В работе "Легенды осетинского театра" говорится о великих актерах театра и кино Тхапсаеве Владимире, Бибо Ватаеве, Каргиновой Варваре и их значимости в развитии осетинской культуры.
Вложение | Размер |
---|---|
iron_teatry_legendaetae.doc | 98 КБ |
Æрыдоны фыццæгæм скъола
Ирон театры легендœтœ - Тœбœхсœуты Бало, Уататы Бибо, Хъœрджынты Варя œмœ сœ ахадындзинад ирон культурœйы рœзты.
Куыст бацæттæ кодта:
Æрыдоны 1-æм скъолайы
9- æм къласы ахуырдзау
Магкæты Иринæ.
Наукон разамонæг:
ирон æвзаг œмœ
литературæйы ахуыргœнœг
Лохты Р.Х
2013 аз.
Сæргæндтæ.
1. Бацœуœн 1 – 2 ф.
2. Сæйраг хай 3 – 11 ф.
а) Тæбæхсæуты Бало;
æ) Уататы Бибо;
б) Хъæрджынты Варя.
3. Кæронбœттœн 12ф.
4. Литературæ 13 ф
5. Æмхасæнтæ
Бацœуœн.
Æскастис рагон Иры зæххыл хур,
Æмæ йыл рухс, хæрдгæ тынтæ æлвисы.
Ирон театрæн куы сарæзтой бындур,
Уæдæй нырмæ нæ ирон фарн æвдисы.
Айларты Михал.
Йæхи ироныл чи нымайы,ирон дзырд йæ зæрдæйы рæбын сатæджы тау кæмæн суагъта,уыдон иууылдæр æнувыд сты национ аивадыл. Цард афтæ арæзт у,æмæ бæрзонд аивад мæргъты дæр сцъыбар – цъыбур кæнын кæны,цæрæгойтæ дæр диссаджы хъæлæстæм хъусгæйæ, сæхицæн бынат нал фæарынц, ныббуц вæййынц сæхицæй, рæсугъддзинады бæрæгбоны хуызæн сын вæййы, кæугæ хæрисæн дæр йæ сыфтæртæ сæхиуыл схæцынц царддæттæг хуры хъæбысмæ, цыма уыдонмæ дæр цæхæркалгæ курдиаты зынг бахъардта, бауагъта сын сæ удты уæлмонцы равг, афтæ. Театрдзаутæн та свæййы æхцондзинад, зæрдæхъæлдзæг, амонд, маст æмæ цины артдзæст, сæ ивгъуыд, абон æмæ сомы айдæн.
1935 азы 10 ноябры фыццаг хатт йæ æмбæрзæн байгом кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Фæрнæйдзаг бон рох никуы уыдзæн! Уыцы бон сызгъæрин дамгъæтæй фыст у ирон театралон аивады историйы. Уæд бындур æвæрд æрцыд, театр абон сæрыстыр кæмæй у,уыцы хуыздæр традицитæн,æмæ сæ уæдæй нырмæ артистты фæлтæртæ æххæст кæнынц æнувыдæй.
Бирæ азты дæргъы театры сценæмæ амонды æнкъарæнтимæ цыдысты, ирон аивадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы номдзыд артисттæ: Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Хъæрджынты Варя, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя, Саламты Къола, Уататы Бибо, Бирæгъты Къоста, Годжысаты Исахъ æмæ иннæтæ. Адæмæн цас циндзинад æмæ сæрыстырдзинад хастой, уый сбарæн ницæмæй ис, æмæ сын ирон тетрдзау дзуапп лæвæрдта иузæрдион уарзондзинадæй.
Ирон театр куы райгуырд Ирыстоны, уæд сабыр рындзыл сæумæрайсом дзæбидырты сыкъаты гуыппытау, йæ зæлланг хъæлæс райхъал кодта æнусон цъититæ æмæ урссæр хæхты сæ тар фынæйæ, бахъарм кодта зæхкусæджы зæрдæ, асæрфта йын йæ фæллад цæстыты уæззау фæлм æмæ бындур æрæвæрдта фарнхæссæг æмæ кæлæнгæнæг аланты сценикон дзырдаивад фидар мæсыгæн.
Адæймаг куы ахъуыды кæны, цас æрттивгæ стъалытæ уыд æмæ ис нæ аивады цъæх арвыл, уæд зæрдæйы цины царды æнкъарддзинады таг атайы, æмæ дзы хуры тынтæ сæхи райдайынц найын.
Зæрдæйы æмæ зонды хъизæмарæй райгуыры драматургæн йæ уацмыс. Фæлæ фæстаг ныхас æрхауы актермæ, уымæй кæнгæ у пьесæйы дæргъвæтин цард дæр. Актер фыссæджы куыстæн донвæдæй хъауджыдæр нæу. Уый йæ фæхæццæ кæны æгæрон фурдмæ – адæмы зæрдæтæм. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы,актеры алæмæты хъазты руаджы фыссæгæн дæр йæ уацмыс свæййы æнæфæцудгæ цыртдзæвæн. Цæмæй афтæ уа , уымæн та артисты хъæуы бирæ тых, бирæ хъару æмæ рæстæг хардз кæнын. Ахæм удуæлдай куыстæн та, мах, аивадуарзджытæ, стæм цардæгас æвдисæнтæ. Театрдзауты цины хъæртæ,арфæтæ, тыхджын къухæмдзæгъд… Æрмæстдæр уæд банкъары актер, цард кæй у рæсугъд фæндаг, æмæ йыл кæй рацыд йæ уарзон адæмы, хсæн уæндонæй, кадджынæй æмæ цæсгомджынæй. Аивадæн ис йæхи миниуæг – хуыздæрæй –хуыздæр кæнын, æмæ уыцы хорзæн та кæрон нæй, рæстæг æмæ адæймаджы хъуыдыйæн куыд нæй кæрон, афтæ.
Сœйраг хай.
Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, йæ сагъæс, йæ мæт адæмы амондыл кæмæн уыдысты, нæ культурæйы рæзтыл удуæлдайæ чи тох кодта, уыцы лæгтæй иу уыд Тæбæхсæуты Бало –аивады дзырддзæугæдæр æмæ курдиатджындæр актер. Театрæн лæвæрдта йæ уды цæхæр, йæ хъарутæ, йæ зонд –хорзæй йæм цы уыд, уый.
Уый куыста, цæмæй адæм кæной хуыздæр , цæмæй се´ хсæн уа фылдæр хæларзæрдæ, сыгъдæгцæсгом, рæдау адæймæгтæ. Алкæддæр архайдта адæймаджы рæсугъддæр миниуджытæ ссарыныл æмæ сæ афтæ равдисыныл, цæмæй сæм тырной, æмæ сæ фæзмой дзыллæтæ. Уыд цырддзаст, йæ зондахаст – ирд, алы хъуыддагмæ дæр зæрдæргъæвд –ахæмæй йæ зыдтой йе´мхъæуккæгтæ. Уымæн афтæ фесгуыхт.
…..Режиссер Магкæты Арсен йæ гæххæттытæм æркаст…Репитици кодтой Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Дыууæ хойы». Уый уыдис фыццаг ирон пьесæ фыццаг ирон профессионалон театры. Арсен катай кодта :
- Хъыгаг у, хуыцауæхсæв спектакль. Цырыхаты Петя рынчын. Тæтæрхъаны роль чи ахъаздзæн?
- Сæфæм…. Билеттæ уæйгонд, -бакатай кодта Тотраты Бесæ дæр. Бесæ тынг æнувыд уыд куыстыл.
Артисттæ иугай –дыгай кæртмæ рахызтысты. Фæстагмæ сæ фæстæ рацæйцыд Таутиаты Солæман дæр. Бало къуымы бандоныл бадгæйæ цыдæр зырнимæ архайдта. Солæман ын йæ арæхст æрмдзæфмæ фæкомкоммæ. Бацайдагъ сын ныхас. Бало уæд театры декорацитæгæнæг цехы пълотникæй куыста. Солæман базыдта, Бало Тæтæрхъаны ролы ныхæстæ кæрæй –кæронмæ кæй зоны, уый. Стæй канд Тæтæрхъаны нæ, фæлæ се´ ппæты ролтæ дæр: Хазби, Ислам, Биайы –фырт, Платон Кречет, Ханысиат, Хъамболат… Солæман тынг дисгæнгæ фестад æмæ фæдзырдта иннæ актертæм. Радзырдта сын хабар. Байхъуыстой Боламæ.
-Хуыцауæхсæв спектакль! – фидарæй загъта Магкæты Арсен æмæ иууылдæр схор –хор кодтой. «Дыууæ хойы» премьерæ уыдис 1936 азы, 15 ноябры æмæ ацыд тынг æнтыстджынæй. Уыцы бон банымайæн ис ноджы: райгуырд стыр ирон артист –Тæбæхсæуты Бало.
Тæтæрхъаны роль Тæбæхсæуты Балойы раз байгом кодта уæрæх фæндаг. Уыцы фæндаг æй фæстæдæр фæхæццæ кодта ССР Цæдисы адæмон артисты кадджын номмæ, Станиславскийы номыл Паддзахадон премимæ.
Уæдæ ирон æвзаг куыд хъæздыг ,аив æмæ рæсугъд у, уымæн æппæты бæрзонддæр æвдисæнтæй иу уыд Балойы ныхас. Йæ аивдзинад, йæ дзырд, йæ хъару уыдысты уымæн йæ зæрин хъæлæсы. Диссаг уыд, æцæгæйдæр, уымæн йæ ныхасы хъæд. Сценикон ныхасы дæсны, профессор Иринæ Козлянинова афтæ загъта: «Тæбæхсæуы – фырты ныхасмæ хъусгæйæ фидарæй зæгъæн ис, ирон æвзаг кæй у дунейы адæмты æвзæгтæн сæ рæсугъддæртæй иу». Æрыгон актертæ сæ лæмæгъ тыхтæй фæзмыдтой йæ алы ныхас дæр. Балойæн йæ алы фезмæлд уыдонæн сæ зæрдæты æвзæрын кодта диссаджы хъуыдытæ. Тæбæхсæуы –фырт сценæйæ ирон адæмæн хаста цин, кæд –иу сын сæ цæссыгтæ æркалын кодта, уæддæр сын уыцы цæссыгтæ сæ зæрдæтæ сыгъдæг кодтой.
Бало –иу Сæрмæты ролы сценæмæ куы рахызт ирон дарæсы, уæд –иу æм адæймаг нал æмæ нал æфсæст кæсынæй. Уыцы роль йеддæмæ Балойæ куы ницы баззадаид, уæддæр йæ ном цæргæйæ баззадаид сæдæ, мин азы фæстæ дæр.
Диссаджы лæг уыд Бало.Уымæн йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй бирæ дзурæн ис. Диссаг та уый у, уыйбæрц хъару йæм кæцæй разынд æмæ утæппæт ролты ахъазын йæ къухы куыдæй бафтыд. Уый дын Отеллойы роль, Король Лиры, Макбеты, Сæрмæты, Чермены, Егор Булычевы æмæ бирæ бирæ æндæр рольтæ.
Уыимæ Бало театр куыд уарзта, ахæм дыккаг лæг нæ уыд. Æрыдонæй – иу боныцъæхтыл фистæгæй рараст ис Дзæуджыхъæумæ. Изæрæй та –иу спектаклы фæстæ фæлладæй ногæй фистæгæй фæраст Дзæуджыхъæуæй йæ райгуырæн уæзæг -Æрыдонмæ. Уыдис – ма йæм иу ахæм миниуæг дæр. Райсомæй – иу йæ дзаумæттæ уыцы æнæбары ласт ракодта. Фæлæ – иу искæцы ролы хъазыны размæ йæ хъайтары уæлæдарæс йæ уæлæ куы кодта, уæд – иу йæ цæстытæ фырцинæй цæхæртæ калдтой.
Бало цы зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ сарæзта ирон театры сценæйыл æмæ киноаивады, уыдон зынгæ бынат æрцахстой нæ аивады æмæ бæрзонд тæрхæгыл æвæрд сты. Се´хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай бæрæгдæр дары Шекспиры «Отелло».
Уыцы ролы куы ахъазыд, уæд йæ ном анæрыд æрмæст нæ бæстæйы нæ, фæлæ æппæт дунейыл дæр. Тæбæхсæуы – фырты ном хаст æрцыд цыппар æнусы дæргъы дунейы театры Отеллойы ролы æппæты хуыздæр чи ахъазыд, уыдоны кадджын номхыгъдмæ. Уый тыххæй бирæ хорз ныхæстæ загъд æрцыди нæхимæ дæр, Мæскуыйы дæр æмæ суанг фæсарæнты дæр. Хуымæтæджы дзы англисаг аивады стыр дæснытæ сæхæдæг афтæ нæ загътой, Шекспиры пьесæты æппæтæй хуыздæр чи ахъазыд , уый англисаг нæ уыд , фæлæ –ирон. 1964 азы Английы Шекспиры райгуырдыл 400 азы куы бæрæг кодтой, уæд Лондоны Паддзахадон театры Тæбæхсæуты Балойæн стыр аргъ скодта королевæ Елизаветæ. Банымадта йæ, дунейы æппæты хуыздæр Отеллойы роль чи ахъазыд, ууыл.
Уымæй размæ та, 1955 азы Цæгат Ирыстоны уазæгуаты уыдис англисаг делегаци. Уый фæстæ Лондоны рацыд чиныг. Бритайнаг делегацийы уæнг Лесли Крэдлен фыста: «Однажды вечером в декабре 1955года мне довелось сидеть в переполненном зале театра за тысячи миль от Лондона и смотреть представление шекспировского «Отелло» на языке, из которого я не понимал ни одного слова. Все же с самого начала я почувствовал, что спектакль захватил мое внимание самым неожиданным образом, и это же почувствовали все мои коллеги… Хорошими были, конечно, и костюмы, и постановка, но игра была блестящей…»
Канд ирон театрдзау нæ, фæлæ æппæт бæстæйы, стæй фæсарæйнаг аивадуарзджытæ дæр бамбæрстой, Тæбæхсæуты Бало Отеллойы кæй ахъазыд бынтон йæхирдыгонау, авторы райгуырæн бæстæ – Страдфорды æмæ йæ иннæ рæтты куыд хъазыдысты дызæрдыджы трагеди, афтæ нæ, фæлæ йæ рæсугъд, арф æмæ сыгъдæг æнкъарæнты чи фæсайды, ахæм стыр адæймаджы трагеди, кæцы цардмæ сывæллоны цæстæй кæсы, адæймагыл та æууæнды зæрдæбынæй.
Балойæн тынг бирæ сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ бафтыд йæ къухы.
Уый ссис ирон театры æрттивгæдæр стъалытæй иу .Фидарæй зæгъæн ис: Тæбæхсæуы – фыртæн цыдæриддæр бантыст, уый æрмæстдæр йæхи уды руаджы.
Йæ царды фæстаг бонты онг Тæбæхсæуты Бало æвæллайгæйæ куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры хуыздæр æгъдæуттæ рæзын кæныныл,йæ фæлтæрддзинадæй æмæ зонындзинæдтæй парахат хай кодта сценæйы йæ кæстæр æмбæлттæн. Фæллад нæ зонгæйæ, цыдис аивады бæрзæндтæм. Уыимæ ма уыдис æхсæнадон кусæг дæр.
Райгуырæн бæстæ стыр аргъ скодта Тæбæхсæуты Балойæн. Радта йын Ленины орден, Октябры революцийы орден, Фæллойадон Сырх тырысайы дыууæ ордены æмæ майдантæ. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы адæмон артисты ном, Станиславскийы номыл Паддзахадон преми. Республикæйы академион театр хæссы йæ рухс ном, Дзæуджыхъæуы дæр æмæ йæ райгуырæн Æрыдоны дæр йæ номыл ис уынгтæ.
Тæбæхсæуы – фырты рухс ном æнусмæ цæрдзæн адæмы зæрдæты, йе сконд фæлгонцтæ та- театралон аивадон хæзнадоны.
Нæхи Бало, дæ диссаг хъазт, дæ уарзтыл
Æгас дуне æрæвæрдта йæ цæст,
Цæрдзынæ немæ бирæ, бирæ азты,
Нæ удыхъæд хуыздæргæнгæ, нæ рæзт.
Алы адæймагæн дæр йæ райгуырды бон, æвæццæгæн, Хуыцау радты хæрзиуджытæ. Уыдонæй иу у курдиат. Уымæй хайджын адæймаг йæ царды уагæй хицæн кæны иннæтæй..Бирæты дзы адæм хионау бауарзынц, кад ын фæкæнынц. Иры зæхх хъæздыг уыд æмæ у курдиатджын адæмæй.
Ирон адæмы аивадмæ аккаг æвæрæн чи бахаста æмæ йын бирæ хæрзты чи бацыд, уыдонæй иу уыд дзæнæты бадинаг Уататы Бибо. Иуæй –иу нæмттæ адæмæн амонинаг не сты. Афтæ Бибо дæр зындгонд æмæ уарзон уыд ирон адæмæн.
Фыссæг Черчесты Хъасболаты ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты: «Ирон аивады цæхæрадоны цас æмæ цас рæсугъд дидинджытæ фæзыны æрвылуалдзæг дæр, уый диссаг у,æгæр диссаг… Адæймаджы цæст сæм нал æмæ нал фефсæды кæсынæй». Фæлæ, Тъехты Тамерланы загъдау, се´ хсæн,дам,уæддæр фæзыны иу ахæм æнахуыр рæсугъд дидинæг,кæцы уæлдай æхцондзинад фæхæссы зæрдæйæн. Уый уæлдай тынгдæр æркæсын кæны адæмы йæхимæ.
Гъе, фæлæ уыцы алæмæты дидинæгыл иу заман цæст куы нал æрхæцы, йæ тæккæ дидинæг калгæйæ йын цыргъ цæвæг йæ рæсугъд зæнг куы адзæнгæл ласы, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уый йемæ ахæссы æрдзы æппæт рæсугъддзинад дæр.
Уыцы дидинæгау уыд нæ уарзон актер Уататы Бибо дæр…
Æрыгонæй Бибо æмæ йæ хо Азæйæн сидзæргæсæй баззад сæ мад Тамарæ. Йæ цардæмбал Зауырбег хæсты быдыры баззад. Чысыл зындзинæдтæ нæ бавзæрста сидзæрты мад. Ныффæрæзта сын. Йæ цоты ракодта царды раст фæндагмæ. Сæ фыды фарн мæрдтæм нæ ауагътой Бибо æмæ Азæ.
Бибо йæ фыды рæстмæ зонгæ дæр нæ кодта. Фыд хæстмæ куы ацыд, уæд йæ къахыл нæма уад. Фæлæ йæ ныв баззад цæстытыл. Æмæ цæмæй йæ ном æдзухдæр бинонты æхсæн хъуыса, уый тыххæй йæ хистæр фыртыл сæвæрдта йæ фыды ном.
Аивадмæ йæ фæндаг райдыдта астæуккаг скъолайы фæстæ. Уæд фыццаг хатт бахызт ирон театры къæсæрæй. Х. Къостайы «Лæскъдзæрæн» - ы мæгуыр, фæлæ зондджын лæджы фæлгонц куы сарæзта, уæд æм Тæбæхсæуты Бало бацыд æмæ йын раарфæ кодта:
- Арæхсыс, фæлæ дæ зæрдыл дар: уый фаг нæу, дæхиуыл куы нæ кусай, уæд дæм цы курдиат ис, уый дæр бамынæг уыдзæн. Ахуырмæ бацу. Хиуыл кусынæй макуы бафæллай.
Хистæрты зондамынд , уымæй дæр Балойы хуызæн хистæры зондамынд ссис Бибойы царды нысан. Ирон театры бакуыста дыууæ азы. Профессион дæсныдзинад æм нæ уыд, æмæ ахуырмæ ацыд Мæскуыйы Вахтанговы номыл театры Щукины номыл училищемæ. Ам йæ хуыздæр æмæ рæдаудæр ахуыргæнæг уыд артист æмæ режиссер Юрий Любимов. Уыцы рæстæг Бибо зæрдиагæй ахуыр кодта ССР Цæдисы адæмон артисттæ Тæбæхсæуты Бало, Николай Симонов, Николай Черкасов æмæ иннæты сценикон хъæздыг фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ. Ирыстонмæ сыздæхт теоретикон æгъдауæй æххæст артистæй.
Ирон театры сценæйыл Бибойæн иу фæлгонцæй иннæмæ йæ хъазт кодта зæрдæмæхъаргæдæр. Уæлдай фылдæр бауарзтой театрдзаутæ Таймуразы Гаглойты Владимиры пьесæ «Уарзондзинады кадæджы», Сосланы Плиты Грисы «Сослан Цæразон» -ы, паддзах Клавдийы Шекспиры «Гамлет» -ы, Аслæнбеджы «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ» -йы æмæ бирæ æндæр арæзт фæлгонцтæ.
Уæдæ бæстæйы кинорежиссертæ дæр сæ цæст æрæвæрдтой ,ирон æрыгон лæппу Таджикистаны киноныв «Хасан –арбакеш» -ы сæйраг роль
куы ахъазыд, уæд йæ хъазтыл, йæ курдиатыл . Уыцы рæстæг Ашхабады цы зоналон кинофестиваль уыд, уым не´мбæстаг нæлгоймаджы роль хуыздæр кæй ахъазыд, уый тыххæй райста фыццаг, Киевы Æппæтцæдисон кинофестивалы та – дыккаг преми.
Фирдоусийы генион поэмæ «Шахнаме» -мæ гæсгæ арæзт кинонывты тыххæй Уататы Бибойæн радтой Таджикистаны Рудакийы номыл Паддзахадон преми.
Махæй алчидæр зоны, Бибо «Грузия –фильм» -ы Чермены роль куыд дæсны æмæ арæхстджынæй сарæзта ,уый. Актер тыхджын аивадон ахорæнтæ æмæ фæрæзтæй равдыста ирон адæмон хъæбатыры стыр сгуыхтдзинæдтæ мæгуыр адæмы сæрыл тохы, йæ æнæкæрон зæрдæхæлардзинад æмæ хъæздыг миддуне.
Нæрæмон удыхъæд уыд ирон курдиатджын артист Бибойæн. Æнæнцой уыд æдзухдæр йе сфæлдыстадон уæлтæмæн. Бирæ фæндтæ уыд йæ зæрдæйы. Тынг æй фæндыд ирон кинематографы исты саразынмæ. Ахуыр кæнынмæ дæр ма бацыд Госкинойы режиссерты дыууæазон уæлдæр курсытæм. Каст сæ куы фæци, уæд хъуамæ Æфхæрдты Хæсанæйы тыххæй райдыдтаид аивадон киноныв исын. Сценари дæр ын ныффыстой. Уый фæстæ та исынвæнд кодта Нарты Сосланы æмæ ирон адæмон хъæбатыртыл.
Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн … Йæ цард ын æрдæгыл аскъуыдта, 9 майы 2000 азы ацыд йæ цардæй. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы.
Цæрдзæн æнусмæ Бибо йæ адæмы зæрдæйы. Йæ ном ын хæссынц Ног Бæтæхъойыхъæуы, Беслæны æмæ Дзæуджыхъæуы уынгтæ. Йæ номыл театралон скъола – студийæн разамынд дæтты йæ чызг Зæринæ. Не´ рмынæг йæ фарн…
Цы кæнæм? Хъысмæты раз фидæм нæ хæстæ,
Бимболат фæраздæр, æрхуыссыд йæ зынг…
Хæлæрттæ нын бирæ ныууагъта йæ фæстæ,
Ныууагъта йæ фæстæ æнæкæрон хъыг.
Адæймаг йæ мады гуыбынæй аивадмæ æгæрон уарзт куы рахæссы, уæд дзы бамбæхсæн нæй. Абон уа, райсом, уæддæр хъæддаг æфсургъау йæ рохтæ атоны, хæххон суадон йæхи фурдмæ куыд фехсы, афтæ Хъæрджынты Варварæйæн дæр йæ цард рауад..
Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Хъæрджынты Варяйы сфæлдыстадон биографи у тынг ирд æмæ хъæздыг. Йе стыр курдиаты фæрцы уый ирон аивад бæлвырд фæхъæздыгдæр кодта. Йæ сурæттæй бирæтæ бацыдысты театры хæзнадонмæ. Варяйы сценикон куыст æмæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынц кæстæр артисттæ.
Театры размæ цы егъау хæстæ лæууыд, уыдон тынг хорз æмбæрста Варя. Ног роль – иу ын куы бахæс кодтой, уæд – иу архайдта ууыл, цæмæй базона, арф бамбара сурæты бынат пьесæйы, йæ зондахаст, йæ миддуне, йæ размæ цы хæстæ лæууы. Алы хатт дæр архайдта сурæтæн сæрмагонд сценикон фæрæзтæ ссарыныл. Канд стыр рольтыл нæ, фæлæ хæрз чысылтыл дæр куыста йе ппæт хъарутæй æмæ сæ кæддæриддæр арæзта бæстон æмæ биноныг.
Куыд зонæм, афтæмæй стыр курдиат бирæ фæллой домы. Варя та уыцы миниуæгæй -куыстуарзонæй –тынг хайджын уыд. Йе сфæлдыстадон авналæнтæ дæр уыдысты тынг уæрæх: комеди, драмæ ,трагеди –ацы жанрты арæхстис æмхуызон хорз.
Райсæм – ма Туаты Давиды лирикон комеди «Пæсæйы фæндон». Иттæг дæсны сарæзта ацы комедийы Варя Мысырханы сурæт. Диссаджы æрхъуыдыгонд уыд уымæн йæ алы фæзылд, йæ фадыварц, йæ бакаст, йе сныхас, йæ къахы айст. Артисткæ сатирикон ахорæнтæй тынг арæхстджынæй раргом кодта Мысырханы уæлæнгай зондахаст, йæ хъуыдытæ.
Мысырханы роль уыд Варяйæн йе сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæй иу. Ацы зын æмæ вазыгджын роль ахъазыны размæ артисткæйы бахъуыд бирæ комедион фæлгонцтæ саразын. Уыдонæй иу уыд Ханумæйы фæлгонц, гуырдзиаг фыссæг Цагарелийы комеди «Ханумæ» -йæ. Ам уæлдай тынгдæр рабæрæг йæ комедион курдиат. Ханумæйæ равдыста æдзæсгом, царды уæлæнгæйтты чи згъоры, æнцонæй чи агуры, ахæм сылгоймаджы миддуне, йæ зондахаст.
Бирæ рольтæ ахъазыд Хъæрджынты Варя. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы мады темæ: Нуца –Туаты Давиды пьесæ «Сидзæргæс» -ы, Госæгъа - «Æфхææрдты Хæсанæ» -йы, Кабанихæ –Островскийы пьесæ «Арвы нæрын» -ы, Мария Тарасова –«Платон Кречет» -ы, Нана –«Чермен» -ы æмæ афтæ дарддæр.
Сценæйы мастер Варя уал пьесæйы,уал ролы ахъазыд, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнцон нæ уыд. Фæлæ сæ алкæмæн дæр ссардта хицæн характертæ, сæрмагонд сценикон ахорæнтæ.
Райсæм – ма Варяйы уарзондæр рольтæй иу. Уый у советон тæхæг Мотыльковы мад, Гусевы пьесæ «Кад» -æй. Уыцы роль Варя афтæ хорз сарæзта, æмæ йæм бакæс, уæд уырнгæ дæр нæ бакодтаид, цыппар хъæбатыр фырты чи схъомыл кодта, уыцы тæлæссонд сылгоймаг у,уый. Фæлæ йæ фырт, тæхæг Вася, паддзахадон хæс æххæстгæнгæйæ кæмдæр хæхты астæу æд хæдтæхæг кæй æрхауд æмæ кæмдæр рынчындоны кæй хуыссы, уый куы фехъуыста, уæд уыцы сылгоймаг кæугæ не скодта, йæхи не´ руагъта, афтæмæй, цыма йæ фырттæ йæ цуры уыдысты æмæ уыдонмæ сидти се´ фсымæрæн æххуысмæ, уыйау дзурын байдыдта, стæй сценæмæкæсджытыл йæ цæст ахаста, æмæ уыдон дæр цыма йæ цот уыдысты , уый нæ, фæлæ æгас советон адæм дæр йæ бинонтæ уыдысты æмæ се ппæтмæ дæр сидти, уыйау куыдфæстæмæ уыцы хуымæтæг сылгоймаг æнæбасæтгæ хохау сырæзтис.
Гъе, афтæ йæ иннæ сконд фæлгонцтæ дæр. Кæй зæрдæмæ нæ фæцыдысты «Къарол Лир» -ы Гонерилья, В.Вишневскийы пьесæ «Ныфсдæттæг трагедийы» -комиссар, Джимиты Георгийы пьесæ «Сау мигъ» -ы Хадизæт æмæ бирæ æндæр сурæттæ?
Нæ курдиатджын артисткæ Хъæрджынты Варяйы аивад чи нæ зыдта æмæ йын стыр аргъ чи нæ кодта, ахæм нæ разындаид канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма сыхаг республикæты дæр. Уæдæ нæ бæстæйы киномæкæсджытæ та йемæ зонгæ уыдысты, киноныв «Шарф любимой» -йы Хабибæйы роль куы ахъазыд, уæдæй нырмæ.
Парти æмæ хицауады сидтмæ гæсгæ 1961 азы Хъæрджынты Варя ацыд нæузæххытæм театры кусынмæ. Уым дæр адæмы зæрдæтæм йæ рæсугъд æмæ зæрдæбын хъазтæй ссардта фæндаг.
Уый фæстæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ фæстæмæ сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ йæ царды фæстаг бонтæм куыста йæ уарзон театры.
Хъæрджынты Варя йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы, йæ диссаджы курдиат æмæ арæхстджын хъазты тыххæй хорзæхгонд æрцыд орден» Кады нысан» æмæ майдантæй.
Абон дæр адæмон артисткæйы сфæлдыстад æрыгон курдиатджын фæсивæдæн у зæрдæрухсы хос. Нæхи Варя цардис æмæ фæллой кодта адæмы амонды тыххæй.
Кœронбœттœн.
Уæлдæр цы дæсны актерты кой кодтон, уыдон схонæн ис, мæнмæ гæсгæ, ирон театры корифейтæ. Уыдон се стыр сценикон дæсныйадæй, сæ сыгъдæгдзинадæй, сæ цæргæйæ самадтой Ирыстоны бæстастæу рæсугъд æнусон фидар –Ирон театр. Мах, æрыгон фæлтæр, уырдæм цæуæм æмæ цæудзыстæм дзуармæ цæуæгау æмæ мысдзыстæм нæ дзæнæты бадинаг Тæбæхсæуты Балойы, Уататы Бибойы, Хъæрджынты Варварæйы, Саламты Къолайы, Годжысаты Исахъы æмæ бирæ бирæ æндæрты… Уыдон Æрфæны фæдау æрттивгæйæ , арфæйагæй ныууагътой сæ рухс ном фидæны фæлтæртæн.
Литературæ.
1. Газет «Рæстдзинад», 24 январь 2007 аз «Цы у ирон театр мæнæн».
2. Газет « Рæстдзинад» , 8 декабрь 2006 аз «Æппæт адæмы бæрæгбон».
3. Газет «Рухс», 8 декабрь, 2005 аз «Ирон театры кад æмæ намыс».
4. М.Литвиненко «Владимир Васильевич Тхапсаев», «Дзæуджыхъæу»,
1951 год.
5. Газет «Рæстдзинад», 23 декабрь, 2006 аз «Нæ аивады кувæндон».
6. Газет «Рæстдзинад», 24 мартъи, 2011 аз «Нæ удварны æвидигæ суадон».
7. А.С. Бациев «Время и сцена» ,Владикавказ,1990 год.
8. Газет «Рæстдзинад», 3 июль 2009 аз, «Æнæ театр мын цард нæй» -Гугкаты Жаннæ.
9. Газет «Рæстдзинад»,9 декабрь 2005 аз, «Номарæн кадджын изæр», Черчесты Хъасболат.
10. Дауыраты Харитон «Арвæрттывд», Дзæуджыхъæу «Ир», 1991 аз.
11. Газет «Рæстдзинад», 10 июнь 2010 аз «Иры Ныфсы мæсыджы номарæн».
12. Газет «Рæстдзинад», 3 август 2010 аз «Æрцахста хуры тын».
13. В. Хугаева «Мечта горянки»,Ордж –дзе,1960 аз.
14. Бæциаты Агуыдз «Иры артдзæст», «Ир»,1995 аз.
15. Агудз Бациев «Осетинский театр», «ир»,1985 аз.
16. Т.Карнаева, М Литвиненко «Северо –Осетинский драматический театр»,Ордж –дзе, 1960 аз.
17. Дамир Дауров «Бибо Ватаев глазами друзей» ,Владикавказ, 2010 аз.
Как я избавился от обидчивости
Зимний лес в вашем доме
Хитрость Дидоны
Хрюк на ёлке
Рисуем "Осенний дождь"