Æрвгъуыз бæстæйы аргъау.
Вложение | Размер |
---|---|
argau.docx | 24.48 КБ |
Æрвгъуыз хæхты бæстæйы аргъау
Уый раджы уыдис, тынг раджы. Æз ацы хабар мæ фыдыфыдæй фехъуыстон , уый та йæ йæ фыдæй фехъуыста. Æрвгъуыз хæхты бæстæйы цардысты тыхджын æмæ рæдаузæрдæ адæм. Кодтой заххы куыст ,дардтой лыстæг фос, алы бон куывтой Хуыцаумæ, куырдтой æнæниздзинад æмæ амонд.
Æрвгъуыз хæхты бæстæйы паддзах уыдис æрыгон, фæлæ æвзыгъд лæппу Артау. Йæ номмæ гæсгæ, уыдис сæрæн æмæ рæвдз, арты хуызæн. Мæнæ аргъæутты сагсур кæмæй фæзæгъынц, раст гъе ахæм лаппу уыдис Артау.
Артау гыццылæй баззад сидзæрæй. Йа фыд Уæздан фæмард знæгтимæ тохы .Фыдгултæ æрбабырстой æхсæвыгон ,уыдон фæндыдис Уæзданы паддзахад байсын . Бирæ адæм фæмард уыцы тохы… фæлæ Æрвгъуызы паддзахады цæрджытæ фæтых сты знагыл, фæсырдтой йæ сæ Фыдыуæзæгæй.
Артауы мад , уæздан æмæ фæлмæн æхсин Уæларвон, куы федта Уæзданы мард сынтыл, уæд бауадзыг , афæдз йæ хуыссæнуатæй нал сыстад , йæ дзыхæй иу ныхас нал схауд. Йæ къухты змæлдæй æмбарын кодта йæ хъæбулæн рацу, зæгъгæ , æмæ йын - иу йæ сыгъзæрин коцора сæр лæгъз кодта. Йæ мæллæг æмæ фæлурс цæсгомыл та уадысты цæппузыртау йæ цæстысыгтæ …
Артауæн нырма йæ ныййарджытæ цардæгас куы уыдысты, уæд æй хæстон хъуыддæгтыл ахуыр кодта се΄ рвадæлты лæг Тæгæр. Тæгæр лаппуйы ахуыр кодта бæхыл бадын , фатæй æхсын, цуан кæнын, суанг ма - иу æй дзæбидырдзуаны дæр акодта. Ахуыр æй кодта тæссаг хæххон фæндæгтыл цæуыныл ,сырдты фæдтæ агурыныл. Æнæ Æфсатийы лæвар цуанæй иу хатт дæр никуы æрцыдысты.
Иу ахæмы хъæды къохы бамбæлдысты арсы лæппыныл, уый æрвдзæф бæласы бын бадт æмæ богътæ кодта ,йæ мад кæм уыд, уый бæрæг нæ уыд. Тæгæр рахаста арсы лæппыны йемæ. Уыцы бонæй Артауимæ балымæн сты. Сæвæрдта йыл ном Къобор. Гыццыл лæппу- иу хъæбысæй хæцын райдыдта арсы лæппынимæ, цъæх нæууыл- иу афæлдæхтысты дыууæйæ дæр. Паддзахады цæрджытæ кастысты лæппу æмæ арсы лæппыны хъазтмæ æмæ сыл худæгæй сæхи хастой.
Рæстæг ,дам, дугъон бæхыл бады , рацыдысты азтæ. Артау йæ паддзахады сæргъы лæууыдис рæстзæрдæ æмæ хæларзæрдæйæ. Къобор дæр сырæзт, стыр бур арс ссис. Йæ сау цæстытæй- иу лæппумæ куы бакастис, уæд-иу Артаумæ афтæ каст, алцыдæр кæй æмбары Къобор, уый. Тæгæр кæд фæзæронд , уæддæр Артауæн амыдта зонд, фыды бынаты уыдис æрыгон паддзахæн.
Æрвгъуыз хæхты бæстæйы фарсмæ уыдис æндæр паддзахад. Уый та хуындис Хæххон цады бæстæ. Паддзахы ном хуындис Фæрныг. Бахъомыл ис Фæрныгæн йæ чызг, диссаджы зондджын æмæ арæхстджын. Алы бæстæтæй йæм курджытæ цыдис ,фæлæ хивæнд чызг ком никæмæн лæвæрдта. Паддзах Фæрныг фидиуджытæ арвыста алы паддзахæдтæм, цæмæй уыдон фехъусын кæной, зæгъгæ, усгур лæппутæ хуыцаубонмæ куыд æрæмбырд уой Хæххон цады паддзахадмæ. Ерысты чи фæуæлахиз уа ,уымæн Фæрныг ратдзæн йæ иунæг чызджы. Хуыцаубон куы ралæууыд, уæд Фæрныджы кæрт усгуртæй байдзаг, уыдон Фæрнинæйы цæстмæ хъазыдысты сæ хъал бæхтыл, чызг сæм галуаны рудзынгæй сусæгæй каст. Артау дар уыцы бон йæ амондагур рацыдис. Уый фехъуыста чызджы рæсугъддзинады кой æмæ йæ фæндыд йæ фенын. Йæ паддзахадæй иу гыццыл куы ауадис, уæд фехъуыста Къоборы сæпп- сæпп, бæргæ йæ здæхта фæстæмæ, фæлæ арс нæ бакоммæ каст. Уый Артауæн цыма афтæ дзырдта : « Ауадз мæ демæ, чи зоны, æмæ дын искуы бабæздзынæн». Артау Къоборæн загъта ,цæмæй цады фарсмæ цы хъæд задис, уым бада, адæм дæ фæтæрсдзысты, зæгъгæ.
Фæрныг рахызт йæ кæртмæ, уазджытæн «æгас цæут» загъта, стæй радта фыццаг хæслæвæрд. Усгуртæ дугъы ауайæд, фыццаг чи æрбацæуа Фæрныджы кæртмæ, уый уыдзæн уæлахиздзау. Ерыс райдыдта. Фæндаг цыдис цады былтыл. Барджытæ цады размæ куы бахæццæ сты, уæд Къобор хъæдæй рацыдис, бæхтæ фатарстысты æмæ алы `рдæмты фæлыгъдысты. Артауы бæх Зыгъар ахуыр уыдис арсыл æмæ йæ фæндаг дарддæр дардта. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг ерысы амбылдта Артау. Фыццаг уый æрбацыд паддзахы кæртмæ . Фæрнинæ рудзынгæй ракаст æмæ йæ мидбылты бахудт лæппумæ.
Дыккаг хæслæвæрд уыдис зындæр. Хæххон цады астæу уыдис чысыл сакъадах , уым цардис сызгъæрин бабыз . Гъе, уыцы сыгъзæрин бабызы чи æрбахастаид, уый амбылтаид. Баленк кодтой цады усгур лæппутæ ,арæхстджынтæ дзы куыннæ уыдис, фæлæ æрдæгфæндагæй фæстæмæ здæхтысты . Артау дæр бæргæ бафæллад, сфæнд кодта былмæ раздæхын. фæлæ айхъуыста Къоборы сым-сым , арс ленк кодта йæ фæстæ. Къоборы фæрцы æрцахста сыгъзæрин бабызы æмæ Фæрныджы кæртмæ æрбацыд. Арс баззад хъæды. Æртыккаг хæслæвæрдыл нал разы кодтой усгур лæппутæ, сæ паддзахадтæм сæргуыбырæй здæхтысты. Уæд Фæрныг фехъусын кодта, йæ чызджы кæй дæтты йæ сыхаг паддзах Артауæн, уый. Фæрнинæйы зæрдæмæ дæр фæцыди лæппу, чызг æмбæрста, йæ риуы кæй тæлфы æцæг адæймаджы зæрдæ, уый.
Артау сбадын кодта йæ рæсугъд æхсины бæхыл æмæ ацыдысты сæ паддзахадмæ. Æрвгъуыз хæхты бæстæйы царджытæн фидиуæг фехъусын кодта хорз хабар. Сæхи цæттæ кодтой чындзæхсæвмæ. Чындзæхсæв та ахæм диссаджы чындзæхсæв скодтой, æмæ ма йæ кой абон дæр фæкæнынц паддзахады цæрджытæ. Къобор дæр кафыд сыртт- сыртт кæнгæ, адæм ын мидбылхудгæ æмдзæгъд кодтой. Ахæм хабæрттæ уыдис, мæ хур, кæддæр.
Чысиаы Азæмæт 7-æм къласы ахуыргæнинаг
Простые летающие модели из бумаги
Сказка на ночь про Снеговика
Рисуем акварельное мороженое
Лягушка-путешественница
Мать-и-мачеха