Экология волнует сейчас не только взрослых, но и многих детей. Анна очень любит красоту родного края и переживает, что реки, а особенно гордость Кавказа - Терек находятся в тревожном состоянии. Анна решила провести исследовательскую работу.
Вложение | Размер |
---|---|
ekologicheskiy_refkerat_2.docx | 31.27 КБ |
1ОТКРЫТЫЕ НАУЧНО –ИССЛЕДОВАТЕЛЬСКИЕ КОЛИЕВСКИЕ УЧЕНИЧЕСКИЕ ЧТЕНИЯ «РУХСТАУǼГ» В МБОУ СОШ № 46 ГЕРОЯ СОВЕТСКОГО СОЮЗА ИБРАГИМА МАГОМЕТОВИЧА ДЗУСОВА Г.ВЛАДИКАВКАЗ
Муниципальное бюджетное общеобразовательное учреждениеСредняя общеобразовательная школа № 15 г.Владикавказ им. Героя Советского Союза Мильдзихова Х.З.
Секция: «Экология Осетии»
ТЕМА: «Дон - нǽ царды хос».
(Вода - это жизнь»)
Выполнили: ученики 5б класса школы № 15
Баскаев Чермен Русланович
Тигиева Анна Андреевна
Руководитель:преподаватель осетинского языка
и литературы
Хадикова Лариса Владимировна
г.Владикавказ - 2015г.
-1
СÆРГÆНДТÆ
-2
РАЗНЫХАС
Æз цæрын Терчы был æмæ уарзын кæсын абухгæ донмæ, мæ цæстæнгас нæ вæййы айсын фынккалгæ уылæнтæй. Æвæццæгæн нæ гыццыл Ирыстон æнæ Терчы донæй фидаугæ дæр не скæнид.
Ирыстоны дæттæ æмæ Теркæй пайда кæнынц промышленон куыстуæттæ, хъæууон хæдзарады, хъæуты æмæ горæты цæрджытæ.
Абон хъыгагǽн нǽ промышленон куыстуǽттǽ нǽ аразынц сыгъдǽггǽнǽн бǽстыхǽйттǽ. Колхозтǽ ǽмǽ совхозтǽ сǽ цǽст фаг нǽ дарынц, цǽмǽй фосдарǽн фермǽты чъизитǽ дǽттǽм ма калой. Донмǽ хауынц канд чъизитǽ нǽ, фǽлǽ, доны зайǽгойтǽ ǽмǽ цǽрǽгойтǽ чи бын кǽны, ахǽм маргхъǽстǽ буаргъǽдтǽ.
Уǽлдай зиан хǽссынц Терчы донǽн ахǽм куыстуǽттǽ: «Электроцинк», «Победит», «Беслǽны Маисон комбинат».
Цǽгат Ирыстоны цы ǽхсǽз горǽты ис, уыдоны фаг нǽй буаргъǽдтǽ сыгъдǽггǽнǽн бǽстыхǽйттǽ.
Уыимǽ статистикон бǽрǽггǽнǽнтǽ куыд дзурынц, афтǽмǽй суткǽмǽ нуазыны доны хǽрдзтǽй (иу адǽймаджы хыгъдмǽ) Дзǽуджыхъǽу фыццаг бынат ахсы дунейы – иу мин литры суткǽмǽ. Йǽ цǽрджытǽй, ǽвǽццǽгǽн, ничи ахъуыды кǽны, ǽрвылбон хǽринаг цы донǽй кǽнǽм, нǽ дойны кǽмǽй сǽттǽм, уыцы дон кǽцǽй исǽм ǽмǽ цавǽр у йǽ сыгъдǽгдзинад.
Ǽз афтǽ хъуыды кǽнын, ǽмǽ нǽ паддзахад хъуамǽ ссара ǽппǽт мадзǽлттǽ дǽр, цǽмǽй нǽ куыстуǽттǽ ма чъизи кǽной дǽттǽ, адǽм та аргъ кǽной не мбисонды рǽсугъд ǽрдзǽн, бамбарой – дон царды хос кǽй у.
-3
ÆРДЗ ХЪАХЪХЪÆНЫН
О, тǽхуды, ǽрдз!
Дǽуау куы фестин зǽххǽн рǽсугъдзинад хǽссǽг
Дǽуау куы ’ндавин алкǽй зǽрдǽмǽ
Дǽ уǽлдǽфау ǽхцон куы уаин мǽ адǽмǽн
Дǽуау сын куы ǽвзǽрын кǽнин
Сǽ зǽрдǽты цин ǽмǽ уарзондзинад
Ǽрдз! Адǽмы хор ǽмǽ донǽй чи ’фсады, йǽ хъарм ǽмǽ нǽ йǽ рǽсугъддзинадǽй дисы чи ’фтауы, уыцы ǽмбисонды ǽрдз.
Ахǽм рǽстǽг уыд, адǽм ǽрдзǽй ǽрмǽстдǽр царды фǽрǽзтǽ куы истой, фǽлǽ йǽ бахъахъхъǽныныл куы нǽ архайдтой. Уый аххосǽй ǽрдзыл стыр фыдбылызтǽ ǽрцыд: бирǽ кǽрдǽджыты мыггǽгтǽ фесǽфтысты, бамынǽг сты сǽдǽгай цъиутǽ ǽмǽ сырдты хъǽлǽстǽ. Фенǽн ма сын ис ǽрмǽстдǽр нывты. Рǽсугъд донуǽттǽй рауад чъизи къанǽуттǽ. Бирǽ рǽтты хъǽдтǽ скуынǽг сты. Бахус сты стыр цадтǽ, цǽугǽдǽттǽ, къанǽуттǽ. Ǽрдз тынг хъыгдард ǽрцыд ǽмǽ уыимǽ мах нǽхǽдǽг дǽр.
Гъе уымǽ гǽсгǽ не ’ппǽтǽн дǽр не ’стырдǽр хǽс у ǽрдз хъахъхъǽнын.
-4
ÆНÆ ДОНÆЙ ЦÆРÆН НÆЙ
Ǽнǽ донǽй цǽрǽн нǽй. Куыд сбǽлвырд кодтой, афтǽмǽй адǽймаджы буары фылдǽр хай у дон. Зǽгъǽм, ǽвдай килойы цы лǽг ласы, уымǽн йǽ фǽндзай килойы у дон. Адǽймаг ǽнǽ хǽринагǽй фǽцǽрдзǽн цалдǽр къуырийы, ǽнǽ донǽй та нǽ фǽцǽрдзǽн дыууǽ-ǽртǽ боны дǽр. Зǽгъǽм, пыл суткǽмǽ баназы нǽуǽдз литры дон. Ǽнǽ донǽй нǽ зайынц зайǽгойтǽ. Цǽмǽй иу кило картоф ǽрзайын кǽнай, уый тыххǽй хъǽуы ǽртын бедрайы дон. Ǽнǽ донǽй сǽ бон кусын нǽу фабриктǽ ǽмǽ заводтǽн. Дон хардзгонд цǽуы ǽндон тайынкǽнгǽйǽ. хъуымǽцтǽ уафыныл, гǽххǽтты ǽмǽ арǽзтадон ǽрмǽджы куыстадыл. Дон зилын кǽны электростанцǽты турбинтǽ, йǽ фǽрцы схъарм вǽййынц хǽдзǽрттǽ. Ǽнǽ донǽй не скǽндзынǽ хǽринаг. Дон нуазǽм, ǽхсǽм дзы нǽхи ǽмǽ дзаумǽттǽ. Ахǽм стыр ахадындзинад ис донǽн. Рагǽй нырмǽ-иу адǽм доны был уымǽн ǽрцардысты.
Зǽххыл бирǽ дон ис. Уымǽй йе дзаг сты фурдтǽ ǽмǽ денджызтǽ. Фǽлǽ уыцы донǽй адǽймаг нǽ пайда кǽны. Уымǽн ǽмǽ цǽхджын у. Адǽймаджы хъǽуы цǽхджын нǽ, фǽлǽ ǽдзǽхх дон. Уый та ǽрдзы афтǽ бирǽ нǽй. Доны алы сǽдǽ литры хыгъдмǽ дǽр ǽдзǽхх дон хауы ǽрмǽстдǽр дыууǽ литры. Фǽлǽ уыцы донǽй дǽр йе ппǽтǽй пайдагǽнǽн нǽй, уымǽн ǽмǽ йǽ фылдǽр хай, схизǽн кǽмǽ нǽй, ахǽм егъау цъититǽ сты. Донǽн йǽ уыцы хай куы аппарǽм, уǽд ǽппǽт доны сǽдǽ литрǽй адǽймаджы бон пайда кǽнын у ǽрмǽстдǽр агуывзǽ ǽмǽ ǽрдǽгǽй.
Адǽмаджы бон пайда кǽнын кǽмǽй у, ома нуазынмǽ чи бǽззы, уыцы доны бǽрц афтǽ бирǽ нǽу. Бирǽ рǽтты дон бахъǽуы алыхуызон фǽлхǽрдтǽй сыгъдǽг кǽнын. Дон сыгъдǽг кǽныныл
-5
паддзахад хардз кǽны бирǽ фǽрǽзтǽ: зынаргъ у, донсыгъдǽггǽнǽн фǽрǽзтыл чи архайы, уыцы кусджытǽ ǽмǽ службǽгǽнджыты фǽллой. Нуазыны дон зǽххыл алы ран алыхуызон арǽх нǽу. Ахǽм бынǽттǽ ис, дон цистернǽты машинǽтǽй кǽдǽм ласынц. Ахǽм рǽтты адǽм зонынц дон фǽстауǽрц кǽнын. Хъуамǽ зонай дон фǽстауǽрц кǽнын. Цǽмǽй дон дзǽгъǽл калд ма кǽна уǽ хǽдзары, скъолайы, ууыл архай. Донмǽ хǽдзардзин цǽстǽй чи нǽ кǽсы, уымǽн ǽй йǽ цǽстмǽ бадар. Радзур ын, дон фǽстауǽрц кǽнын цǽмǽн хъǽуы, уый. Рох дǽ ма уǽд: дон ǽртахгай куы кǽла, уǽддǽр дзы мǽймǽ дзǽгъǽлы фесǽфдзǽн цыппар сǽдǽ литры. Кǽд дон дзǽгъǽл калд кǽны доны хǽтǽлтǽй, уǽд ǽнǽмǽнг фехъусын кǽнын хъǽуы агъуыстыты эксплуатаци кǽныны дирекцимǽ.
-6
ТЕРК
Дардыл хъуыстгонд у Ирыстоны æрдз. Хæхты бæрзæндтæй арф уынгæг кæмтты згъорынц урс æхсæрдзæнтæй тагъдуайаг дæттæ. Фидар къæдзæхты къултыл сæхи хойынц, афтæмæй размæ бырсынц.
Гуылфгæнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны комæй. Куыд дарддæр цæуы, афтæ тынгдæр æнхъæвзы цыппар республикæйы зæххыл – Цæгат Ирыстон – Аланийы, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны æмæ Дагестаны. Уæрæсе æнæ Волгæ, Украинæ æнæ Днепрæй куыд нæ фидауы, афтæ Кавказ дæр нæ фидауы æнæ Теркæй. Терк гуыры Зилгæ хохы æмæ æхсæзсæдæ километрæй фылдæр фæндаджы фæстæ бакæлы Каспийы денджызмæ.
Ды искуы кастæ Терчы абухгæ донмæ?
Исуы федтай, Терк куыд згъоры
Дайраны комы?
Уæлæ Тырсыйы комы рæбын дардмæ
Æрттивы Зилгæ-хохы урс цъити.
Цъитийы астæуæй цæф арсау фынккалгæ
Рабырсы хæххон дон. Уый у Терк.
Уайы Терк йæ хох, йæ комæй,
Нæй йын алæууæн æнцад.
Терк сæрыстыр у йæ номæй,
-7
Лермонтов ын скодта кад. Хъайтыхъты Геор.
Кавказы стырдǽр дон «Терк» фǽстаг азты нымад цǽуы куыд «тынг чъизи», афтǽ. Сǽйрагдǽр аххосǽгтыл нымад цǽуынц Цǽгат Ирыстоны ǽмǽ Цǽцǽн-Балхъары цы куыстуǽттǽ ис, уыдон цы чъизи буаргъǽдтǽ калынц донмǽ, уый.
Нǽ горǽты санитарон-эпидемиологон станцǽйы специалисттǽ куыд зǽгъынц, афтǽмǽй, цы анализтǽ конд цǽуы, уыдонмǽ гǽсгǽ Терчы дон уǽллаг Ларсǽй уǽлдǽр дзуапп нǽ дǽтты нормативон домǽнтǽн.
Терчы доны, Реданты, Балтайы донцъирǽнты экологон ǽмǽ санитарон-эпидемиологон уавǽр у тǽссаг.
Алханчурт, Беслǽн ǽмǽ Эльхоты раз Терчы дон зынгǽ чъизидǽр у, уымǽн ǽмǽ алыхуызон промышленон куыстуǽттǽ калынц сǽ чъизи буаргǽъǽдтǽ.
Ахǽм уавǽр ǽрмǽст промышленон куыстуǽтты аххос нǽу, фǽлǽ ма адǽм дǽр донмǽ калынц сǽ бырǽттǽ.
Терчы дон царды хос у бирæ хъæутæн æмæ горæттæн. Абон нæ Терк ис æвзæр уавæры, æмæ йын хъæуы баххуыс кæнын. Алчи дæр æй зоны: æнæ донæй цæрæн нæй.
-8
КÆРОН
Афтæ мæм кæсы, цыма Æрдз адæммæ сиды: «Æз дæн Æрдз! Æрыхъусут мæм, æз дæн фыдбылызы. Мæ бон нæу сраст кæнын фыдзæрдæдзинад, кæцы кæны адæймаг. Мæ бон нæу фервæзын кæнын мæлæг сырдты æмæ цъиуты, ныссыгъдæг кæнын уæлдæф фæздæг æмæ сыгъдонæй. Мæ бон нæу фесафын адæймаг цæйбæрц бырон калы, уый. Тагъд мæ бон нал бауыдзæн фервæзын кæнын адæмы. Мæ тых къаддæрæй-къаддæр кæны».
Мæнмæ гæсгæ махæн ис рæстæг, цæмæй æрдз æмæ уыимæ нæхи дæр фервæзын кæнæм. Æрмæст мах бон у базонын æрдзы бæллæхты аххосæгтæ æмæ ссарын фæндаг ирвæзын кæнынмæ.
Нǽхи бафǽрсǽм: цал хатты кастǽн ǽз хуры ныгуылд, кǽнǽ скастмǽ? Цавǽр цымыдисаг ǽнкъарǽнтǽ банкъардтон? Цы мǽ бафтыдта дисы? Кǽд мыййаг мǽ зǽрдǽ сафтид ис ǽмǽ нал ǽнкъары ǽрдзы рǽсугъддзинад? Кǽд мыййаг нал хатын райсомы ǽртах. Цъǽх арвыл арвǽрдын, пǽрпǽргǽнаг рог гǽлǽбуйы стахт, урсбын ǽврǽгътǽ?
Уынын ǽмǽ ǽмбарын рǽсугъддзинад у адǽймаджы сǽйраг миниуǽг. Ǽрдзы рǽсугъддзинадǽн аргъ кǽнын чи зоны, ǽрмǽст уымǽн бауыдзǽн йǽ бон банкъарын ǽрдзы ǽмбисонды сусǽгдзинǽдтǽ.
Нǽ цǽстытыл ауайын кǽнǽм ахǽм ныв: ǽз ǽмǽ Ǽрдз. Ǽз дзуапп дǽттын Ǽрдз ǽмǽ мǽхи сабыр цардǽн. Цавǽр дǽн, цавǽр хъуамǽ уон,цǽмǽй Ǽрдз разы уа мǽ хъуыддǽгтǽй? Уыцы фарстǽн афон у абон дзуапп раттын алкǽмǽн дǽр. Ахуыр кǽнын цǽрын фидыдǽй
-9
дǽхиимǽ ǽмǽ дǽ алыварс дунеимǽ, хъахъхъǽнын ǽмǽ фидар кǽнын де нǽниздзинад; дǽ зǽрдǽ суǽгъд кǽнын хǽрамдзинадǽй.
Дуне дзаг у ǽрдзы сусǽгдзинǽдтǽй ǽмǽ ǽнǽнхъǽлǽджы диссǽгтǽй. Уыцы сусǽгдзинǽдтǽ ǽмǽ диссǽгты тыххǽй ис бакǽсǽн, кǽнǽ бафǽрсǽн. Фǽлǽ ис ǽрдзы ахǽм сусǽгдзинǽдтǽ, кǽцытǽ ис банкъарǽн ǽрмǽст зǽрдǽйǽ.
Мæн уырны, рæсугъддзинад фервæзын кæндзæн Дуне. Тынг арф бахъардтой мæ зæрдæмæ В.Сухомлинскийы ныхæстæ:
Æз æртыдтой дидинæг, æмæ бахус ис,
Æз æрцахстон гæлæбу, æмæ амарди мæ къухты
Æмæ уæд æз бамбæрстон,
Рæсугъддзинадмæ ис бавналæн æрмæст зæрдæйæ.
-10
БИБЛИОГРАФИ
Астрономический календарь. Апрель, 2019
Барсучья кладовая. Александр Барков
Красочные картины Джастина Геффри
Зимний лес в вашем доме
Сказка об одной Тайне