхт кœстœрты œмœ «œфхœры» йœхи: «Барасыг, срасыг дœн, афтœмœй лœппутœй ничима фœци мœ нуазœны хъœстœ».[12] Алы œгъдауœн дœр иск ад œмœ рад. Фœндзœм œхсœзхœм рœгъыл хистœр гаджидау рауадзы кœстœрты номыл, фœдзœхсы сœ Уастырджийыл œмœ сын хаимœ дœтты нуазœн. Кœстœртœй иу (сœ хистœр) цыбырœй арфœ кœны хистœртœн. Нœ йын œмбœлы бирœ дзурын – кœстœры дзыхы «амменœй» хуыздœр ницы фидауы. Ирон œгъдаумœ гœсгœ кœстœр хистœрœн нœ дзуры «уœ цœрœнбон бирœ уœд». Дзуры: «Фœрнœй уœле бадут, уœ кœстœртœй уœ зœрдœ рухс уœд».
Ацы рœгъы хистœртœм нœй нуазœн фœстœмœ дœттœн. Нуазœны фœстœ хистœртœ сисынц Фœндагсœры зарœг, кœстœртœ хъырнынц. Радон рœгъыл кœстœрты хœс у хистœртœн œртœ нуазœны бахœссын (œнœ хайœ), арфœ ракœнын. Иугœр хистœртœ нуазынц, уœд сын кœстœртœ зарынц: «Айс œй, аназ œй». Ацы дыууœрдœм нуазœнтœ сты, œмбал кœмœн нœй, ахœм рœсугъд œмœ мидисджын œгъдау, уый дыууœ фœлтœры кœны œнгом, œмзонд œмœ œмзœрдœ; амоны кœрœдзимœ хъусын, кœрœдзийœн аргъ кœнын; уый фынгыл нœ уадзы ронбœгъдœй бадын, домы фидар œмœ хъœстœлвœст уœвын.
Хистœрыл бирœ хœстœ ис. «Мœ фыд дзырдта: «Кœд дœ фœнды дœ хъœнтœ базонын, уœд хистœрœн сбад».[13] «Фынг – паддзах. Уый кœд у дœ бар, уœд дœхи бœсты раздзогау дар».[14] Æнцон нœу фœтœг уœвын, разамынд œмœ œгъдау дœттын.
Цины хъуыддаджы хицœн фынгтœ куы вœййы, уœд сœйраг фынгœй иннæмæ æрвитынц нуазæн- æртæ нуазæнгарзы æмæ хай. Уыцы фынгæй дœр фœстœмœ цœуы дзуапп.
Ис ма уæздан æгъдау: зианджын лæг фыццаг хатт цины фынгмæ куы бацæуы, уæд ын дæттынц арфæйы нуазæн.
Нуазæн кадæн у. Фынджы бæркад цæуы æфсинтæй. Уæздан куывдогтæ арфæйы оххыл нуазæн хæссынц æфсинтæн. Уый тыххæй ис фæткон фæдзæхст: «Æфсины нуазæнæн здахæн нæй».
Карз æмæ тыхджын у нуазæны æгъдау, - уый ирон лæгæн æлдар у.
Нæ ирон нуазæн де сконд æгъдау нæу, -
Фæтк бахизæд йе фесафынæй дæу.[15]
Кæд æфсины нуазæн домы æгъдау, уæд чындзы нуазæны та ис ноджы фылдæр æфсарм. Ирон адæмæн чындзы фарн табуйаг уыди. Уырызмæг зоны Борæтæ йæ хонынц марынмæ уый, фæлæ чындз-хонæгæн йæ бон нæ уыди «нæ» зæгъын, - ацыд хуынды æмæ бахауд фыдывзарæны.
Æгъдауæн ис рæсугъдæй хæссæн, ис ын халæн дæр. Кадæг нын дзуры: «Нартæн сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой». «Любые народные традиции и нормы поведения, проходя через столетия, а зачастую и тысячелетия, в определённой степени трансформируются и отчасти приспосабливаются к условиям данного времени. Некоторые традиции, часто не самые худшие, не вписывающиеся в реалии сегодняшней жизни, безвозвратно уходят в прошлое.
Но есть ещё одна тенденция, наблюдаемая сегодня повсеместно. Это, когда традиция сохраняется, но со временем покрывается вредным налётом, который искажает саму её суть и значение. И тогда былая красота и глубокий внутренний смысл переходят в убогость и отвратительность.» [16]
Фырнозтæй сæфынц æгъдау, зонд, æхсар. Мах хатгай кæрæдзийыл нал ауæрдæм, кæрæдзи «буц кæнæм» хъæбæр нозтæй. Бирæтæ тыхми кæнынц уазæгыл, кæд уый нырма хæдтулгæйыл бадын хъæудзæн, уæддæр. «Этот «обычай» является сущим надругательством, как над законами знаменитого осетинского гостепреимства, так и над основополагающими нормами традиционного застолья».
«Испокон веков среди основ наших обычаев, традиций и образа жизни были: сдержанность в еде и употреблении спиртных напитков. Если и были единицы – любители выпить, они были изгоями общества, позором любого осетинского рода или села. О них складывали насмешливые позорные песни, за них не выдавали дочерей и не предоставляли слова на Ныхасе».[17]
«Бирæ хæттыты æгъдау, дам, афтæ домы, зæгъгæ, хъæуа – нæ хъæуа нуазæнтæ ныккалынц кæрæдзийыл, æппындæр кады нуазæны аккаг чи нæ у, уыдоныл дæр. «Исходя из того, что напиваться допьяна во все времена в Осетии считалось величайшим позором, можно уверенно сделать вывод: всё связанное с черезмерным употреблением спиртного (вне тостов, вне стола, вне очереди, «почётные» бокалы неизвестно за что и т.п) является мусором в народных традициях, подрывающим его основы и лишающим их будущего». [18]
Куыд тынг фæцыдис мæ зæрдæмæ ацы фыды фæдзæхст йæ фыртæн:
« хъусыс, лæппу, нозтæй тых макуы макæмæн бакæн. Дæ хæдзармæ уазæг куы æрбацæуа, уæд æй уадз йæхи бар, баназ, стæй ахæр, зæгъгæ, йæм ма дзур. Йæ разы цы хæрд æмæ нозт ис, уыдон уый тыххæй æвæрд сты. Æцæг хъуамæ уазæгæн нуазæн авæрай. Йæ бон куы нæ уа, уæд ын тыххæй ма нуазын кæн.[19]
Хатдзæгтæ.
Уый фезмæлдзæн æрмæст
æцæг Ныхасмæ.
Уый хъусы дардмæ
зонды хъæр,
ныфсы хъæр,
æмæ йæ сисдзæн
зондджындæр,
ныфсджындæр!
Литературæ.
[1] Хабалаты И. «Нуазан», Владикавказ, 1996г стр.9
[2] «Ирон адæмон æмбисæндтæ». Владикавказ. 1998.
[3] Геродот .476-425 гг до н.э. Владикавказ, 1991
[4] Хабалаты И. «Нуазан», Владикавказ, 1996г стр.9
[5] «Нарты кадджытœ».
[6] Хабалаты И. «Нуазан», Владикавказ, 1996г стр.9
[7] «Нарты кадджытœ».
[8] «Нарты кадджытœ».
[9] Къубалты Алыксандры. «Æвзæрст уацмыстæ» . Владикавказ. 2004
[10] Къубалты Алыксандры. «Æвзæрст уацмыстæ» . Владикавказ. 2004
[11] Л. ШТЕДЕР. 1781 г. (24, с. 33, 38)
[12] Хетагуров Коста. ПСС в пяти томах. Т. IV. Владикавказ, 2000.
[14] Мыртазты Барис
[16] http://ossetians.com/rus/news.
[17] http://ossetians.com/rus/news.
[18] http://ossetians.com/rus/news.
[19] Мырзæгæнты М. «Мæ хъуыдытæ» «Рæстдзинад», 1999. №123
Медведь и солнце
Заповеди детства и юности
Марши для детей в классической музыке
Что общего у травы и собаки?
Ах эта снежная зима