В своей работе девочка написала о просветительской работе первых осетинских просветителей.
Вложение | Размер |
---|---|
1-ag_iron_ruhstaudzhyta.docx | 62.35 КБ |
Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъола
«Фыццаг ирон рухстауджытæ æмæ сæ ахадындзинад
Ирыстоны æхсæнадон æмæ культурон царды»
Куыст бацæттæ кодта:
Æрыдоны 1-æм скъолайы
11- æм къласы ахуырдзау
Магкæты Иринæ.
Наукон разамонæг:
Лохты Р.Х. ирон æвзаг
æмæ литературæйы
ахуыргæнæг.
2015 аз
Сæргæндтæ
5. Æмхасæнтæ - 24 ф.
Иртасæн куысты темæ.
Фыццаг ирон рухстауджытæ æмæ сæ ахадындзинад Ирыстоны æхсæнадон æмæ культурон царды.
Мæ иртасæн куысты нысантæ.
Лæмбынæг бакæсын ирон рухстауджыты сфæлдыстадон бынтæ.
Сбæлвырд кæнын æмæ иртасæн куысты фæрцы равдисын , фыццаг ирон рухстауджытæ стыр æвæрæн кæй бахастой Ирыстоны æхсæнадон æмæ культурон цардмæ,уый.
Темæйы актуалондзинад
Алы адæмыхатт дæр сæрыстыр вæййы, йе 'хсæнæй цы разагъды лæгтæ рацæуы, уыдонæй. Уæлдайдæр та, адæмы æхсæнмæ ахуырады рухс чи фæхæссы, ахæмтæй.
Ивгъуыд æнусты ирон адæмы æхсæнæй цæуын байдыдтой ахуыргæнджытæ, сауджынтæ, офицертæ. Уыцы интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн кæд сæ фылдæр дины кусджытæ уыдысты, уæддæр сæ ахадындзинад зынгæ уыд ирон адæмы æхсæнадон хиæмбарындзинад æмæ культурæ дарддæр рæзын кæныны хъуыддаджы. Сæхи хъæппæрисæй архайдтой адæмы æхсæн рухсдзинад тауыныл, скъолатæ гом кæныныл, тæлмац кодтой ирон æвзагмæ чингуытæ.
Ирыстонæн стыр хæрзты чи бацыд, уыцы зондджын æмæ куырыхон адæмы фæнды зонын нæ абоны æрыгон фæлтæры,стæй сæ фæнды зонын, цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагътой, уыдон дæр.
Иртасæн куысты объекттæ.
Æгъуызаты Иуане, Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Æмбалты Цоцко, Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстад дзæвгар иртæстгонд у. Нæ фысджыты литературон фæллæйттæ, æмтгæй райсгæйæ, тынг бирæ сты æмæ сæ ахадындзинад дæр у æгæрон.
Иртасæн куысты теорион ахадындзинад.
Мæ иртасæн куысты бацархайдзынæн равдисын:
- Æгъуызаты Иуане, Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Æмбалты Цоцко, Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсены сфæлдыстад ирон литературæйы цы традицитæ ныффидар кодтой æмæ уыдон литературæйы рæзтæн цы ахъаз фесты, уый;
- нæ разагъды рухстауджыты ахадындзинад Ирыстоны æхсæнадон æмæ культурон царды.
Иртасæн куысты практикон ахадындзинад.
1. Литературæ йæ мидбынаты цоппай кæндзæн, уыдзæн уыцихуызон фæлурс æмæ æнæуд, йæ традицитæ хъæздыгæй хъæздыгдæр куы нæ кæной, уæд.
2. Æрыгæттæй сфæлдыстадон куысты фæндагыл фæлварæнтæ чи кæны, уымæн хъуамæ йæ зæрдыл лæууа ирон литературæйы равзæрд, йæ хæстæ æмæ йæ рæзты фæндаг..
Бацæуæн.
Ивгъуыд æнусты ирон адæмы æхсæнæй цæуын байдыдтой ахуыргæнджытæ, сауджынтæ, офицертæ. Уыцы интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн кæд сæ фылдæр дины кусджытæ уыдысты, уæддæр сæ ахадындзинад зынгæ уыд ирон адæмы æхсæнадон хиæмбарындзинад æмæ культурæ дарддæр рæзын кæныны хъуыддаджы. Сæхи хъæппæрисæй архайдтой адæмы æхсæн рухсдзинад тауыныл, скъолатæ гом кæныныл, тæлмац кодтой ирон æвзагмæ чингуытæ. Уыцы раззагдæр адæмы зынгæдæртæй сæ фыццаг уыди Æгъуызаты Иуане
Сæйраг хай.
Иры номдзыд фыццаг рухстауæг Æгъуызаты Иуане…
Æгъуызаты Иуанейæн нæм йæ ном, йæ царды хабæртты фидиуǽг цы чингуытæ хъуамæ фæуыдаиккой, уыдон зæххыл нæма уыдысты, йæхæдæг уыд се сфæлдисæг, йæхæдæг лæууыд ирон чиныджы авдæны уæлхъус… йæхи та не вдæлд йæ хабæрттæ фыссынмæ – йæ мæгуыр адæмæн уал кæсын – фыссын бацамоныныл архайдта.
Ирон фысджытæй фыццагдæр йæ цардвæндаг йæхæдæг æрфыста Æгъуызаты Иуане 45-аздзыдæй. Уымæ гæсгæ нын бæлвыргонд сты йæ ахуыры азтæ æмæ рухстауæн куыст. Иуанейæн йæ мыггаг уыд Гæбæратæй, Залдайы хъæуæй рацæуæг. Йæхи хуыдта Æгъуызатæй, Цæразонты къабазæй рацæуæг паддзахты мыггагæй. Райгуырд 1775 азы. Йæ сабийы бонтæ бæрæг не сты, фæлæ йæхи ныхæстæм гæсгæ æрыгонæй афтыд Калакмæ, æмæ йæ ам паддзах Ерекъле ахуыр кæнынмæ радта гуырдзиаг сауджын Карумидземæ. Дины скъолаты Иуане фæцахуыр кодта 15 азы бæрц, зонгæ кодта философи æмæ æвзагзонынадимæ. Паддзах Ерекъле бæргæ бавæрдта зæрдæ Иуанейæн, йæ ахуыры фæстæ дæр ын кæй баххуыс кæндзæн йæ дарддæры цардвæндаджы, фæлæ паддзах æнæнхъæлæджы амард, æмæ: «баззадтæн мæхи бар, мæхи куыстæй цæргæйæ», - фыста Иуане.
Куыста ахуыргæнæгæй Душеты, тæлмацгæнæгæй, Гуырдзыстоны уырысы паддзахæн цы хицæуттæ уыд, уыдонмæ.
Иуане уыд зæрдиаг патриот. Уый Хуссар Иры хъæутыл зылди, амыдта адæмæн цæмæй уырысы æфсады ныхмæ тохы сæрыл ма слæууой, фыдбылызæй сæхи бахизой. Уый барджын хъæлæсæй домдта хицæуттæй, цæмæй ирон адæм хъыгдард æмæ æфхæрд ма цæуой. Арæх-иу бацыд хицæуттæ æмæ мæгуыр адæмы быцæуты æхсæн. Йæ фæрцы-иу се 'хсæн тугкæлдтытæ не 'рцыд.
Иуане йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта ирон дзыллæмæ хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та, йæ раст хъуыдымæ гæсгæ, уыдис чиныг.
Куыд зонæм, афтæмæй фыццаг чингуытæ уыдысты аргъуаны чингуытæ. Ирон адæммæ 18-19 æнусты фæзынд сæхи сауджынтæ, æмæ уыдоны руаджы диныл уырнынады чингуытæ хæццæ кодтой тæлмацгондæй ирон адæммæ. 1820-1823-æм азты Иуане гуырдзиаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта цыппар Евангелийы дæр (Ног фæдзæхст). Евангелийыл кусгæйæ, кастис æй ирон хъæуты æмæ йын бæрæг кодта йæ хъæнтæ.
Ныры уавæрты чиныг раивын ирон æвзагмæ диссаг никæмæ фæкæсдзæн, фæлæ уæды уавæрты уый сгуыхтдзинад уыд удварны хъуыддаджы.
Æгъуызаты Иуане сæвæрдта бындур ирон литературон фыссынады традицитæн дæр. Гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл сарæзта фыццаг ирон алфавит. Хуынд хуцури. Фыццаг ирон Абеты чиныджы автор дæр у Иуане, сарæзта йæ 1821 азы. Чиныгмæ бахаста цыбыр, диныл фыст радзырдтæ.
Уымæн хъуыд стыр уарзондзинад, ома ахæм хъуыддагмæ йæ ныфс чи бахастаид, уый хъуамæ æгæрон бирæ уарзтаид йæ адæмы дæр æмæ йæ мадæлон æвзаг дæр. Иуанемæ разынд уыцы уарзондзинад æмæ уыцы ныфс, йæ ном ын мыггагмæ мысинаг дæр уымæн хонæм. Уый йæ уарзондзинад æмæ йæ ныфсхастæй бакодта сгуыхтдзинад нæ адæмы культурæйы историйы æмæ йæ нæ адæм мыггагмæ дардзæн йæ зæрдыл, куыд йæ фыццаг рухстауæджы, йæ зæрдиаг хъæбулы.
Иуане канд тæлмацгæнæг æмæ рухстауæг нæ уыд, фæлæ «Æлгъуызы кадæджы» автор. Уацмысы къухфыст мыхуыры фыццаг хатт рауагътой гуырдзиаг ахуыргæндтæ Гамрекъели æмæ Джанашвили гуырдзиаг æвзагыл 1885 æмæ 1897 азты. Фыццаг хатт поэмæ «Æлгъуызы кадæг» ирон æвзагмæ ратæлмац кодта ирон культурæйы архæйæг Ханыкъаты Никъа, 1962 азы поэт Бестауты Гиуæргийы тæлмацæй.
Равдыста дзы Ир æмæ Кæсæджы паддзах Алгъуызы хъабатыр фæлгонц.
Æгъуызаты Иуане арф фæд ныууагъта ирон литературæйы историйы. Мæнæ куыд загъта уый фæдыл Джусойты Нафи:
«Искуы Ирыстоны æнæмæнг уыдзæн хицæн цытджын фæзуат, Иры аивады сгуыхт архайджыты скульптурон фæлгонцтæ кæм уой ныхасы бадæгау стыр къордæй. Уыцы ныхасы барджын бынат уыдзæн Æгъуызаты Иуанейы фæлгонцæн, йæ ном та – фидæны ирæттæн мыггагмæ мысинаг». Æмæ чи зоны, уыцы рæстæг дæр æрцæудзæн.
Нæ куырыхон рухстауджытæн сæ зынгæдæртæй иннǽ уыд Колыты Аксо. Уый йæ цард, йæ зонд снывонд кодта ирон адæмæн, ирон æвзагæн.
Ирыхъæуы аргъуаны кæрты, ныгæд кæм æрцыд, уым йæ цыртыл сыгъзæрин дамгъæтæй фыст уыдис: «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг стæм.» Æрмæст уыцы ныхæстæ дæр сты цымыдисаг, Колыты Аксо цавæр лæг уыд, ирон адæм дзы афтæ бузныг цæмæй сты, зæгъгæ.
Аксо райгуырди 1822 азы кæрон Дзæуджыхъæуы горæты, Ирыхъæуы. Йæ фыд Бесо у Мамысонæй рацæугæ. Аксойы фыд хохæй Дзæуджыхъæумæ кæд ралыгъд, уый бæлвырд нæу, æрмæстдæр 1819 азы Ирыхъæуы цæрджыты номхыгъды ис ахæм бæрæггæнæн, мæгуыр хохаг лæг Колыты Бесо Ирыхъæуы аргъуангæс кæй уыд.
Райдиан ахуырдзинад Аксо райста Владикавказы дины скъолайы. Колыты Аксо уыди уыцы скъолайы фыццаг ахуырдзаутæй иу. Скъола каст куы фæци, уæд æй йе стыр зæрдæргъæвддзинады тыххæй арвыстой Тифлисы дины семинармæ.
Семинары Аксо ахуыр кодта дины ахуырад, философи, литературæ, физикæ, æмæ адæмы истори, латинаг, бердзенаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæ. Æппæт предметтæй дæр Аксо иста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.
Семинар каст куы фæци, уæд Аксойы рарвыстой Дзæуджыхъæумæ, йæхæдæг кæм ахуыр кодта,уыцы дины скъоламæ инспекторæй æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр уыди Ирыстоны дины скъолайы директор.
Каст куы фæци, уæдæй йæ амæлæты бонмæ Колыты Аксо сауджыны куыстимæ уыциу фæдыл кодта ахуыргæнæджы куыст дæр. Арæх-иу ын йæ куысты фæдыл æрцыди дард хохаг хъæутæм цæугæ. Иуахæмы фæндагыл суазал сты йæ рæуджытæ, æмæ1866, йæ тæккæ лæджы кары уæвгæйæ, амард.
Ирыстон феодалон паддзахы уæззау колониалон æфсондзы бын куы уыди, уыцы дуджы ирон адæмы æхсæн фыццагдæр ахуыры, рухсы тынтæ тауын байдыдта Колыты Аксо.
Уыцы заманы уавæрты йын цы амал уыди, уымæй архайдта, цæмæй Ирыстоны гом кæной фылдæр скъолатæ, æмæ сæм хауа ирон фæллойгæнджыты цот. Рæдыд нæ уыдзæн, 19 æнусы 50-60-æм азты ирон хохаг хъæуты цы скъолатæ фæзынд, уыдон байгом кодтой Колыты Аксойы сæрмагонд архайды æмæ хъæппæрисы фæрцы, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд. Зынгæ ирон фыссæг Гæдиаты Секъа 1913 азы журнал «Чырыстон дин»-ы дыккаг номыры афтæ фыста уый тыххæй: «Аксо хорз зыдта ирон адæмы. Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти, Ирыстоны къуымты зæрватыккау ратæх-батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид… армадзаг æмæ хæлиугонд ирон адæмы, цæмæй сæ цардыуаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл тох кодта». Уæлдай æргом здæхта ирон æвзагмæ, йæхи хъардта ууыл, цæмæй ирон фæллойгæнæг хохаг лæджы цот къазнайы хардзæй ахуыр кæной. Йæ цæст дардта, скъола-иу каст чи фæци, уыдонмæ дæр. Йæ куысты фадæттæй, стæй Кавказы уæды дины кусджыты хицæутты æхсæн нымад кæй уыд, уымæй пайда кæнгæйæ æххуыс кодта, скъола-иу чи фæци каст, уыдоны куысты сæвæрыныл, архайдта ууыл, цæмæй дарддæр ахуыр кæной.
Ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, Колый-фырт архайдта ууыл, цæмæй ахуырдзаутæ бауарзой сæ мадæлон æвзаг, сæ адæмыл иузæрдион уой, цæмæй рæза сæ национ хиæмбарындзинад.
Фæлæ нын Колыты Аксойы ном уæлдай зынаргъдæр у уымæн, æмæ сылгоймаджы ахуырдзинады сæрхъуызой кæй уыд. Уый 1862 азы ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыд йæхæдæг. Йæ ахуыргæнинæгтæ сæ зæрдыл бадардтой æмæ йæ æмбисондау хастой Аксойы зондамынд: « Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы-фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг-мад.»
Мах Аксойæн зонæм æрмæстдæр æртæ æмдзæвгæйы. Кæд сын стыр æхсæнадон ахадындзинад нæй, кæд сæ мидис дины таурæгътимæ баст вæййы, уæддæр сæ бæнымайæн ис ирон литературæйы фыццаг ауæдзыл. Йæ заманы йæ зарджытæ Ирыстоны адæмы 'хсæн тынг ахæлиу сты. Аксойы стихтæ афтæ тынг сæ мидисы тыххæй нæ ахæлиу сты. Фæлæ уыцы заман ирон æвзагыл æндæр ницы уыдис, æмæ сæ адæм сæ зæрдæмæ истой.
Колыты Аксо стыр бавæрæн бахаста ирон культурæмæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, у йæ бындурæвæрджытæй иу.
Зарæг, дам,маст æмæ цинæй равзæры, фæлæ, æвæццæгæн, фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæн зарджытæ схонæн нæй, фæлæ хъарджытæ. Уымæн æмæ уыдон сты æфхæрд зæрдæйы мыртæй конд, сæ сæйраг мидис у адæмы маст æмæ æнамонддзинад. Темырболатæн йе сфæлдыстад у æнæхъæн трагеди, æмæ йыл зарджытæ нывæндгæйæ æцæгæлон зæххыл ссардта йæ адзал.
Цыбыр уыд йæ зæххон цард. Æдæппæтæй – фæндзай цыппар азы! Фæлæ уый хыгъд æнæкæрон даргъ у йе сфæлдыстадон фæндаг. Æнус æмæ æрдæджы сæрты ахызт йæ кады ном. Нæ йæ баурæдтой нæдæр Турчы змисджын быдыртæ æмæ Сау денджызы абухгæ уылæнтæ, нæдæр Кавказы бæрзонд хæхтæ. Æрбаздæхт йæ райгуырæн адæммæ æмæ сæ зæрдæты цæрдзæн, цалынмæ ирон зæххыл ирон лæг иронау дзура, уæдмæ.
Тызмæг æмæ гуыргъахъ уыдис Темырболаты цардвæндаг. Йæ сывæллоны бонты цас рæвдыд æййæфта йæ ныййарджыты къухты, ахуыры фæндагыл æм рæсугъд фидæн йæ мидбылты зæрдиагæй куыд худт (Бетъырбух, кадетты скъола, æфсæдтон службæ), уыйас… цы загъдæуа хъысмæтæн. Дыууæ æмæ ссæдзадзыд лæппуйæн йæ бирæ рухс бæллицтæ æмæ райдзаст фæндтæ цæссыг æмæ зæрдæрыстæй чи баивта, æбæрæг дард фæндаджы рыджы йын сæ чи сæвдылдта æмæ сæ Турчы змисджын зæххы чи баныгæдта.
Фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстад æххæстæй бæлвырд нæма у. Куыд нымайынц, афтæмæй æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1870 азты. Уыцы куыст фæкодта йæ царды кæронмæ, уымæ гæсгæ зын бауырнæн у, цы иуæндæс æмдзæвгæйы нæм дзы æрбафтыд, æндæр нæ ныффыстаид, уый. Уыцы æмдзæвгæтæ къухфысты хуызы скодта поэт йæхæдæг æмæ сæ схуыдта «Ирон зарджытæ». Поэт йæ зæрдæйы тугтæй кæй фæфыста, уыцы сагъæстæ схуыдта, æдзух кæй мысыд, æппæтæй йын адджындæр чи уыд, ахæм номæй: «Ирон», æмæ ма йæм бафтыдта адæмæн сæхицæн стыр уарзон æмæ рагон чи у, уыцы аив «зарджытæ».
Бæрцæй бирæ не сты Темырболаты æмдзæвгæтæ – æдæппæтæй иуæндæс (уый æрмæст, Ирыстонмæ дзы чи 'рбафтыд, уыдон), фæлæ ма цы бæрæг ис, цас ма йын бантыст ныффысын. Цас ма дзы баззад æбæрæгæй, цавæр туркаг уæрмы кæнæ цыры лæзæрынц абон дæр зæфцы фыдæй, нæ культурон бынтыл стырзæрдæ кæй стæм рагæй дæр, уый аххосæй?
1926 азы нæ литературæйы куырыхондæртæй иу- Гæдиаты Цомахъ хъынцъымгæнгæ фыста: «Темырболат махæн цы литературон бынтæ ныууагъта, уыдон бирæ не сты. Уыцы бынтæ, куыд дзурынц, афтæмæй поэтæн сты йæ чырыны йæ хæстæджытæм Турчы…Цымæ афон нæма у… дунемæ фыццаг ирон поэты фыстытæ равдисын». Æрмæст, хъыгагæн, никæйы равдæлд уæддæр æмæ ныр дæр бацагурын æмæ бабæстон кæнын Темырболаты бынтæ.Цæмæй йе сфæлдыстадыл дæр йæ хуызисты хуызæн ма зына йæ фæстагæтты «æнæрхаст къухты фæд».
Æдзард поэт кæд йе сфæлдыстадæй ирон литературæйы бындуры фыццаг дуртæ не 'рывæрдта, кæд хъысмæты азарæй нæ сарæзта традицитæ, уæддæр æй бæлвырд фæхъæздыгдæр кодта. Йæ къухы бафтыд æнæхъæн историон дуг равдисын, æппæт Кавказы адæмты, уыимæ ирон адæмы трагикон хъысмæт, саразын диссаджы ирд фæлгонцтæ, алыхуызон характертæ. Йе мдзæвгæтæй нæм æрбауылæн кодта æнæкæрон уарзт ирон дзыллæмæ.
Ирон адæмы сæфтæй
Дæ зæрдæ Турчы ссау…
Йæ хъарджытæй, йæ цæфтæй
Уый нал суагъта тау.
Æцæгæлон, æнкъардæй,
Æд сагъæстæ, æд мæт,
Ирыстонмæ ды дардæй
Салам æрвыстай уæд.
Дæ адæмыл тыхсгæйæ
Ды баззадтæ кæмдæр,
Ирыстонмæ бæлгæйæ,
Æркъул кодтай дæ сæр.
Æцæгæлон бæстæйы æвирхъауы тухитæ æмæ удхæрттæ бавзаргæйæ, Мамсыраты Темырболат бамбæрста, 600 мины бæрц хæххон адæмæн паддзахы хицауад цы æгъатыр сайд фæкодта, уый. Æмæ гъе уыцы удхæрттæ равдыста йе сфæлдыстады ирон фыццаг поэт Мамсыраты Осмæны фырт Темырболат.
Къоста…Мæгуыр хæххон адæмты сæрхъуызой, сæ бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæй дæр дзыллæты сæраппонд чи æрхаста, уыцы æнæмæлгæ куырыхон лæг.Æппæт дзыллæтæн дæр Къоста уыди сæ сомыйы, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр. Йе мдугонтæ йæ базыдтой ахæмæй, афтæмæй йæ зонынц абоны дзыллæтæ,ахæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн.
Къоста… Уый фæрыст дзыллæты рисæй, уый нæ бафæллад сæ амондыл тохы. Ахæм адæймагæн та нæй мæлæт! Къоста баззад æнустæм цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты, зонды, хъуыдыты æмæ бæллицты. Къоста…Ирыстоны лæугæ хох, Ирыстоны цæугæ мæсыг! Æрмæстдæр ын афтæ схонæн ис. Уымæн æмæ уый у ирон адæмы ныфс,нæ литературæйы астæуккаг цæджындз. Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поэты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзт æгас бæстæйыл, дунейыл…
Аргъæутты æнæбын цадау у Хетæджы – фырты сфæлдыстад. Ноджы цымыдисагдæр у, арфдæр куы нылленк кæнай,уæд. Адæймаджы раз байгом вæййы поэзийы æбæрæг дуне…Къостайы уацмыстæ уæле – исгæ, бынæй – ахадгæ сты. Цалфæнды хатты сæ бакæс,- фендзынæ сæ ногдзинад, кæй никуы фехъуыстай,ахæм диссаг.
Æмæ куыннæ! Сабийæ сæ чи бакæсы, уымæн зæронды бонтæм йæ туг,
йæ зонды баззайынц. Нæй сын ферохгæнæн. Ирыстоны къуымты ахæм адæймаг не ссардзыстæм,æмæ поэты уацмыстæй иу дæр чи нæ зона. Уым ис Къостайы æнæрцæф курдиаты сусæгдзинад. Къостайы æрмдзæфæн бæрæг у йæ алы дзырд,йæ алы рæнхъ дæр. Уыдон улæфынц фарн æмæ уарзты æнкъарæнтæй, тох æмæ сæрибарыл хъуыдытæй, хайджын сты зырнæйзилæджы дæсны къухы зынгæй. Поэты алæмæтаг зарджытæн æмæ куырыхон сагъæстæн йæ райгуырæн зæхх уыди сæ царддæттæг суадон,уыдоны та хъуыдис стыр денджызы тыгъдад. Цæгат Кавказы адæмтæ бирæ куырыхон таурæгътæ ,бирæ рæсугъд зарджытæ æмæ зæрдæхалæн хъарджытæ скодтой сæ уæззау цардыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ, фæлæ дзы,Хозиты Барисы загъдау, Нарыхъæуы «сау айнæджы рындзæй» цы Хæххон цæргæс стахт, уый хуызæн, Кавказы бæрзонд цъæх арвыл нывæфтаугæ ничи айтыгъта йæ базыртæ. Æппæт дунейыл хъуыстгонд зарæггæнæг Расул Гамзатов дæр æй «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæгыл» хуымæтæджы нæ банымадта.
Къоста бæллыдис, æппæт адæм дæр социалон æмæ национ ссæстдзинады хъадамантæ кæд аппардзысты,уыцы рæстæгмæ. Уый уырныдта, кæй сыстдзæни сæрибары уадтымыгъ, арвы риуыл тæмæнтæ кæй скалдзæн сæрибары стъалы, æмæ дзырдта:
Нымад у рæстæг ныр,
Фæдисмæ дзыллæ сиды…
Æмбæлынц арцытыл
Сæуæхсиды тынтæ.
Махæн Къоста тынг зынаргъ у, нæ зæрдæтæм хæстæг, куыд адæмты хсæн хæлардзинады уадфидиуæг,адæмты сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг,мæгуырты сæрхъуызой æмæ сæ æфхæрджыты цæстысындз.
Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау. Æрмæст ирон адæмы хъысмæты кой нæ кодта. Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмыхæттытæм, æмæ – иу кæмдæриддæр сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл,раст æмæ зылыныл æмæ сси стыр поэт - интернационалист. Йæ хъарутæ, йæ зонд æвгъау нæ кодта иннæ адæмтæн дæр. Йе сфæлдыстады ирдæй зынынц дагестайнаг,цæцæйнаг,мæхъæлон,кæсгон,балхъайраг,асыйаг,хъæрæсейаг,адыгейаг, æмæ æндæр адæмты æнусон бæллицтæ сæрибармæ.
Стæм разындаид сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайджыты хсæн, уыцы уæззау æмæ тæссаг рæстæг афтæ чи загътаид:
Æнæхъæн дуне у мæ аргъуан,
Уарзондзинад – мæ кувæндон,
У Дун – Дуне Фыдыбæстæ мæнæн!
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æндæр куы ницы ныффыстаид йæ интернационалон зондахаст æвдисынæн, уæддæр æй ацы базырджын ныхас ахастаид дунейы сæрты. Алы адæмты минæвæрттæн цы стыр аргъ кодта, уырыссаг революцион демократтæм куыд уарзон цæстæй кастис, уый зындгонд у. Сæрыстырæй сæ хуыдта йæ ахуыргæнджытæ, йæ фæндагамонджытæ. Къоста йæхæдæг та уыдис æмæ баззайдзæн ирон фысджыты, суинаг фæлтæрты зондджын ахуыргæнæгæй. Уæлдæр дæр ма йæ куы загътон, Расул Гамзатовы загъдау, Къоста ссис æппæт кавказаг поэзийы цырагъдарæг æмæ цырагъхъахъхъæнæг –Хъазыбеджы хох.
Куыд зонæм, афтæмæй Къоста йæ къорд рæстдзæвин уацмысæй бауагъта хæдхæцæг паддзахы тæрхоны лæгты стыр тас. Уый хыгъд, бæрзонддæр кодта Къостайы ном хæххон дзыллæты мидсагъæсты. Æвæццæгæн, æй уымæн бауарзтой сæхи хъæбулау Кавказы адæмтæ дæр. Цæцæйнаг фыссæг Р.Фатуев мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй: «…Цæгат Кавказы адæмты зæрдæтæм Къостайæ хæстæгдæр ничи ис, йæ поэзи цæцæйнаг,мæхъæлон,авайраг æппæты фæсвæд хъæутæм дæр фæхæццæ,уыцы адæмтæм сæхи фыссынад куы нæма уыдис,суанг уыцы азты. Ныртæккæ та «Ирон фæндыр» зæланг кæны уæлдай парахатдæрæй».
Цæгат Кавказы сылгоймæгтæн цы иунæг скъола уыд, уый æхгæнын кæй нæ бауагъта Къоста, уый тыххæй æрвыст æрцыдис Ирыстонæй Хъæрæсемæ. Ам дæр поэт нæ ныууагъта йæ тох, хæцыдис бынæттон адæмты сæрыл æмæ бартыл. Къоста хорз зыдта Хъæрæсейæн канд йæ культурæ нæ, фæлæ бынæттон æвзаг дæр. Уымæ гæсгæ йын уæлдай стыр аргъ кодтой амы адæм. Иуахæмы Къоста хуынд æрцыд хъæрæсейаг чындзæхсæвмæ. Йæ размæ рацыд иу рæсугъд чызг, фæндырæй цæгъдгæйæ. Уый та хъæрæсейаг æгъдаумæ гæсгæ амоны уый, æмæ æрмæстдæр кадджын уазæджы размæ рацæуы чызг –фæндырдзæгъдæг.
Хъæрæсейаг поэтты хъуыдымæ гæсгæ , Кавказы сæрибарадон хæсты фæстæ Къостайы сфæлдыстад ныууагъта æппæты стырдæр фæд Цæгат Кавказы адæмты поэзийы . Хетæджы – фыртæн йе нæнцой зæрдæ йæ кусынæй куы банцад, уæд та фыстой: «Уыцы адæймаджы удыхъæдыл ахуыр кæнæм мах, хъæрæсейаг хæххон – поэтикон фæсивæд…Ард хæрæм, йæ фæдзæхстытыл ын иузæрдион кæй уыдзыстæм, уый тыххæй».
Уæдæ Къостайы ном æмæ æрдхæрæны поэзи хъуыстгонд уыд стыр Дагъистаны дæр. Историк Адиль – Гирей фыста: «Къостайы уацмыстæ суанг революцийы агъоммæ систы интернационалон фæзынд». Интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ базонгæ сты поэты сфæлдыстадимæ æнудæсæм æнусы фæстаг цыппæрæм хайы. 1898 – æм азы Дзæуджыхъæумæ хæстæг Къостайæн йæ хæлæрттимæ цы фембæлд уыдис, уым архайдта Башир Далгат дæр. Дагестайнаг ахуыргонд æмæ фольклорист уым цы ныхас ракодта, уый балхынцъ кодта Наронæн йæхи ныхæстæй: «Куы фезмæлæм иумæ – ныннæрдзæни хох».
Бетъырбухы цыд газет «Дагестаны сæуæхсид», редактор ын уыд С. Габиев. Уый газеты ныффыста уац, кæцы ран фыста: «Хетæджы – фырт куыд Цæгат Кавказы фыццаг профессион фыссæг , афтæ стыр ахъаз у Дагестанæн. Уый ссис ахæм адæймаг æмæ йæ хъуамæ зоной нæ адæмтæ се ппæтдæр». Нырыккон дагестайнаг поэзийы дæр Къостайы фæлгонц æвдыст æрцыд ирдæй. Хъуымыхъхъаг литературæйы классик Аткай æрдхæрæйнаг ныхæстæй сфæлыста поэты фæлгонц.
Саби райгуырд. Арв
Ныннæрыд-
Хæхты райгуырди
Нæртон лæг.
Æмæ суадæтты,
Хурзæрины тынтау,
Аленк кодтой
Незаманты зæлтæ…
Поэты фидæны
Æфсадхонæй уынгæйæ,
Сабийыл ном сывæрдтой
- Къоста!
Фæлæ уый нæ ныссагъта
Пъагæттæ,-
Æфсæддон уагæвæрд ын
Разынди æнад.
Уый йæхимæ райгуырæн
Зæхх сайдта-
Банкъардта йын Ир
Йæ удæгас зæрдæ.
Æмæ нæ урссæр хæхтау
Сырæзыд бæрзонд.
Стыр бынат æрцахста Къостайы фæлгонц Кæсæг – Балхъары поэзийы дæр. Сæ фысджытæ ахуыр кодтой нæ поэты сфæлдыстадыл. Хачим Теунов-Кæсæджы зæронддæр фысджытæй иу- фыста Къостайы тыххæй: «Хетæгкаты Къоста кæд Ирыстоны хæдбындур национ поэт у ,уæддæр, куыд цытджын нывгæнæг, афтæ уый йæ уацмысты , уæлдайдæр та йæ публицистикæйы, хæцыди æппæт Кавказы адæмты фарс. Хурмæ хаста Цæгат Кавказы хохæгтыл даутæ æмæ тугтæ чи мысыди,æнæвгъауæй сæ чи стыгъта, уыцы паддзахы администрацийы æмæ йæ фæсдзæуинты митæ».
Иннæ ахæм ын, йæхи фыдау аргъ кодта балхъайраг классик Хъайсын Кулиев дæр. Иу ахæмы йæ йæ хистæр фырт куы байардта, радзур мын бабайы тыххæй исты, зæгъгæ, уæд ын цы радзырдтаид, йæхææг дæр æй йæ мады ныхæстæм гæсгæ зыдта. Фæлæ ма дзы къам дæр куы æрцагуырдта, уæд Хъайсын бынтон зын уавæры бахаудта. Гъе, фæлæ фæцарæхст æмæ йын равдыста Хетæгкаты Къостайы къам, цухъхъайы, кавказаг дарæсы.
Мæнæ куыд зæгъы Алим Кешоков та йæ иу æмдзæвгæйыКъостайы тыххæй: «Къоста бирæ нæ фæцард, фæлæ йæ цард уыд егъау. Йæ фæстаг туджы æртахы онг æй радта йæ уарзон хохæгты сæрибармæ фæндаг кæнгæйæ», кæй зæгъын æй хъæуы, Кешоков уыд раст.
«Æппæты тынгдæр бæллыди адæмты хсæн иузæрдиондзинадмæ, сæрибардзинадмæ» -ахæм хъуыдыйыл хæст уыди иннæ кæсгон фыссæг Адам Шогенцуков.
Хъалмыхъ дæр сæхи хъæбулау бауарзтой Къостайы. Уый тыххæй Бося Сангаджиева афтæ фыста: «Хетæгкаты Къоста – уæ уарзон хъæбул- ссис æппæт дунейы адæмты амондыл тохгæнæг поэт. Йæхи мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнгæйæ, уый хæцыд æппæт адæмты сæрибардзинадыл дæр. Хъалмыхъхъæгтæ, уырыссаг классикты æмрæнхъ, сæхи æвзагмæ тæлмац кæнынц цытджын Къостайы уацмыстæ дæр. Уæлдай бузныг стæм нæ адæмон поэт Давид Кугультиновæй. Уый хæрзаив тæлмацы фæрцы Къостайы нæ адæм бауарзтой сæхи хъæбулау».
Къостайы тыххæй зæрдæбын ныхæстæ цы кавказаг фысджытæ загътой, уыдоны тыххæй Хозиты Барис тынг хорз загъта: «Къостайы тыххæй цы зындгонд адæймæгты ныхæстæ æрхастам, уыдон загъд æрцыдысты алы азты. Фæлæ абон дæр цардæгас сты. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма хæххон поэты хуыздæртæ иу ранмæ æрæмбырд сты Нароны тыххæй, семæ æрхастой, цыдæриддæр хорзæй уыд сæ адæмтæм сыхагæн, уый æмæ сæ ныр арфæйы хуызы дзурынц, «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæджы» чи схъомыл кодта, уыцы фæрнджын адæмæн».
Къоста Цæгат Кавказы алыхуызон адæмты хъахъхъæдта дзыллон информацийы фæрæзты æфхæрдæй дæр. Хъахъхъæдта æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Гуырдзыстоны, Кæсæг, Цæцæны æмæ æндæр регионты мæгуыр зæхкусджыты интерестæ. Уыдис ын арф бастдзинæдтæ гуырдзиаг адæмы минæвæрттимæ. Тынг хæларæй царди гуырдзиаг æхсæнадон архайæг Хъипиани Михаилимæ. Сæ хæлардзинадæн сын бындур æрæвæрдтой иумæйаг интерестæ æмæ нысантæ. Хъипианийы фæрцы уæды рæстæджы гуырдзиаг дзыллæ базонгæ Къостайы сфæлдыстадимæ. Къоста æмæ Хъипианиимæ хæлар уыдис гуырдзиаг дохтыр Топуриа Климентий. Йæ мысинæгты уый фыссы: «Хетæгкаты Къоста цардис нæ фарсмæ сыхаг хатæны. Тагъд æз йемæ схæлар дæн, æмæ канд æз нæ, фæлæ ме скъолайы æмгæрттæ Моселиани, Кочинашвили æмæ ирæттæ Байаты æфсымæртæ. .. Мах Къостаимæ ахæм хæларæй цардыстæм æмæ не хсæн æппындæр хæрамдзинад нæ уыдис. Уыцы азты ма Дзæуджыхъæуы цардис Хъипиани Михаил. Бынæттон цæрджытæ йын кодтой стыр кад , бирæ йæ уарзтой. Мах Къостаимæ æрвылхатт цыдыстæм уымæ цай цымынмæ. Къоста æмæ Хъипиани уæддæр уыдысты æмæ цæрæнбонтæм баззадысты стыр хæлæрттæй». Фæстæдæр Хъипиани ацыдис Цæгат Ирыстонмæ, горæт Дзæуджыхъæумæ. Уый æххуысæй Ирыстоны бындур æвæрд æрцыдис сывæллæтты литературæ æмæ рауагъдадæн . Хъипиани ма уыдис, Дзæуджыхъæуы библиотекæ байгом кæныныл зæрдиагæй чи архайдта, уыдонæй иу.
Гъе, уымæн равзæрын кодта, æвæццæгæн, ахæм стыр маст æмæ фыдохы æнкъарæнтæ Хъипианийы амæлæт Кавказаг мæгуыр фæллойгæнæг адæмы зæрдæты . Къоста сфæлдыста диссаджы æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл . Уым хæрзбон загъта йе нувыд хæларæн æмдзæвгæ «Марды уæлхъус» -ы:
Фæндараст!- фервæзтæ нæ мæтæй,
Зæххыл нæ мацæуыл уал дом.
Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй.
Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.
Гуырдзиаг æмæ ирон адæмы æфсымæрон хæлардзинад Къоста равдыста йæ поэмæ «Хетæг» - ы. Ацы поэмæ у йедзаг уарзондзинадæй, знагмæ та -æнæуынондзинадæй.
Мах зонæм, Къостайы карзæй кæй æфхæрдтой паддзахы чиновниктæ. Сæ бон куыд уыдис, афтæ йæ уыдонæй хызтой йæ гуырдзиаг хæлæрттæ æмæ зонгæтæ дæр. Уыдонимæ Хъазбеги Александры мады хæстæг, гуырдзиаг инæлары æмкъай Тарханишвили Софья. Къостайы нал ахастой дард Сыбырмæ, фæлæ йæ ахастой Хуссармæ. Софья рынчын поэты фервæзын кодта адзалы дзæмбытæй.
Къоста тынг уарзта гуырдзиаг зарджытæ. Уый фыста Цæлыккаты Юлианæмæ: «Курæг дæ дæн, скæн хæбизджынтæ æмбисбонмæ, æз дыууæ сахатыл агуывзæ мæ къухмæ сисдзынæн, æртæ хатты «ваша»(ура) ныхъхъæр кæндзынæн æмæ «Мравалжамиер» азардзынæн».
Къостайы фыды хо смой кодта Картлимæ гуырдзиаг къниазæй. Уымæн йæ хъæу уыдис Гурмæ хæстæг. Къоста – иу сæм уыдис æмæ йæ дисы бафтыдта Картлийы æрдз.Мæнæ цы фыста уый тыххæй йæ хæлар Дзанайты – Хетæгкаты Сашæмæ: «Æз ацæудзынæн Гурмæ Дзæуджыхъæуы фæндагыл Арвы комы фæндагыл. Ацы хъæуы ис бирæ сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ сагъд хъæдтæ. Уым зымæг нæ вæййы, вæййынц дзы æрмæст уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг».
Раст цыма йæ уарзон адæмы номæй зæгъынмæ хъавыд,уый хуызæн фæкæсынц адæймагмæ Раисæ Ахматовайы ныхæстæ: «Мах Къостайы арфхъуыдыджын цæстытæм куы фæкæсæм, уæд нæ разы сæвзæры ахæм фарст: кæцæй уыд ахæм егъау хъару хохогмæ? Кæцæй равзæрд ахæм тых йæ фæлтæртæм,маст æмæ мæгуырдзинадæн бабыхсгæйæ, Къостайы æхсидгæ рæнхъытæ чи бахъахъхъæдта. Æппынфæстаг, «Ирон фæндыр» -ы хæххон адæймаг федта йæхи хъæлæс,баууæндыд йæхиуыл».
«Леуаны фырт Къоста у гениалон поэт,- фыста Къониаты Юрий. Уый дæуццаг нæу. Фæлæ гениалон поэттæ дзæвгар сты. Къоста се хсæн лæууы къæдзæхау,æнæ фæцудгæ. Æмбал ын нæй. Цæмæй бæрæг у мæ ацы æнахуыр хъуыды? Ранымайæм ма бæлвырдгæнæнтæ. Иудадзыг фæлхатын – Къоста у гениалон поэт. Уымæй уæлдай прозаик, драматург, публицист, фыццаг ирон нывгæнæг, театры архайæг, мыхуыры хайадисæг, чингуыты рауагъдады архайæг, адæмон ахуырадыл кусæг, рухсады архайæг, нывæфтыды аивады ахуыргæнæг, фæллойгæнæг адæмы сæрхъуызой,сæрылхæцæг,æхсæнадон архайæг.
Уæхæдæг зæгъут: Къостайæн æмбал уынут гениалон поэтты хсæн? Æз нæ уынын. Æмсæр æмбал ын нæй».
Къониаты Юрийы ныхæстимæ æз дæр дæн разы.
Мариэттæ Шагинян та афтæ фыста Къостайы тыххæй: «Йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта,уый тыххæйКъоста у национ æмæ æппæтадæмон культурæйы сæраппонд æцæг тохгæнæг, стæй у, абон мах, æфсымæрон адæмтæ, хæларæй кæм цæрæм, уыцы æхсæнады барджын уæнг».
Хъыгагæн, хъысмæт Къостайæн бирæ азтæ цæрынæн нæ радта. Цыппор авдаздзыдæй ахицæн йæ цардæй. Къоста йе знæгты фæндиаг фæци.Æгъатыр низ ын банцайын кодта йæ зæрдæйы куыст, йæ булæмæргъы хъæлæс – йæ фыд Леуаны хæдзары Лабæйы. Ныгæд æрцыд йæ фыды ингæны фарсмæ.Фæстæдæр ын йæ мард сластой Ирыстонмæ уæды раззагдæр интеллигенцийы руаджы æмæ йæ стыр кадимæ бавæрдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты.
Ирыстоны намысджын фырт æмæ уарзон поэты амæлæтыл тынг фæхъыг кодтой æгас Кавказы фæллойгæнджытæ дæр. Къостайы марды уæлхъус загъд æрцыдис бирæ хорз ныхæстæ гуырдзиаг,уырыссаг,сомихаг æмæ æндæр адæмты æвзæгтыл. Къоста йæ иу æмдзæвгæйы куыд загъта,уыйау:
Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон
Иу ранмæ,
Уый бæрц æркæсгæ нæма федтон иу
Зианмæ
Хохæй,быдырæй…
Дзапарты Хасанбеджы загъдау, йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн, уыдонæн, дам,нæй мæлæт, зæгъгæ,фæзæгъынц. Уыдонæн æрмæстдæр вæййы райгуырæн бон.
Абон нæ бирæнацион райгуырæн бæстæ ирон адæмимæ иумæ стыр кад кæнынц, Кавказы æвæджиау хъæбул, генион ирон поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæн, йæ æппæт цард, йæ диссаджы курдиат æфхæрд фæллойгæнæг адæмты рухс фидæнæн чи снывонд кодта , уымæн.
Ирон адæм фæзæгъынц, зæгъгæ, ком фидауы йæ мæсгуытæй, адæмыхатт йæ фарны лæгтæй. Комы мæсгуытæ дæр фарны лæгты фæрцы амад æрцæуынц, адæмыхатт дæр уыдон скадджын кæнынц. Царды æппæт дæр æнцой кæны фæрнджын адæмы хид æмæ удвæллойыл, зонд æмæ рæсугъд тырнындзинадыл. Адæмы хъæр аив фæндагыл аразынц фæрнджын лæгтæ æмæ уыдонæй хъуаг никуы уыдысты ирон адæм. Уый зыны сæ дунеæмбарынадыл, сæ хорз удыхъæдыл, нæ иумæйаг царды мидисджын æгъдæуттыл. Ирон адæм цыфæнды зын уавæрты дæр сæхи ивазынц сæ фарны лæгты хорз хъуыддæгтæм, уый фæрцы сæ адæймагдзинад, сæ зондахаст хуыздæр кæны.
Ахæм фарны лæгтæй иу у æмæ уыд Æмбалты Цоцко - педагог, рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, ирон æвзаг иртасæг, фыссæг æмæ тæлмацгæнæг. Фæлтæрæй- фæлтæрмæ ирон адæмы ,хсæн ацы Арвы Уациллайы хуызæн куырыхон лæджы тыххæй бирæ арфæйы ныхæстæ цæуы, адæмæн, уæлдайдæр, та фæсивæдæн фæзминаг чи у, ахæмтæ. Зонгæ æмæ хæлар уыд уæды рæстæджы ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттимæ. Бирæ æхсызгон, бæлвырд хабæрттæ æмæ цаутæ нын ныууагъта Къоста, Елбыздыхъо æмæ иннæты тыххæй. Уагæры ма йын 1937 азы йе сфæлдыстадон бынтæ куы нæ бабытъайлаг кодтаиккой!
Цоцко …. Хуымæтæг ирон хæдзары райгуырд. Æрыдоны ныр дæр ма фенæн ис уыцы хæдзарæн. Ам дины семинар каст фæци 1891 азы. Семинар- иу каст чи фæцис, уымæн бар лæвæрд цыд сауджын кæнæ ахуыргæнæджы куыст кæнынæн. Æмæ Цоцко равзæрста рухсады куыст. Уыцы хъуыддаджы балæууыд Къостайы фарсмæ, ирон мæгуыр адæмы сывæллæтты йæ фæдыл хуыдта «рухсмæ æнæзивæг». Уыимæ хистæрты зонды уагъта размæ тырнындзинад, сæ зæрдæты - ныфс æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Ссис ахуыргæнæг. Бирæ ирон хъæуты сабиты æргом аздæхта ахуыры фæндагмæ, уый фæстæ райдыдта кусын Æрыдоны дины семинары. Иттæг стыр кад ын уыдис, уымæн æмæ йын, æвæццæгæн, Хуыцауæй лæвæрд уыдис адæмы зæрдæмæ рæсугъд фæндæгтæ гæрдын.
Уынджы – иу куы фæцæйцыд Цоцко, уыцы хæрзконд, рæсугъд нæлгоймаг, уæд- иу цыма уынг ныррухс йæ рухсæй. Уыди хъæуы фидауц. Дзæгъæлы йæ нæ хуыдтой зæды хуызæн.
Тынг бирæ уарзтой æрыдойнæгтæ сæ рухстауæг æмзæххоны. Стыр кад, стыр аргъ ын кодтой, бузныг дзы уыдысты, уымæн æмæ уымæй цыди рухс Æрыдоны цæрджытæм, хаста сæм культурæ. Арæзта фæсивæды ахуыры, зонды фæндагыл, хорз æгъдæуттыл.
Ахуыргæнæджы æмæ æхсæнадон куыстæй уæлдай Цоцко йе ргом аздæхта ирон цардыуагмæ, не гъдæуттæм, раджы архайын райдыдта адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныныл, уырыссаг æмæ немыцаг æвзæгтæй зындгонд фысджыты уацмыстæ тæлмац кæныныл.
Цоцко бирæ архайдта «Ирон газет» рауадзыныл. Зæрдиагæй архайдта хорз æгъдæуттæ царды фидар кæныныл, газеты хъомыс фылдæр, йæ къуылымпыдзинæдтæ йын иуварс кæныныл.
« Йе сфæлдыстадон куыст йæ тæккæ тынгыл уыди Цоцкойæн, афтæмæй хахуырты амæттаг баци,- фыссынц йæ хæстæджытæ Æмбалты Додтан æмæ Хъуылаты Валодя,- 1937 азы октябры йæ хæдзарæй ракодтой æмæ йæ æрцахстой. Чиныгæй, къухфыстæй, фыстæгæй….уæзласæн машинæйы сæ бакалдтой, йæхи йын гуыффæмæ схизын кодтой æмæ… Алагирмæ. Цалдæр боны фæстæ та- Дзæуджыхъæуы ахæстонмæ».
Цоцкойы куы æрцахстой, уæд æрыдойнæгтæ мæрдты хуызæн фесты. « Ау, æмæ Цоцко та цы кодта, кæм фæаххосджын?». Бирæтæ кæугæ дæр кодтой. Хорз, зондджын, адæмæн хъæугæ лæг кæй уыд, гъе уый уыд йæ «аххос». Нал æрыздæхт Цоцко. Фесæфт æнаххосæй комыйаргъ лæг.
Цымæ цавæр уды хицау уыд, ахæм диссаджы фæрнджын æмæ Хуыцауы уарзон лæгыл 1937 азы хахуыртæ чи фæфыста, уый? Канд Æрыдон нæ, фæлæ æппæт Ирыстон ныууынæргъыдта: Цоцко цæрæнбонты «адæмæн хорз уа»- йыл куы фæхъардта йæ уд, уæд кæмæн цы кодта æвзæрæй?
Къорд азы фæстæ йæ бæргæ сраст кодтой . Æназым ,дам, уыдис.
Раст зæгъы Соттиты Риммæ: «О, закъоны раз Æмбалты Цоцкойы ном сыгъдæгæй загъд æрцыд, фæлæ уый æгъгъæд нæу. Цæргæ- цæрæнбонты ирон адæмæн цы хæрзты бацыд, цы кад сын фæкодта Иры дæр æмæ æндæр адæмты ,хсæн дæр, уымæн нырма аккаг аргъгонд не ,рцыд».
Абон мах, чиныгкæсджытæ, стыр бузныг стæм фыссæг æмæ журналист Соттиты Риммæйæ. Уый бирæ азты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны наукон- иртасæн институтты, библиотекæты, архивты, хицæн адæймæгты библиотекæты фембырд кодта Æмбалты Цоцкойы сфæлдыстадон бынтæ, æмæ ма дзы йæ къухы цы бафтыд, уыдонæн рухс фенын кодта 2009 азы иу егъау , 500 фарсæй фылдæр кæм ис, ахæм чиныджы «Удварны хæзнатæ». Уым нын Цоцкойы æмдзæвгæты, мысинæгты, йæхи хатдзæгты фæрцы нæ цæстыты раз сыстын кæны йæ диссаджы зæрдæмæдзæугæ фæлгонц, йæ удыхъæд æмæ ирон адæмыл йæ рис, йæ мæт.
Махæн Цоцкойы ном рохгæнгæ нæу. Уый канд Æмбалты мыггаджы нæ уыдис, фæлæ æппæт Ирыстоны дæр.
Гæдиаты Цомахъ - ирон адæмæн номгæнджытæй иу, йæ фарнæй йын йæ намыс чи фæфылдæр кодта, æмæ, цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ рæзгæ фæлтæртæн рухсмæ фæндаг чи амондзæн, сæрыстырдзинады, ныфсы æмæ хæрзуагон æнкъарæнтæ сыл атаудзæн, уыцы рæстыл тохгæнæг ирон лæг. Цомахъ- поэт, фыссæг,драматург, публицист, зынгзæрдæ революционер, æхсæнадон царды разæнгард архайæг, разамонæг- йе ппæт царды бонтæ дæр снывонд кодта йæ ирон адæмæн исты хæрзты бацæуынæн.
Цомахъы æппæт хъуыдытæ дæр баст уыдысты адæмы амонд, сæрибарад æмæ æмбарадимæ. «Уый равзæрста тохы фæндаг,- фыста Цомахъы тыххæй зындгонд ирон литератор Тыбылты Алыксандр.- Йæ сæрибарыл тохмæ сидт байхъуыст хохæгтæм. Йæ æмдзæвгæтæ сты æвæджиау. Къостайы фæстæ Цомахъау ирон фысджытæй ничиуал радзырдта йæ зæрдæйы сагъæстæ йæ адæмы тыххæй».
Хъуды комы, Ганисы хъæуы - ирон аивадон прозæйы бындурæвæрджытæй иу- Гæдиаты Секъайы хæдзары райгуырд Цомахъ. Секъа сæрд дзæнæты бæстæ, зымæг та- зындон кæй хуыдта , уыцы ран. Тагъд рæстæджы фæстæ бирæсывæллонджын бинонты бахъуыд Джызæлмæ æрлидзын. Ам, авдаздзыдæй, Цомахъ ахуыр кæнынмæ бацыд райдиан скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1892 азы. Уый фæстæ кæрæдзийы фæдыл- Дзæуджыхъæуы æмæ Стъараполы дины семинартæ. Уый фæстæ ссис Тартуйы ( Дерпты, Юрьевы) университеты юридикон факультеты студент ( фæстæдæр раивта историон- филологон факультетмæ) . 1905 азы хабæртты фæстæ Цомахъ сыздæхт Ирыстонмæ æмæ зæрдиагæй архайдта «Ирон газет» рауадзыны хъуыддаджы. Ныффыста фыццаг революцийы рæстæджы бирæ зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ. Йæ революцион куысты тыххæй йæ 1908 азы æрцахстой. 1910 азы та æрвыст æрцыдис цæрæнбонты Хурыскæсæн Сыбырмæ . Хасты уæвгæйæ дæр Цомахъ сусæгæй кодта революцион куыст, зæхкусджыты сабитæн уыд ахуыргæнæг, политикон артелы уыд хуымæтæг кусæг. Новониколаевскмæ йæ куы раивтой Киренскы уездæй, уæд адæмæн лæвæрдта сæрмагонд уроктæ, зæрдæргъæвдæй кодта рухсадон куыст горæты мæгуыртæ æмæ кусджыты æхсæн. Зæрдиагæй архайдта Сыбыры мыхуыры дзыллон фæрæзты мидæг. Горæты æхсæнады мидæг ын уыдис стыр кад, суанг ма йæ адæмон æмбырды уæнгæй дæр равзæрстой. Фæлæ уæддæр æрвылбон йæ зæрдæ æхсайдта йæ иубæстон дзыллæмæ.
Цомахъæн йæ райгуырæн Ирыстонмæ сыздæхыны фадат фæцис æрмæстдæр 1917 азы Февралы революцийы фæстæ, æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ сæрды уæззау рынчынæй. Фæлæ йæ низ ницæмæ даргæйæ аныгъуылд революцион хъуыддæгты. Куыста Цæгат Ирыстоны училищæты Советы, Ирон Хойраджы комитеты, Терчы Фæлхасгæнджыты иугонд цæдисы, Ирон национ Советы… бирæ алы бæрнон куыстыты.
Æппæт уыцы рæстæг ма Цомахъ кодта сфæлдыстадон куыст. Фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, драмæтæ, зарджытæ сывæллæттæн, статьятæ, очерктæ. Уыимæ иттæг хорз фыста куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Гæдиаты Цомахъ нымад æрцыд ирон литературæйы фыццаг историкыл.
Цомахъ йæ уацмысты æвдыста йæ уарзон адæмы уæззау цард, уæндонæй тох кæны, размæ цæуын æй цы тыхтæ нæ уагътой, уыдонимæ. Йе сфæлдыстады ахъаззаг бынат ахсы драмæ «Ос- Бæгъатыр». Автор дзы равдыста ирон адæмы рагфыдæлты хъæбатыр хабæрттæ.
!931 азы 24 октябры Цомахъы зæрдæ банцад йæ куыстæй. Фæлæ йын йæ ном ирон адæм никуы ферох кæндзысты. Абон дæр ахсджиаг сты , Цомахъ йæ рæстæджы цы рæнхъытæ ныффыста, уыдон:
Ма дзур: «Чысыл стæм»- ма дзур тæрсгæйæ,
Ма дзур: «нæ къухтæ цыбыр сты»,- уый.
Иры зæххыл фарны суадоны былгæронмæ фæндаг чи ссардта, уыдонæй иу уыд Коцойты Арсен. Адæймаг цæмæн райгуыры? Мæнмæ гæсгæ, адæймаг райгуыры, цæмæй йæ фæстæ исты фæд ныууадза, уымæн. Алкæмæн уыцы хъуыддаг нæ бантысы. Иутæ сæ фæстæ ныууадзынц æвзæр фæд. Зæгъæм, ромаг император Нерон – зынг бафтауын кодта Римыл, уымæй адæмы зæрдæты баззад фыдгæнæгæй. Иннæтæ та царды никæм разынынц, Куы амæла , уæд дæр æй ничи `рхъуыды кæндзæни, уыдис æмæ нал и. Фæлæ ис ахæм адæм, кæцытæ сæ фæстæ ныууадзынц æгæрон фæд. Гъе, ахæм адæймаг, мæнмæ гæсгæ уыд ,Коцойты Арсен.
Коцойты Арсен…. Ирыстоны хæхты æмæ быдырты, хъæуты æмæ горæтты чи нæ зоны ирон адæмæй ацы ном, ахæм тынг стæм разындзæн. Йæ хъæздыг сфæлдыстад ын ахуыр кæнынц скъолаты, училищеты, педагогон институты, университеты. Йæ уацмыстæ йын кæсынц чысылæй, стырæй.
Арсен….Цæстытыл ауайы урсзачъе зæронд лæг, йæ хъуыдыджын æмæ æнкъард цæстæнгас , йæ фæтæн ных. Адæймаг банкъары, ацы ном зæгъгæйæ,ирон уды змæлд, ирон аив ныхасы тых, ирон адæймаджы уæззау хъысмæт æмæ фарн.
Æвæццæгæн, нæй ахæм адæймаг, кæй зæрдæ нæ агайынц Арсены æмбисонды радзырдтæ, кæмæ нæ равзæрын кæнынц æууæнк æмæ æнæуынондзинад, уарзт æмæ фыдæх! Уый уыди дзырдæй диссаджы нывгæнæг.
Арсены æвидигæ сфæлдыстад цыдис йæ бæрзонд курдиат æмæ арф дунеæмбарынадæй. Дзырды зæрингуырд карзæй æргом кодта социалон æнæрастдзинад, царды мæнгдзинад, æгъатырæй хурмæ калдта æнæфсис æмæ кæрæф бонджынты æлгъаг митæ, хъæддыхæй дзырдта рæстдзинадыл, ахъаззаг тох кодта мæгуырты сæрыл, сæ цард сын фæхуыздæр , сæ къух сын истæмæй фæрог кæныныл.
Диссаг уый у, æмæ Арсены уацмыстæ адæймаг цас фылдæр кæса, уыйас æм хæстæгдæр æмæ мидисджындæр кæсынц, нывæфтыддæр æмæ цардæгасдæр.
Йæ уацмыстæ йын схонæн ис – генион. Нигеры загъдау, уыдоны бавæрдта йæ авдæны хъарм, йæ царды цин, йæ уды бæллиц, йæ уалдзæджы цъæх, йæ сæрды хурхæтæн, йæ фæззæджы бæркад æмæ йæ зымæджы сатæг.
Нæртон лæгау, фыссæг йæ чингуытæм æмбырд кодта арвы цин, дунейы фарн æмæ зæххы сой. Куыддæр сæ байгом кæнæм, афтæ цыма нæ разы фестынц сæ хъайтартæ: Чермен æмæ Габо, Хосдзау æмæ Хъæвдын, Тедо æмæ Симон….
Мах бахауæм аргъауæццаг бæстæмæ. Уым мах базонæм, «Гигойы куадзæн» -ы хабæрттæ, «Фыдбылыз» - ы аххосæгтæ, «Царды зилдухæнтæ» - йы хус къæбæртæ чи хæры æмæ «Æхцайы чырынтæй» чи хъазы, «Цыппар туаллагæй» растдæр чи у, «Дадолты мæт» цæуыл у, «Декрет» - ы цы фыст ис, « Дыууæ фембæлды» цæуыл ахицæн сты, « Фыццаг лæг æмæ ус» куыд баиу сты, Хуыцау «Хур æмæ мæй» куыд сфæлдыста æмæ «Мæлæтæй тыхджындæр» цæмæн ницы ис, уый.
Арсен кæд нымæцæй бирæ чингуытæ нæ ныффыста йæ дæргъвæтин царды, кæд бирæ бынтæ нæ ныууагъта, уæддæр йæ къухы цы бафтыд сфæлдисын, уыдон сты хъæздыг, нуарджын æвзагæй фыст, нывæфтыд, философон. Никуы базæронд уыдзысты дæсны фыссæджы зæрдæбынæй фыст уацмыстæ, нæ фесæфдзæн сæ историон ахадындзинад. Мах зонæм историйæ, Гуырдзыстоны фыдгæнджытæ ссæдзæм азты Хуссар Ирыстоныл арт кæй бафтыдтой, уый. Абон дæр та йыл афтæ арт æфтауынц, сурынц ирæтты сæ райгуырæн уæзæгæй. Дыууынæм азты цаутыл Арсен ныффыста радзырд «Саломи». Цыма ныртæккæ фыст æрцыд. Науæд кæцыфæнды радзырд дæр куы райсæм - «Цуанонтæ» уа, «Гигойы куадзæн» уа, «Сæумæрайсом » уа, «Æнæхъус Карум» уа, «Ханиффæ» уа, «Дадолты мæт» уа – банкъардзыстæм дзы царды рæстдзинад, нæ цæстытыл ахъаздзысты цардæгас сурæттæ,алыхуызон вазыгджын фæлгонцтæ.
Мæнæ куыд фыста Джыккайты Шамил: «Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмæ æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивы Арсены уацмысты идейон – эстетикон хъару, нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йе сфæлдыстады удджын фидауц».Растдæр æмæ зæрдæбындæр, æвæццæгæн, ничиуал зæгъдзæн.
Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст æрцыд æрмæджытæ. Зæгъæн ис æмæ, Арсен у адæмон фыссæг, уымæн æмæ йын йæ уацмыстæ, йæ фельетонтæ адæм кæрæдзийæн æмбисондæн хастой æмæ хæссынц абон дæр. Стыр аргъ кодтой ирон интеллигенцийы минæвæрттæ Арсены куыстæн.
«Арсен у ирон аивадон прозæйы раппæлинагдæр дæснытæй иу» -ахæм аргъ кодта фыссæгæн Гæдиаты Цомахъ.
«Æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл Коцойы фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрæвæрдтой» - фыста Тыбылты Алыксандр.
«Арсен! Ацы ном Ирыстоны цы ком, цы хъæу нæ зонынц, ахæм нæй. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уый у стыр курдиаты хицау. Йе сфæлдыстадон æрмæг иста реалон цардæй, уацмыстæ амад сты, æцæг чи уыдис, йæхæдæг кæй федта, кæнæ фехъуыста, ахæм цаутыл» - ахæм хатдзæгмæ æрцыд Дзугаты Георги.
Джыккайты Шамил та Арсены хоны: «Ирон аив дзырды зæрингуырд».
Æмæ æцæгæйдæр, Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг.
Коцойты Арсен Æрыдоны дины семинары куы ахуыр кодта, уæд фыццаг хатт базонгæ Х.Къостайы тохмæсидт æмдзæвгæтимæ. Хорз æй æмбæрста, уыцы æмдзæвгæтæ йæм куы ссарой, уæд карз æфхæрд кæй баййафдзæн, уый. Семинары ахуыргæнгæйæ фыццаг хатт бакаст газет «Кавказ» дæр. Уæдæ Къостайы фенынмæ дæр йе ׳мбæлттимæ Æрыдоны дины семинарæй араст фистæгæй Дзæуджыхъæумæ. Чи зоны, Æрыдоны семинары ахуыргæнгæйæ, Х. Къостайы фæллæйттæ кæсгæйæ, йæ зæрдæ ахсайдта сфæлдыстадон куыст кæнынмæ. Хуыцауы дзæгъæлы нæ хуыдтой Æрыдон «колыбель осетинской интеллигенции». Æрыдоны дины семинарæй тынг бирæ зындгонд æдæм рацыд. Бирæтæ дзы систы ногцардаразджытæ, фысджытæ, æхсæнадон кусджытæ.
Цæмæй фыссæджы курдиатæн аккаг аргъ скæнам, цæмæй йын базонам йæ курдиаты ратæдзæн, уый тыххæй йын хъæуы, фыццаджыдæр, йæ цардвæндаг бæстон базонын.
Коцойты Арсены мысинæгтæй мах зонæм, семинары цавæр реакцион уавæр уыд, уый. Уды сæрибардзинад зынаргъ кæмæн у, уый нæ быхсы козбаудзинад, нæ быхсы тыхми, тырны уды хæдбардзинадмæ. Уыдонæй иууылдæр æххæст уыд Коцойты Арсен.
Иттæг хорз ахуыр кодта Арсен семинары, фæлæ йыл йæ низ куы стыхджын, уæд æй бахъуыд йæ ахуыр æмбисыл ныууадзын. Фæстæмæ аздæхт Джызæлмæ æмæ уым райдыдтой йæ æцæг хъизæмæрттæ. К. Арсен рынчынæй, Джызæлы цæргæйæ, бæвзæрста мæстытæ, зæрдæнизтæ, хъуæгтæ, адæмы зул цæстæнгас, сæ гæдыдзинад, адæймагмæ пайдайы цæстæй кæсын. Фæстæдæр уыдон æвдыст æрцыдысты йæ автобиографион уацмыстæ «Цыппар æмæ ссæдз боны» æмæ
«Æнæном радзырд»-ы. Джызæлы цæргæйæ, рæзыд æмæ фидар кодта йæ цæстæнгас цардмæ. Джыккайты Шамилы загъдау «Арсен сси трагизмы нывгæнæг». Йæ радзырдты æрмæг, сæ архайджытæ, сæ сюжеттæ сты трагизмы ахорæнтæй æвдыст. Уымæн æмæ, уыдта царды æцæгдзинад, иуæй æхсæнады социалон уавæртæй, иннæмæй та - тынгæй тынгдæр зынын байдыдта йæхи сæрмагонд индивидуалон цæстæнгас цардмæ, сфæлдыстадмæ.
Хъаныхъуаты Иналы,Гæдиаты Секъайы , Хетæгкаты Къостайы прозæтæ уыдысты Коцойты Арсенæн аив прозæйы скъола. Уыдоны фæстæ сæрттывта Коцойты Арсены аивадон прозæ.
Цымæ цы ахъаз фесты Арсены уацмыстæ ирон æхсæнадæн?
Арсен, куыд зонæм, афтæмæй тырныдта Иуане, Аксо æмæ Къоста цытджынæй цы аивадон – хъомыладон хæс æххæст кодтой, уый адарддæр кæнынмæ, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Лæмбынæг ын куы æркæсæм йæ уацмыстæм, уæд фендзыстæм, ирон æхсæнадæн йæ аивадон уацмысты уый кæй радта уæрæх нывтæ, сбæрзонд кодта ирон лæджы уагæвæрд, бахъахъхъæдта йын йæ ном æмæ намыс. Йæ хъазæнæмхасæн фæлгонцты ( Малхаз, Къутæрджыны устытæ, Никъо æмæ Маро, Сауджын æмæ диакъон….) хурмæ ракалдта , ирон лæджы ном чи худинаг кодта, уыцы æууæлтæ. Арсены мидныхасы тыгъдадыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы уырнинагæй банкъарæм, фыссæджы аивадон хъуыды йæ хъайтарты миддунейы куыд арф ныххызти, уый. Уыцы психологон агурæнты ис йæ уацмысты бæрзонддæр ахадындзинад. Йæ радзырдты ахадындзинад фæирддæр вæййы, йæ хъайтарты монон царды æцæгдзинадæй кæй нæ хицæн кæны, уымæй дæр.Уый хорз зыдта дзырды нысаниуæг, йæ эстетикон æмæ хъомыладон ахадындзинад. Арсен йæ дуджы историон æцæгдзинады цаутæм цы цæстæй акаст, куыд сæ бамбæрста, йæ адæмы национ удыхъæды сæйрагдæр миниуджытæ куыд райхæлдта, уыдон аивадон дзырды руаджы равдисыныл нæ бацауæрста йæ тых æмæ йæ курдиат.
К.Арсены бон баци ирон радзырды структурæ реалистон хуызы саразын. Кæд Гæдиаты Секъа уыд ирон прозæйы бындурæвæрæг, уæддæр уый прозæ амад уыд адæмон сфæлдыстады райдайæнтыл, йе сфæлдыстадон сæйраг пафос уыд р о м а н т и к о н . Гæдиаты Секъайы уацмысты дæр цард уынæм хуымæтæг адæймаджы цæстæй. Уый дæр у фыдæбонджын, фæлæ æбар адæймаг. Секъа сын æвдисы сæ хъуырдухæн, сæ уавæр, фæлæ сæ бартыл иумæ схæцын хъом нæма сты. Уым Секъайы аххос æппындæр нæй, уымæн æмæ уый уыд рæстæджы домæнтæй иу.
Кæд литературæ æхсæнады царды æцæгдзинад æвдисы, уæд фыссæг та хъуамæ йæхи курдиаты фæрцы æмæ йæ адæмы удварны хæзнатыл æнцойгæнгæйæ, амона фæндаг ног цардивæнтæм. Гæдиаты Секъайы уацмысты хъайтартæ дæр базмæлыдысты, схæцыдысты сæ бартыл, фæлæ уæддæр баззайынц састы бынаты. Уыдон нырма не сты æххæст цæттæ се ׳фхæрджыты ныхмæ сыстыныл. Секъайы рæстæджы ирон литерæтурæ фыццаг къахдзæфтæ кодта, нæ уыд чиныг, нæ уыд чиныгкæсæг. Уыцы уавæрты гуырд ирон прозæ, кодта фыццаг къахдзæфтæ æнæнад фæндагыл. Ахæм фæндагыл цæуын та зын у.
Фæлæ Коцойты Арсен ирон радзырды структурæмæ бахаста ногдзинад, ома ахызт реалистон типизацимæ, байгои кодта радзырдты ног формæтæ æмæ фадат радта ирон прозæйæн реалистон типизацийы бындурыл рæзынæн.
Æркæсæм ма йын йæ аивадон мидисмæ.
«Арсен йæ уацмысты карз тох кæны фыдæлты талынг æгъдæууты ныхмæ, фенын кода, патриархалон цардыуаджы адæмы рæсугъд хъуыды æмæ лæджыхъæд дæлдзиныг кæй кæны, адæймагæн фосы кад кæм ис, ирæдыл æй кæм уæй кæнынц , рухсмæ йын фадат чи нæ дæтты, уыцы æгъдæутты. Уыдон сты: тугисын, чызгыскъæфын, къæрных, æфхæрд æфхæрдæй исын, дам-думтæ æмæ фидис, мæнгдзинад æмæ тыхтона кæнын – æппæт уыдонæн Арсен ахъаззаг цæф фæкодта йæ курдиаты цыргъдæр хæцæнгарз, аивадон дзырды руаджы.»- фыссы Гаглойты В.М.
Арсен ирон лæджы психологи хорз кæй зыдта, йæ адæмы зæрдæйы миниуджытæ равдисынмæ кæй арæхст, уымæ гæсгæ йæ арæзт фæлгонцтæй бирæтæ абон дæр æрттивынц ирон литературæйы хæзнадоны. Арсены сфæлдыстады ис бынат юморæн дæр. Уый йæ чиныгкæсæджы куы худын фæкæны, куы та йæ сагъæсты бафтауы. Хатгай йæ юморы бын æмбæхст вæййы адæймаджы стыр трагеди. Ахæм фæзилæнтæ К. Арсены размæ мах никæмæ уыдтам, уыцы традицитæ æрæвæрдта ирон аив дзырды зæрингуырд Коцойты Арсен.
Кæрон.
Мæ иртасæн куысты хæс уыд, дæнцæгты руаджы равдисын Æгъуызаты Иуанейы, Колыты Аксойы, Мамсыраты Темырболаты, Хетæгкаты Къостайы, Æмбалты Цоцкойы, Гæдиаты Цомахъы, Коцойты Арсенæн сæ ахадындзинад Ирыстоны æхсæнадон æмæ культурон царды.
Сæ аивад абон дæр у æвидигæ æмæ актуалон. Гъе, уымæн сæ цымыдисæй кæсынц æрыгæттæ дæр æмæ хистæр кары адæм дæр.
Стыр мысинаг сты махæн, ирон адæмæн, нæ разагъды лæгтæ – рухстауджытæ. Уымæн æмæ уыдон фæхаттысты цырагъдарæй Ирыстонæн, сæ уарзон адæмæн. Мæгуыр ирон адæмы хохы цъассытæй ракодтой ахуырады уæрæх фæндагмæ.
Мæн фидарæй уырны, нæ разагъды лæгтæн сæ зæрдæты рухс цырагъ кæ никуы ахуысдзæн, цалынмæ ирон æвзагыл иунæг дзурæг уа, уæдмæ…
Литературæ
1. Газет «Рæстдзинад», 1992 аз, 30 январь , Гæджиты Лианæ «Ма дзур: чысыл стæм»;
2. Газет «Рæстдзинад», 1992 аз, 30 январь, Хозиты Барис «Адæмы фарн æмæ кад, фидар лæуут!»;
3. Газет «Рæстдзинад»,1997 аз, 16 январь, Хозиты Барис «Фыдæлты намыс æмæ фарнхæссæг поэт»;
4. Газет «Рæстдзинад», 2010 аз, 11 ноябрь, библиографион уац Цомахъ «Ирон газеттæ»;
5. Джусойты Нафи. - Ирон литературæ. Дзæуджыхъæу: «ИР», 2013
6. Джыккайты Шамил. Разагъды лæгтæ. - Дзæуджыхъæу: «ИР», 1999
7. Уалыты Татьянæ. Мах дуг./Коцойты Арсен – рухстауæг - /-Дзæуджыхъæу,
1999, №6
8. Савва Дангулов. Рæстдзинад. /Ирон аив дзырды зæрингуырд/.№7, 2007
9. Джыккайты Шамил. Уацтæ. Дзæуджыхъæу, «ИР», 1986
10. Хозиты Барис. Цыкурайы фæрдгуытæ. Дзæуджыхъæу, «ИР», 1999
11. Тлаттаты Аннæ.Фотоальбом. Арсен. Орджоникидзе, «ИР»,1977
12. Коцойты Арсен. Уацмысмтæ. Дзæуджыхъæу, «ИР»,1971
13. Бекъойты Е.Д. Гаглойты В. М. Ирон прозæйы анталоги. 1т. Цхинвал, р-д «ИРЫСТОН», 1969
Весенняя гроза
Галка в чужих перьях
Акварель + трафарет = ?
Композитор Алексей Рыбников
Сказка про Серого Зайку