О роли родного языка в жизни каждого чеовека. Без знания родного языка , нельзя говорит о будущем нации.
Вложение | Размер |
---|---|
hugaev.docx | 21.25 КБ |
«Æнæ æвзаг-æнæ уидаг»
О Дзæуджыхъæу! Нæ Иры цинты авдæн!
Хабæты Риммæ
Æрдз на бæвгъау кодта рæсугъдзинад мæ Иры зæххæн: бæрзонд урссæр хæхтæ,цъæх быдыртæ,сыгъдæг цæугæдæттæ,уазæгуарзон адæм.Æрдз йæ уыцы рæсугъд хъæбысы æрбатыхта мæ уарзон сахар Дзæуджыхъæу,æмæ мæ тынг фæнды,мæ зынаргъ хæлар, цæмæй иумæ абалц кæнæм нæ сахары уынгты.Нæ республикæйы сæйраг сахар арæзт æрцыд мин авдсæдæ æстай цыппæрам азы(1784)зæрдæвæрæны мæйы æхсæзæм бон(6 майы)Дзæуджыхъæу у тынг рагон.Мæ хистæртæй куыд хъусын,афтæмæй нæ сахар раздæр уыд æндæрхуызон,æндæр уыдысты йæ уынгты нæмттæ дæр.Зæгъæм,Ленины фæз,уырыссаг театр дзы кæй ис,уымæ гæсгæ хуынд «Театралон фæз», Сæрибардзинады проспект хуындис «Алыксандры проспект»,уый уыдис сахары уынгтæн сæ рæсугъддæр.Уæлдай аивдæр æй кодтой бульвары алыварс сагъд бæлæстæ æмæ дидинджытæ.
Тынг аивта уæдæй-абонмæ йæ хуыз мæ уарзон сахар. Ныртæккæ нæ сахары ис бирæ рæсугъд уынгтæ, ис дзы 3 проспекты, (Сæрибардзинады, Къостайы æмæ Доваторы.) Горæтæн йæ тæккæ астæу кæлы Терчы дон, кæцы йæ дих кæны дыууæ хайыл .Тынг рæсугъд æмæ аив сты Терчы былгарæттæ, нæ сахары сæргълæуджытæ архайынц, цæмæй адæмæн сæ фæллaдуадзæн бынæттæуой хæрзарæзт. Сæрбæрзондæй нæм кæсы Плиты Иссæйы цыртдзæвæн Терчы былæй.
Нæ сахары ис бирæ,скъолатæ, техникумтæ, уæлдæр ахуыргæнæндæттæ
Дзæуджыхъæуы цард æмæ архайдтой бирæ зындгонд адæмтæ: Къоста,Секъа,Арсен,Елбыздыхъо,Вахтангов æмæ æндæртæ.
Уæлдай зынаргъдæр мын сты Къостайы номимæ баст бынæттæ: национ парк Къостайы номыл, Къостайы музей-хæдзар, Къостайы проспект, Ирон аргъуан. Нæ сахары ис театртæ: драмон ирон театр, уырыссаг драмон театр, музыкалон театр, филормони. Нæ сахары ис 6 музейы :этнографион музей, театралон, аивадон æмæ æндартæ… Уымæй уæлдай нæ горæты ис бирæ стадионтæ æмæ спортзалтæ. Спорты хуызтæй фасивæд уæлдай тынгдæр сæ хъус дарынц хъæбысайхæстмæ, уæззау атлетикæмæ, армæй хæстмæ. Нæ хицауад аразы æппæт фадæттæ дæр фæсивæдæн спорты архайынæн: арæзт æрцыд уæгъдибар хъæбысхæсты скъола Хæдарцаты Махарбеджы номыл, стадион Спартак, арæзт цæуы футболы скъола ис нæм ихыл хъазынæн галуан. Мæ зæрдæ рухс кæны мæ горæтæй, фæлæ мæ адæм сæхи куыд æмбæлы афтæ нæ дарынц.Чъизи кæнынц уынгтæ, цъæл кæнынц бандæттæ, æвзæр дзыхæй дзурынц...
Фæлæ æппæтæй тынгдæр та мæ зæрдæ фæриссы нæ сахары уынгты ирон ныхас кæй нæ хъуысы, ууыл. Мадæлон æвзагыл чи дзуры, ахæм адæм чысыл кæй сты.
Мæнмæ гæсгæ алы адæймагыл йæ фыдыбæстæйы раз хæс æвæрд куыд ис, афтæ йыл ис хæс æвæрд йæ мадæлон æвзаджы раз дæр. Хъуамæ йыл дзура йæхæдæг æмæ йыл дзурын кæна йæ кæстæрты дæр. Мæн уырны, нæ Иры сомбон æрмæстдæр мадæлон æвзагæй кæнгæ кæй у, æмæ фидæны мæ уарзон сахары уынгты зилгæйæ, кæй хъусдзынæн ирон зæлланг ныхас !
Две лягушки
Астрономический календарь. Май, 2019
Упрямый зяблик
Мороз и заяц
«Течет река Волга»