Перевод русских народных сказок "Диво-дивное" и "Соломинка, лапоть и пузырь" на осетинский язык.
Вложение | Размер |
---|---|
zhurnal_daryal.docx | 23.12 КБ |
Работу выполнила Кочиева Альбина Цезаревна, ученица 9 кл. МБОУ «СОШ №2» ст. Архонская.
Учитель- Сланова Манана Гаёзовна
Сказка взята из сборника «Русские сказки»
Составитель-Тамарина Г.
изд. «Укитувчи» Ташкент 1986год.
При работе над переводом использовался «Краткий осетино- русский и русско-осетинский словарь».
Автор- Гуриев Т.А.
изд. «Респект», 2011г.
Работы подготовлены для участия в республиканском конкурсе литературного журнала «Дарьял» в номинации «Перевод русской народной сказки»
Название сказок для перевода на осетинский язык
«Диво -дивное» и «Соломинка, лапоть и пузырь»
Диссӕгты-диссаг.
(уырыссаг аргъау «Диво-дивное»-мӕ гӕсгӕ)
Царди ӕмӕ уыди иу хъӕуы мӕгуыртӕй-мӕгуырдӕр лӕг. Сывӕллӕттӕ йын бирӕ уыди, кӕрдзын та йӕм фаг нӕ уыди. Иуахӕмы сӕ фӕстаг ссады муртӕ фесты. Ус фыр мӕтӕй ныссау ис, йӕ сабитӕ ӕххормагӕй кӕуынц- хӕринаг агурынц.
-Ныр цы ми кӕнӕм? Кӕрдзыны фаг кӕм самал кӕнӕм?
Ацыд мӕгуыр лӕг сӕрӕй кувгӕйӕ йӕ бонджын сыхагмӕ:
-Баххуыс мын кӕн, мӕ хорз сыхаг! Хӕсӕй мын дзул авӕр! Куыддӕр мӕ холлаг ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, афтӕ дын мӕ хӕс бафиддзынӕн. Дӕуӕн кусдзынӕн-дӕ зӕрдӕхудты нӕ бацӕудзынӕн!
Бонджын та йӕм хъусгӕ дӕр нӕ кӕны:
-Дӕхуызӕн стонггуыбынтӕ ам бирӕ ис! Алкӕй мӕт куы кӕнон, уӕд мӕхӕдӕг дӕр уӕхи хуызӕн суыдзынӕн! Цӕугӕ ардыгӕй, мӕнмӕ фӕндаг ферох кӕн!
Лӕг хӕдзармӕ афтид къухӕй ӕрхӕццӕ. Тӕрхӕгыл ӕрбад- катайы бацыд: куыд цӕрон ныр?
«Цом,-хъуыды кӕны,- хъӕдмӕ ацӕуон, тӕрхъус кӕнӕ саугар уӕддӕр ӕрцахсон».
Райста йе нӕбар топп ӕмӕ араст.
Бон-изӕрмӕ хъӕды фӕрахау-бахау кодта. Бафӕллади, фӕлӕ тӕрхъусы къудийыл дӕр нӕ сымбӕлди. Фӕдзӕгъӕл и, мӕгуыр, хъӕды астӕу. Ӕрдудзмӕ рахызт, ӕмӕ цыдӕр хъӕр-хъӕлӕба йӕ хъустыл ауад. Ӕввахсдӕр бацыд, ӕмӕ мӕнӕ диссаг- дӕлимонтӕ хъӕдохы нӕмынц. Ныккалдысты йыл, гыццыл ма, ӕмӕ йӕ ныттондзысты.
Хъӕдох йӕхи зӕхмӕ ӕлвасы, дӕлимонтӕй куыд фервӕза, уымӕн йӕ сӕрӕн ницы зоны. Дӕлимонтӕ йыл тых кӕнынц. Лӕг сӕм кӕсы-кӕсы, ӕмӕ хъуыды кӕны.
«Уый та куыд у! Махмӕ афтӕ не мбӕлы!». Йӕ топп фелвӕста, ӕмӕ цыл иу гӕрах фӕкодта. Дӕлимонтӕ фӕтарстысты ӕмӕ цадмӕ фӕгӕппытӕ кодтой. Бацыд лӕг хъӕдохмӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы:
-Цӕй цы? Ӕгас ма дӕ?
Хъӕдох йӕхимӕ ӕрцыди ӕмӕ загъта:
-Бузныг дын, лӕгай. Ӕнӕ дӕу мӕ сӕр сӕфты фӕуыдаид. Ардӕм та дӕ цы хуыцау ӕрхаста?
-Мӕнӕ, зӕгъын, иу тӕрхъус кӕнӕ саугарк ӕхсӕвӕры фаг мӕ бинонтӕн ӕрцахсон, фӕлӕ мӕ цыд дзӕгъӕл фӕци.
-Ма тыхс лӕг! Ӕз дын хорз лӕвар скӕндзынӕн!
Ӕмӕ лӕджы акодта йӕ хӕдзармӕ. Куы рбахӕццӕ сты, уӕд йӕм дзуры.
-Уыныс, мӕ хӕдзары раз хъаз рацу-бацу кӕны?
-Уынын.
Уӕдӕ ма кӕс, ныртӕккӕ цы уыдзӕн, уымӕ.
-Хъаз, уӕ хъаз, ардӕм ма рауай! Хъаз уайтагъд мидӕмӕ балыгъд. Хъӕдох тебӕ фелвӕста, ӕмӕ дзуры:
-Хъаз, уӕ хъаз, дӕ пакъуытӕ ӕруигъ, ӕмӕ тебӕйыл ӕрхуыс! Хъаз дын йӕ бумбулитӕ ӕруыгъта ӕмӕ тебӕйыл ахуыссыд. Хъӕдох та уыцы тебӕ пецы куы авӕрид!
Хъаз сфыхти, уӕдӕ куыд уыдаид, хъӕдох ӕй пецӕй райста ӕмӕ дзуры:
-Ныр та хӕрӕм! Фӕлӕ кӕс, йӕ дзидза йын хӕр, йе сджытӕ-та иуварс кӕн! Фынгыл абадтысты дыууӕйӕ, хӕрыныл схӕцыдысты.
Фӕсхӕрд хъӕдох сджытӕ райста, бумбулитимӕ цӕ схӕццӕ кодта ӕмӕ загъта:
- Хъаз, уӕ хъаз, уӕлӕмӕ сыст, дӕ пакъуытӕ ӕруигъ!
Ӕмӕ дын мӕнӕ диссаг! Фӕзынди та хъаз, цы уыди, уымӕй хуыздӕр! Йӕ пакъуытӕ ӕрцагъта, йӕ базыртӕ аивӕзта. Цыма пецы дӕр никуы уыди!
- Гъӕуый дын диссӕгты-диссаг! –бадис кодта лӕг,- мӕ цӕрӕнбонты ахӕм диссаг никуы федтон!
-Уӕдӕ дын лӕвар кӕнын ацы диссаг. Уыдзӕн ныр дӕ хӕдзары алы бон ӕнӕлхӕд хӕринаг!
Хъазы лӕджы къухы авӕрдта, ӕмӕ йӕ йе уӕхсджытыл абадын кодта. Уайтагъд ӕй хъӕды ӕрдузмӕ фӕхӕццӕ кодта.
Лӕг худгӕ-заргӕ йӕ хъазимӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд:
-Гъей, ме фсин, гъей мӕ хъӕбултӕ! Ӕнӕхъӕн бон хъӕды дзӕгъӕл нӕ фӕрацу-бацу кодтон: æрбахастон уын диссæгты- диссаг. Ныр нын æххормагæй тас нал у!- Æмæ цын хъаз равдыста.
Ус бакаст хъазмæ, тыхст улæфт скодта, æмæ загъта:
-Ацы диссаг нын иу æхсæвæры фаг йеддæмæ нæу!
Лæг йæ мидбылты бахуд:
-Ма тыхс, не фсин, чи зоны райсомы фаг дæр нын суыдзæн! Рахæс-ма нæ тебæ!
Ус тебæ рахаста. Лæг дзуры:
- Хъаз, уæ хъаз, дæ пакъуытæ æруигъ, æмæ тебæйыл æрхуысс! Хъаз та йæ бумбулитæ æруыгъта, æмæ тебæйыл ахуыссыд.
-Тебæ пецы бавæр, не фсин!
Гыццыл фæстæдæр лæг дзуры:
-Афонмæ нæ хъаз сфыхти. Райс æй, æмæ йæ бахæрæм.
Фынгыл абадтысты, хъазæй минас кæнынц. Лæг сджытæ æппарын нæ уадзы- иу ранмæ цæ æмбырд кæны.
Куы бахордтой, уæд лæг бумбулитæ сджытимæ баиу кодта æмæ дзуры:
- Хъаз, уæ хъаз, уӕлӕмӕ сыст, дæ пакъуытæ æруигъ, æмæ кæртмæ ацу!
Хъаз уайтагъд сыстад, йæ пакъуытæ æруыгъта, æмæ кæртмæ фæраст ис, цыма йыл никуы ницы æрцыд, уыййау.
- Уый дын диссæгты-диссæг!- дзуры ус.- Æппыныдзух дæр нæм ныр афтæ уыдзæн?
- О, афтæ, не фсин!
Лæг йæ бинонтимæ æнæмæт цард кæнын байдыдтой. Æнæхæрд нику баззадысты.
Цас рæстæг рацыди, чи зоны, фæлæ уыцы хъуддаг базыдта сӕ бонджын сыхаг. Мӕгуыр лӕгмӕ хӕлӕггӕнгӕйӕ йæ бон цæрын дæр нал уыди.
«Гъама,- хъуыды кæны, -уазӕгуаты цӕм бацӕуон, мæхи цӕстæй йæ фенон, æмæ сын сæ диссаджы хъаз расайон!»
Сихор афон цæм бацыд, фæлæ цы дзура, уымæн ницы ӕрхъуыды кодта.
- Дæ бон хорз, мæ сыхаг!
-Æгас цу!
- Мӕнæ, зæгъын, дæм догъыт нæй – мӕ уӕрдон байсӕрдон, кӕннод мӕхион фӕци?
- Цытæ дзурыс, мӕ сыхаг! Кæцæй мæм ис догъыт? Уӕрдон нӕ, фӕлӕ мӕм бӕх дӕр куы нӕй, дӕхӕдӕг ӕй куы зоныс!
-Хæргæ та цы кæнут?
-Хъазы фыд.
-Базары йӕ балхӕдтай?
- Кæцæй! Цавӕр базары кой кӕныс!
Ӕмӕ радзырдта мӕгуыр лӕг хабар куыд уыди, уый. Бонджын лӕгмӕ лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ дзуры:
-Рауӕй –ма мын кӕн дӕ хъазы! Хорз аргъ дын цъойӕ ратдзынӕн, нӕ дӕ фӕхъыг кӕндзынӕн!
- Нӕ, мӕ сыхаг! Дзургӕ дӕр мӕм ма кӕн- нӕ йӕ уӕй кӕнын!
Бонджын ӕнӕницӕмӕй ацыд, фӕлӕ йӕхӕдӕг-та хъуыды кӕны:
«Тыххӕй йын ӕй уӕддӕр байсдзынӕн!»
Банхъӕлмӕ каст, ӕмӕ, лӕг йӕ ус ӕмӕ сывӕллӕттимӕ хъӕдмӕ сугмӕ куддӕр ацыдысты, афтӕ хъазы радавдта…
Хӕдзармӕ ӕрбацыд, йӕ усӕн пец бандзарын кодта, стӕй тебӕ рахӕссын кодта. Дзуры хъазмӕ:
- Хъаз, уӕ хъаз, тебӕйыл ӕрхуысс!
Хъаз къуымӕй-къуыммӕ рацу-бацу кӕны, раст цыма йӕ хъусгӕ дӕр нӕ кӕны, афтӕ. Бонджын смӕсты ис хъазмӕ, ӕмӕ тебӕйӕ хъазы сӕрӕн-дзӕхст! Тебӕ дын йӕ иу кӕронӕй хъазы сӕрыл, иннӕ кӕронӕй бонджыны къухыл куы бандадзид! Афтӕ фидар ӕндӕхст фӕци, ӕмӕ йын ратоныны бон нӕ уыди. Бонджын иууырдӕм, иннӕрдӕм йӕхи ратон-батон кӕны, стӕй йӕ усмӕ хъӕр кӕны…
-О, гормом, цы кӕсыс ӕдылыйау? Ацы ӕнӕхайыр хъазӕй мӕ фервӕзын кӕн! Ӕвӕццӕгӕн исты кӕлӕнтӕгонд у!
Ус фӕлӕбурдта, ӕмӕ йӕ лӕгыл бандӕгъд… Фӕдис хъӕр кӕнынц, ӕххуысмӕ сидынц сӕ чызджытӕм.
Хистӕр чызг сӕм йӕхи баивӕзта, ӕмӕ бандӕгъд. Кӕстӕр чызг хистӕры раивӕзта, ӕмӕ уый дӕр сыл бандӕгъд…
Хъаз хъӕрӕй ныхъхъа-хъа кодта ӕмӕ сӕ йӕ фӕстӕ раласта хӕдзарӕй кӕртмӕ, кӕртӕй та уынгмӕ.
Цӕуы хъаз базармӕ, уӕйгӕнджыты раз, хъӕрӕй хъа-хъа кӕны. Иу сӕудӕджер сӕ куы ауыдта, уӕд сфӕнд кодта бонджынӕн аххуыс кӕнын. Кӕстӕр чызгыл фӕхӕцыд, ӕмӕ йыл ныффидар.
-Уӕу,-хъӕр кӕны,- фӕдис! Уӕу, фӕдис!
Айхъуыста сӕ хъӕр сӕрдар, ӕххуысмӕ балыгъд бонджынмӕ ӕмӕ сӕудӕджермӕ. Фӕлӕ уыдон дӕр кӕрӕдзийыл ӕндӕгъд фесты. Сӕ рӕзты сауджын фӕцӕйцыди, ӕмӕ сӕм хъӕр кӕны:
-Ныртӕккӕ уӕ суӕгъд кӕндзынӕн!
Фӕхӕцыд сӕрдарыл – ӕмӕ йыл бандӕгъд!
Сауджын цъыгъаст кӕны:
- Баххуыс нын кӕнут! Фервӕзын нӕ кӕнут!
Хъӕрмӕ адӕм ӕрӕмбырд сты ногӕй зӕрондӕй. Фыр худӕгӕй сӕ гуыбынтыл хӕцынц. Хъаз та афтӕмӕй дарддӕр цӕуы. Ӕнӕхъӕн хъӕуыл сӕ фӕракӕ-бакӕ кодта.
Бонджын, сӕрдар, сӕудӕджер ӕмӕ сауджын сӕхи фыр худинагӕй цы фӕкӕной, уымӕн ницы уал зыдтой. Бахӕццӕ хъаз лӕджы хӕдзармӕ, дуары раз слӕууыд, ӕмӕ йӕ хицаумӕ хъа-хъа кӕны.
Рацыд лӕг къӕсӕрмӕ ӕмӕ дзуры:
-Мӕнӕ кӕм и мӕ сӕфт хъаз! Хорз, ӕмӕ бынтон сӕфт нӕ фӕдӕ. Хъаз, уӕ хъаз, дӕ пакъуытӕ ӕруигъ, ӕмӕ хӕдзармӕ бацу!
Хъаз йӕ пакъуытӕй йӕ уӕлӕ чи уыд уыдоны ӕрцагъта- хӕдзармӕ бахызт.
Бонджын та ӕд ус, йӕ чызджытимӕ, сӕрдар, сӕудӕджер ӕмӕ сауджын лидзӕг фесты, сӕхи фыр худинагӕй ӕддӕмӕ равдисынмӕ дӕр нӕ уӕндыдысты адӕмы цӕстмӕ…
Ууыл нӕ аргъау фӕци!
Пузырь, Соломинка и Лапоть.
(русская народная сказка)
Жили-были пузырь, соломинка и лапоть.
Пошли они в лес дрова рубить. Дошли до реки и не знают, как перейти через реку.
Лапоть говорит пузырю:
—Пузырь, давай на тебе переплывем!
—Нет, лапоть! Пусть лучше соломинка перетянется с берега на берег, мы по ней перейдем.
—Соломинка перетянулась с берега на берег. Лапоть пошел по соломинке, она и переломилась. Лапоть упал в воду.
А пузырь хохотал, хохотал, да и лопнул.
Тӕппуз, Тихалӕг ӕмӕ Къогъодзи.
(уырыссаг аргъау «Пузырь, соломинка и лапоть»-мӕ гӕсгӕ)
Цардысты ӕмӕ уыдысты Тӕппуз, Тихалӕг ӕмӕ Къогъодзи. Иу ахӕмы дын ацыдысты хъӕдмӕ суг ласынмӕ. Бахӕццӕ сты доныбылмӕ ӕмӕ йӕ сӕрты куыд ахизой, уымӕн ницы зонынц. Къогъодзи дзуры Тӕппузӕн:
- Тӕппуз, дӕуыл-ма аленк кӕнӕм!
-Нӕ, Къогъодзи! Фӕлтау Тихалӕг йӕхи иу былӕй иннӕ былмӕ аивазӕт, мах та йӕ уӕлӕ ацӕудзыстӕм.
Тихалӕг йӕхи иу былӕй иннӕ былмӕ аппӕрста. Къогъодзи куыд фӕцӕйцыди, афтӕ Тихалӕг йӕ астӕуыл дыууӕ дих фӕци. Къогъодзи донмӕ ныххауд.
Тӕппуз сыл худти, худти ӕмӕ фыр худынӕй йӕ фӕрстӕ атыдта.
Почта
Валентин Берестов. Аист и соловей
Рождественские подарки от Метелицы
Компас своими руками
Рисуем белые грибы пастелью