Сочинение " Мæ хъæу".
Вложение | Размер |
---|---|
ma_hau.docx | 17.58 КБ |
Нывæцæн « Мæ хъæу»
Бæстæтæ бирæ сты, дуне – уæрæх,
Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй.
О, фæлæ мады ад, райгуырæн зæхх,
Зонын æрмæстдæр дæуæй!
Фыдыбæстæ адæймаг фæхоны , кæм райгуыры ,кæм фæхъомыл кæны ,кæм фæцæры ,уыцы зæхх.
Нæ фыдæлтæн зынаргъ уыдис сæ зæхх , сæ бæстæ. Мæнæн дæр тынг зынаргъ у мæ Фыдыбæстæ, кæм райгуырдтæн , кæм хъомыл кæнын . Куыннæ уарзон, фыццаг къахдзæфтæ кæм акодтон ,уыцы уæзæг?
Ирыстоны бирæ зындгонд хъæутæ ис ,фæлæ мæн фæнды радзурын мæ уарзон хъæу Михайловскы тыххæй. Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн ,уæд арæх хъуыды кодтон, цæмæн хуыйны цымæ мæ уарзон хъæу Михайловск. Бацыдтæн хъæуы чиныгдонмæ æмæ ссардтон, мæн чи хъуыд , ахæм æрмæг.
Уæрæх фæзуаты йæхи æруагьта Ирыстоны рæсугъддæр хъæутæй иу- Михайловск. Хъæуæн бындур æрæвæрдтой 19 æнусы дыккаг кæрон Поволжьейæ ссæуæг немыцæгтæ. 1861 азы фидар Владикавказæй цæгатырдæм æртæ немыцаг мыггаджы – Коберт, Нойберг æмæ Райфшнайдер – мæскуыйаг къниаз Михаилы барамындæй сарæзтой колони æмæ йæ схуыдтой Михельсдорф. Немыцæгты номарæнæн баззад æфсæнвæндаджы станцæйы ном « Колонка »,стæй канд уый нæ, фæлæ ма хъæуы рагондæр цæрджытæ арæх дзырдтой кæстæртæн, куыд куыстуарзаг уыдысты сæ хъæуы бындурæвæрджытæ ,уый.
Мæ хъæуæй рацыдис бирæ зындгонд адæм .Ранымайдзынæн дзы цалдæры : Тугъанты Ларисæ Алыксандры чызг- Хицауады сæрдары хæдивæг,
Наниты Зинаидæ Алексейы чызг – зындгонд дохтыр,
Чысиаты Мурат Шаликъойы фырт - Парламенты депутат,
Кудзаты Анатолий Бестауы фырт - профессор , технологон наукæты дохтыр.
Ирыстоны зындгонддæр æмæ кадджындæр скъолатæй иу у Михайловскы скъола. Хæссы Советон Цæдисы хъæбатыр А.М.Селютины ном. Сæдæ азæй фылдæр цæуы не скъолайыл. Æнусæй фылдæр уый у зонындзинæдты къæбиц. Кусы дзы хæларзæрдæ ахуыргæнджытæ . Уыдон æнæвгъауæй лæвар кæнынц сæ арф зонындзинадтæ скъоладзаутæн , архайынц мах раст фæндагыл сæвæрыныл.
Æз тынг сæрыстыр дæн, ацы скъолайы ахуырдзау кæй дæн ,уымæй. Мах ,фасивæд,архайдзыстæм , цæмæй нæ хъæуы кад бæрзонддæр сисæм.
Конкурсмæ : Нывæцан «Мæ хъæу».
Архайæг : Советон Цæдисы хъæбатыр А.М.Селютины ном хæccæг Михайловскы астæуккаг скъолайы 4 Б къласы ахуыргæнинаг Цæллаты Ангелинæ Мараты чызг.
Разамонæг: Соттиты Дзерассæ Отары чызг.
Твёрдое - мягкое
Анатолий Кузнецов. Как мы с Сашкой закалялись
Ледяная внучка
Рукавичка
5 зимних аудиосказок