Иртасыны актуалондзинад.
Ӕрвыл бон цы алыхуызон раиртӕстытыл ӕмбӕлӕм , уыдоны хсӕн ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ нын ӕххус кӕнынц, цӕмӕй цавӕрдӕр уӕлахиздзинӕдтӕй хизӕм. Темӕ «Алгоритм» мах ахуыр кӕнын райдыдтам, фыццӕгӕм къласы куы уыдыстӕм уӕд, кӕцыты алгоритмы дӕнцӕгтӕн хастам аргъӕуттӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ. Базыдтам , термин «алгоритм» адӕймаджы аллы хъуыддаджы дӕр. Цӕмӕн хъӕуынц алгоритм тӕ? Кӕм ӕмбӕлӕм царды мидӕг алгоритмтыл?
Вложение | Размер |
---|---|
algoritmtae_na_tsardy_saeyrag_farstatae.docx | 24.21 КБ |
«Алайнаг гимнази» -йы 2-æм «а» къласы ахуырдзау
Хъулаты Дзерассæ,
Наукон разамонæг Кокайты И.Б.
Наукон иртасӕн куыст «Алгоритмтӕ, на царды сӕйраг фарстатӕ».
Иртасыны актуалондзинад.
Ӕрвыл бон цы алыхуызон раиртӕстытыл ӕмбӕлӕм , уыдоны хсӕн ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ нын ӕххус кӕнынц, цӕмӕй цавӕрдӕр уӕлахиздзинӕдтӕй хизӕм. Темӕ «Алгоритм» мах ахуыр кӕнын райдыдтам, фыццӕгӕм къласы куы уыдыстӕм уӕд, кӕцыты алгоритмы дӕнцӕгтӕн хастам аргъӕуттӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ. Базыдтам , термин «алгоритм» адӕймаджы аллы хъуыддаджы дӕр. Цӕмӕн хъӕуынц алгоритм тӕ? Кӕм ӕмбӕлӕм царды мидӕг алгоритмтыл?
Нысан: базонын , цы у алгоритм ӕмӕ йӕ ахатындзинад адӕймаджы царды
Иртасыны объект: сахуыр кӕнын алгоритмтӕ ӕрвыл боны
Гипотезӕ: зӕгъӕм, алгоритмтӕ нӕ хъӕуынц нӕ цард фӕрогдӕр кӕнынӕн.
Куысты иртасыны этаптӕ:
Раиртӕсты сӕргӕндтӕ:
Введени
1. Куыд сывзӕрдысты алгоритмтӕ
Цард кӕддӕр Абу Абдуллах Мухамед ибн Мусса аль- Хорезми. Уый уыди арабаг зындгонд лӕг. Аль – Хорезми тырныдта, цӕмӕй цы раиртӕстытыл куыста, уыдон сеппӕтӕн дӕр ӕнцон ӕмбарӕн куыд уой. Аль –Хоризмӕйы раиртӕстытӕ латинаг тӕлмадзы ахӕм ныхӕстӕй райдайынц «Алгоризмы загъта». Ӕмӕ уыцы раиртӕстытӕ райдыдтой алгоритмтӕ.
2. Алгоритм – у архайды фӕткы ӕрфыст (пълан), ӕнӕмӕнгӕй, йӕ сӕххӕст кӕнын алы адӕймаг йӕ размӕ цы хӕстӕ сӕвӕры , уыдон кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Алгоритм у ӕппӕт фарстаимӕ ӕмискӕй райсгӕйӕ ӕххӕст кӕнын, сӕрмагонд, архайдтыты руаджы. Фӕстаг рӕстӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр нал кӕнӕм куд пайда кӕнӕм алгоритмӕй. Алгоритмтӕ ӕрдзы, наукӕйы, литературӕйы, хӕдзары ӕрвыл бон царды.
Зӕгъӕм: машинӕ скусын кӕнын, хӕринаг сцӕттӕ кӕнын, ӕфтауыны раиртӕст, ӕппарыны раиртӕст, дих кӕнын, нымӕцтӕ кӕрӕдзиуыл ӕххӕст кӕнын. Хӕринаг скӕнын, картоф бастигъын, тӕбӕгътӕ ныхсын, дард балцы хи цӕттӕ кӕнын, кърандӕстӕ сцыргъ кӕнын, цӕхӕрадоны рӕнхъытӕ барувын, аллыхуызон зайӕгойтӕ ныссадзын, сывӕллӕттӕ скъоламӕ бацӕттӕ кӕнын, цӕппузытӕ хуыйын, хӕдзар ӕфснайын. Съолайы царды алгоритмтӕ: урокты фӕткӕвӕрд, дзӕнгӕрӕг дӕттын. Ахуырады алгоритмтӕ: куыд фыссын хъӕуы изложени, диктант, ӕмдзӕвгӕ куыд ахуыр кӕнын хъӕуы, математикӕйӕ куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы хӕстӕ.
Алгоритмтӕ нӕ алыварс.
3. Практикон иртӕст
Анкетӕйы фарстатӕ: Зонут ӕй цы у алгоритм? Искуы фембӕлыдыстут уӕ царды алгоритмыл ? Мӕнӕн мӕ бон у дӕнцӕг ӕрхӕссын цардӕй? Мӕ бон у саразын алгоритм? Ӕз ӕй зонын алгоритмтӕ нӕ кӕй хъӕуынц уый.Цӕмӕ хъӕуынц алгоритмтӕ ?
Кӕйдӕриттӕр бафарстам , уыдон ӕй иууылдӕр зонынц , алгоритмтӕ кӕй хъӕуынц уый. Цы хъуыддаг аразай , уый кӕрӕдзийы фӕдыл раст фӕткыл куы кӕнай, зӕгъӕм, исты хӕринаг, уӕд ӕй тагъддӕр ӕмӕ хуыздӕр сараздзынӕ. Раст пълантыл ӕвӕрд архӕйдтытӕ мах хъӕуынц цӕмӕй нын хуыздӕр ӕмӕ ӕнцондӕр уа нӕ царды.
Кӕронбӕттӕн.
Кӕд ӕмӕ куыст тынг зын уа, уӕд ын саразын хъӕуы, пълан. Цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕнын уа ӕнцондӕр, ома йын бакус йӕ алгоритмыл. Ахӕм пълан у тынг пайда.Уый ӕххуыс у уымӕн, цӕмӕй нӕ куыст фӕрогдӕр ӕмӕ хуыздӕр уа. Адӕймаг хъуыдыкӕнынады алгоритмикон ӕгъдауӕй ӕххӕст куы уа, уӕд тагъд сараздзӕн алгоритмтӕ.
Алгоритмы руаджы ӕххӕстгонд цӕуынц ӕрмӕст информатикӕйы ӕмӕ математикӕйы хӕстӕ нӕ, фӕлӕ ма бирӕ адӕймаджы царды вазыгджын цы вӕййы уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр.
Ацы проекты хӕс уыди: базонын, цы у алгоритм ӕмӕ цын цавӕр бынат ис адӕймаджы царды.
Нӕ проекты мах равзӕрстам ӕмӕ базыдтам, куыд ахджиаг нӕ хъӕуынц нӕ царды ӕмӕ ӕрдзы мидӕг алгоритмтӕ уый.
Мальчик и колокольчики ландышей
Позвольте, я вам помогу
На берегу Байкала
Чья проталина?
Дельфин: сказка о мечтателе. Серджио Бамбарен