Тезисы:
Вложение | Размер |
---|---|
busina.docx | 35.37 КБ |
XI –ой районный научный конкурс молодых исследователей
«Зонады Фидæн»
Направление: Этнография народов мира
Название работы
«Цыкурайы Фæрдыг»
Автор работы
Бутаева Залина Станиславовна
Место выполнения работы:
МКОУсош № 2, 10 класс
Научный руководитель
Челохсаева Ж.Х.
2017.
Оглавление:
1)Тезисы…………………………..1стр
2) Введение………………………2стр
3) Основная часть ………….2-5стр.
4) Заключение………………….6стр
5) Список использованной литературы…6стр
Цыкурайы Фæрдыг ( Бусина счастья)
Бутаева Залина Станиславовна
Научный руководитель: Челохсаева Жанна Харитоновна,
Преподаватель осетинского языка и литературы
СП МКОУ СОШ №2 10 класс г.Алагир
Тезисы:
Разныхас:
Цыкурайы Фæрдыг у кæлæны фæрдыг. Æмæ æваццæгæн ам ахæм адæймаг нæй, кæцы нæ фехъуыста Цыкурайы Фæрджыджы тыххæй. Иуæй-иуты та æппындæр нæ уырны Цыкурайы Фæрдыг кæй ис,уый.
Цыппар азы размæ газзет «Рæстдзинад» - ы бакастœн Гæздæнты Хъазыбеджы уац « Цымæ цы уыдаид». Уый дзырдта :æрыгондæр куы уыди, уад йæ хуыздæр хœлар Солтанимæ ацыдысты Майрæмæдаджы хъæдмæ дзœбœхгœнœн кœрдœджытœ œмбырд кœнынмœ,. Æмæ фæстæмæ куыд цыдысты афтæ цыдар гуыппытæ фехъуыстой, Солтан уайтгъддæр йæ дамбаца фелвæста, уæдмæ гуыппытæ тынгдæр кодтой. Уæд ныхъхъус сты, æмæ дын уалынмæ бæстæ рбаталынг, дымгæ райдыдта, бынæй та цавœрдæр сау къуыбылой œрбахœццœ нœ размœ, йæхи къæдзæхыл ныццавта, æмæ йæ тых йæ бонæй иннæрдœм ныййарц, афтœмœй œваст œрбайсœфт. Уыцы ставд къуыбылой та уыдысты- кæлмыты къорд. Æз хистæрты фарстон, æмæ мын иууылдæр дзырдтой: уыцы кœлмытœм Цыкурайы фæрдыг кæй уыд,уый. Уыцы хабар мœм тынг диссаг фœкаст ,амæ уæдæй фæстæмæ сфœнд кодтон бœлвырддœр Цыкурайы фœрдыджы тыххæй фылдœр базонын.
Сайраг хай:
Цыкурайы фæрдыг æрмæст адæмон сфæлдыстады нæй, таурæгъон сты йæ фылдæр миниуджытæ. Æнæуи та уыд æмæ ис Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр кæмæдæрты. Суанг ма уый В.Ф.Миллер дæр бафиппайдта æмæ фыссы фæрдгуыты тыххæй.
Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады; кадджыты, таурæгъты, аргъæутты. Кæй къухы бафты, уымæн ахъаз у йæ тыхст сахаты, дæтты йын амонд, ныфс, хъару. Фæлæ цыкурайы фæрдгуытæ иууылдар нæ вæййынц амондджын, иутæ дзы разынынц æнамонд дæр. Цыкурайы фардыг ирон адæммæ у зынаргъ фардыг, цæфтæ, низтæ чи дзæбæх каны, ахæм . Ома дзы цы курай, уый дæтты . Цыкурайы фæрдыг сæгас кодта Нарты Сосланы ус Бедухайы.
Фæрдыг иу куы ссардтой, уад – иу ай баласы цъары 1 афæдзмæ бадардтой, кад-иу бæлас бахуыскъ, уад уыдис æнамонд æмæ йæ уад хæдзармæ нæ хастой.
Базыдтон ма ахæм цау дæр. Бинонтæй исчи куы фæрынчын вæййы, уæд Цыкурайы фæрдыг фервæздзæн æви нæ, уый фæзоны. Цыкурайы фæрдыг кæд схид уа, уæд мæлгæ кæндзæн адæймаг, кæд нæ уæд йæ къæхтыл слæудзæн.
Хистæртæ та куыд дзурынц, афтæмæй Цыкурайы фæрдыг у арвæй æрхаугæ дур. Кæмæ уыд, стæй ма абон дæр кæмæ ис, уымæ та æрбафтыд калмæй. Калм æй ссары æмæ дзы талынджы рухс кæй кæны, уымæ гæсгæ æхсæвыгон фæпайда кæны лыстæг цæрæгойтыл цуан кæнгæйæ. Маргджын калмы дзыхæй æнцон байсæн нæу, фæлæ йæ Хуыцауы фæндæй сæхæдæг æрбахæссынц адæймагмæ; ныууадзынц æй кæрты, йæ асинтыл, тыргъы, æмæ ма суанг йæ разы дæр.
Цыкурайы фæрдыг вæййы арф æфснайд. Кæйдæр загъдау , авд дуары фæстæ æвæрд вæййы, цæмæй йæм æцæгæлон адæймаджы цæст ма бахæццæ уа, уый тыххæй.Хæдзарæн уый у йæ ахсджиаг дæр хæзна æмæ йæ амонд.Хæдзары хицау æй йæхи бинонтæн дæр фенын кæны афæдз иу хатт, табугæнгæйæ йæм кувинæгтимæ бацæуы.
Скуывтой – иу ын, стæй йын йæ хуыз, йæ уагмæ гæсгæ бæрæг кодтой, афæдз сыл куыд ацæудзан , уый.
Цыкурайы фæрдыджы фылдæр хуызтæ сбæлвырд кодта Ручы цæрæг Дауыраты Н.
Уый сæ равæрдта афтæ:
Сырх фæрдыг – æрвгъуыз, сау æмæ урс тæлмытимæ уыд дæсны фæрсынæн.
Урс - æхсыры бæркады Цыкурайы фæрдыг, авæрд – иу уыд дурын къусы æхсыры хуылфы.
Сау – æнæзæнæг уыстытæн цотдæттæг фæрдыг;
Бургонд – хæдзары фосы бæркадыл æфтауæг, æмæ – иу æвæрд уыд хорæфснайæн гоны.
Нæ сыхæгты ус куыд дзуры, афтæмæй алы аз дæр иу хатт, Цыкурайы фæрдыг кæй хæдзары уыд, уый йæ номыл сæрмагондæй кодта æртæ уæливæхы, фылдæр хатт афæдзы сæр – Ногбоны.
Фынгмæ – иу æй табугæнгæйæ рахаста хæдзары хистæр. Æвæрд та – иу уыд тарф бынаты, къоппы хуылфы, цыллæ кæнæ урс бæмбæджы тыхтæй. Хæдзары хистæр- иу æй къоппæй систа, райхæлдта – иу æй æмæ, цæм тыхт уыд, уый æртæ чъирийы сæрыл æрæвæрдта. Æрмæстдæр ай уыцы бон уыдис фенæн бинонтæн.
Æмæ ма æппæт бинонтæн æм сæ бон ныккæсæн уыдис æрмæстдæр афæдз иу хатт. Æнæуый та иу æм кастис æмæ зылдис бинонты хистæр.
Цыкурайы фæрдыгæн йæхиуыл дæр аууæндын хъæуы. Куы ницæмæ йæ дарай, уæд йæ бон у бинонтыл фыдæх тауын кæнæ æндаер хæдзармæ тæргай алидзын. Ахæм тæссаг хабармæ – иу зæрдæ куы фехсайдта, уæд ын хæдзары хистæр кодта нывонд. Уый зæйцæй йын Бынаты æхсæвы кодтой кусарт.
Цыкурайы фæрдыг кæмæ ис, уыдонæй йæ бирæтæ хъæр дæр нæ кæнынц , табуйаг сын у, фæлæ адæмæй ницы бамбæхсдзынæ. Йæ бон фæтæргай уавын у, бинонтæ йæм куы нæ зилой, уæд. Цыкурайы фæрдыг-иу ссарæн уыди афта:таурæгътæм гæсгæ афæдз иу хатт уæларвæй æрхауы Цыкурайы фœрдыг.Кœлмытœ тагъд фœкœнынц уыцы бынатмœ,кœд œй уыдоны разœй ссарай, уœд дœу уыдзœн.Фœœрдыг -иу кœй къухы бафтыд,уый-иу œй хъуамœ œхсыры ныхсадтаид мœ-иу œй арф бафснайдтаид. Куыд фехъуыстон, афтæмæй Салыгæрдæны Гогичатæм дæр ис Цыкурайы фæрдыг, фæлæ йын йæ кой кæнын дæр нæ уæндынц,куы цыл фæтæргай уа,уымæй цын тæссаг у.
Цымœ œцæгдæр ис Цыкурайы фæрдыг æви нæй? Ма нанайæ фехъуыстон ахæм хабар, кæцы йын радзырдта йе мхъæуккаг Албегаты Зара.
Мæ фыдымад Гобаты Оля иу хъуынтыз бон рацыдис кæртмæ ,цæмæй мидæмæ бахæсса хоры голлаг. Уæд ыл цыдис æртындæс азы, æмæ федта Арвы дуар гомæй. Уырдыгæй цыдæр зæхма рхаудис. Нана дисгæнгæ уырдæм батахти æмæ федта карчы айчыйас фрдыг. Уый йæ фелвæста æмæ батахти мидæмæ. Йе фсины ныхæстæм гæсгæ уый уыди Цыкурайы фæрдыг. Афсины фæндонмæ гæсгæ йæ нæлгоймагтæ бæласы цъары бавæрдтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæм фенынмæ куы бацыдис ,уæд федта ахæм диссаг: фæрдыджы алыварс тыхтытæй хуыссыди калм. Нана йæ уым ныууагъта, уый цаврдр нысан у ,зæгъгæ. Уый фæстæ нана куы амарди, уæд фесæфтысты калм æмæ фæрдыг дæр.
Ноджы дæр ма иу диссаджы хабар фехъуыстон иу зæронд лæгæй, кæцы царди Дргъæвсы. «Иу ссæдз азы размæ хъæуы цардысты иу мæгуыр бинонтæ, кæцытæ къæбæрфаг дæр тыххæй кодтой. Уыцы бинонтæм уыди иунæг хъуг. Иу райсом сæ чызг скъæтмæ куы рацыдис, уæд хъугæй гыццыл фалдæр федта калмы лæппынтæ. Чызг фæтарсти, фæлæбурдта къæцæлмæ æмæ сæ амарын хъавыд. Уыцы уынæрмæ йæ нана рауад æмæ чызджы къухæй къæцæл байста, калмы лæппынты амарын нæ бауагъта. Уыцы бонæй фæстæмæ сын бинонтæ æхсыр дæттын байдыдтой. Афтæ рацыдис цалдæр боны. Иу райсом та нана скъæтмæ куы рацыдис, уæд лæппынтæ уым нал уыдысты, фæлæ йæ рæзты фæцæйбырыд стыр калм. Ус йæ мидбынаты лæугæйæ аззад, фæлæ уазæг калм сабыргай йæ рæзты абырыд . Йæ бынаты Цыкурайы фæрдыг ныууагъта афтæмæй. Уыцы бонæй фæстæмæ бинонтыл цард ныккалд. Цыбыр рæстæгмæ сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ æнæмастæй цæрын райдыдтой.
Мæн дæр фидарæй уырны, уыцы диссаджы фардыг кæй ис, уый. Уымæн æмæ нæ диссаг куы уырна, уæд нын цыдæр ныфс, тых дæтты нæ царды уæлдайдæр нын кæд нæ фыдæлтæй баззадысты, уæд. Уæд нæ алкайы царды дæр исты диссаг , хорздзинад рцæуæд. Фæрдыг ссарыны амонд нæ куы нæ уа,уæд хъыг ма кæнут, сæйрагдæр диссæгтæ сты алкæйы зæрдæты…
Список использованной литературы:
«Течет река Волга»
Позвольте, я вам помогу
Снежная сказка
Подарок
Какая бывает зима