Нæ рагфыдæлты сæйраг ахъазгæнæг æмæ аллон адæмы бардуаг.
В этой работе говорится о верованиях осетин и их предков.
Скачать:
Предварительный просмотр:
Нæ рагфыдæлты сæйраг ахъазгæнæг æмæ аллон адæмы бардуаг.
- Бацæуæн…………………………………………… стр.
- Сæйраг хай ……………………...................... стр.
Сæргонд 1. Нæ рагфыдæлты дин…………… стр.
Сæргонд 2. Сыгъдæг Георги
Сæргонд 3. Уастырджи
Кæронбæттæн……………………………………… стр.
- Спайдагонд литературæ…………………… стр.
Бацæуæн
Нæ дуджы адæм тынгдæр аздæхтой сæ хъус традицион культурæ æмæ æгъдæуттæм. Ирон адæмæн тынг хъæздыг монон культурæ ис æмæ йыл абоны дуджы бæрзæндæй куы афæлгæсæм, уæд нæ разы сæвзæрдзæн диссаджы хæрдгæхуыд культурон историон гауыз. Махæн бар нæй куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ ивгъуыдмæ. Уыцы ивгъуыды ис нæ кад, æгъдау, намыс, фарн. Ацы æнæмæлгæ миниуджытыл хъомыл кодтой нæ рагфыдæлтæ сæ фидæны фæлтæрты, уыдон уыдысты, фыст чи не рцыдис, фæлæ туджы чи ахызтис, ахæм монон хæзнатæ, сæ цард цы сæйрагдæр цæджындзтыл æнцой кодта, уыдон. Махæн та хъуамæ уой нæ царды æгъдæутты къухдариуæггæнджытæ, кæннæуæд нын нæ фыдæлтæ нæ ныббардзысты: «То, что умерло как реальность, живо как назидание» В.М.Гюго.
Нæ рагфыдæлтæ историйы аренæйыл фæзындысты незаманты. Уыдон бирæ цардивылæнты бахаудтой, бирæ историон сыфтæ рафæлдæхтой. Уыцы фæндæгтыл æмбæлдысты æндæр адæмыхæттытыл, æндæр культурæтыл. Фæлæ сæхи æгъдæуттæ, сæхи фæтк уыдысты фидар æмæ никуы фæцудыдтой. Уыдаид сын уæдæ сæхи дин дæр.
Абон бирæтæй ис фехъусæн, зæгъгæ, Уастырджи у чырыстон дины сыгъдæг уд Георгий. æз мæ куысты мæ размæ æрæвæрдтон хæс:
- ацы дыууæ бардуаджы ′хсæн арæн скæнын
- цы сæм ис иудзинадæй
- цæмæн сæ иу кæнæм
- кæцы дуджы фæзындысты
æппæт адæттæ рафæлгъауын æнцон нæу, фæлæ æз бафæлвардзынæн.
ΙΙ. Сæйраг хай
1. Нæ рагфыдæлтæ скифтæн уыд сæхи дин, сæхи бардуæгтæ. Уыдон уыдысты: Табити (Гестия), Папай, Апи, Аргимпаса, Арей (Арес), Таргитай, Тагимасад. Мæнæ Геродот куыд фыссы: «Богов они умилостивляют только таких: больше всего Гестию, кроме того, Зевса и Гею, полагая, что Гея – жена Зевса, после них Аполлона и Афродиту Уранию и еще Геракла и Ареса. Этих богов почитают все скифы. Скифы же, которых называют царскими, приносят жертвы также Посейдону. Гестия у скифов называется Табити, Зевс вполне правильно, зовется Папай, Гея – Апи, Аполлон – Гойтосир, Афродита Урания – Аргимпаса, Посейдон – Тагимасад. У них не принято воздвигать ни изображений, ни алтарей, ни храмов никому из богов, кроме Ареса. Ему же они воздвигают» (IV, 59). Адонæй се′ппæты тынгдæр мæн бацымыдис кодта Арес. Уый уыд хæстон адæмы бардуаг. Скифты ′хсœнады та хœстон адœм иннœтœм абаргœйœ иу къœпхœн уœлдœр лœууыдысты.
Скифтæ æрмæстдæр Аресœн арæзтой кувæндæттæ. «В каждой области по округам воздвигнуты такие святилища Аресу: горы хвороста нагромождены одна на другую на пространстве длиной и шириной почти в 3 стадии, в высоту же меньше. Наверху устроена четырехугольная площадка: три стороны ее отвесны, а с четвертой есть доступ. От непогоды сооружение постоянно оседает, и поэтому приходится ежегодно наваливать сюда полтораста возов хвороста. На каждом таком холме водружен древний железный меч. Это и есть кумир Ареса. Этому-то мечу ежегодно приносят в жертву коней и рогатый скот, и даже больше, чем прочим богам»: В.Гуляев «Скифы: расцвет и падение великого царства».
Арес æввахс лæууыд адæмы дунемæ, семæ уыд æнгом баст.
Сæрмæттæ скифтæй равзæргæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæм æрфидар уыдаиккой уыдон бардуагтæ, уыдон уырнынад. А.Р.Чочиев фыста «о впечатляющем культе войны в скифо-сарматской среде».
Алантæм дæр уыд хæсты бардуаг цирхъы хуызы. Аммиан Марцеллин ΙΥ æнусы фыста: «Аланы, тогда еще не знавшие храмов, поклонялись мечу, воткнутому в землю».
Нарты кадджыты та ацы бардуаг æвдыст æрцыд Батрадзы фæлгонцæй: уый уыцы иу рæстæджы у адæймаг æмæ хæцæнгарз-цирхъ дæр, бахсыст та æрцыд Сау денджызы. «В героическом нартском эпосе образ разящего и стремительного меча — молнии воплощен в образе Батраза. Герой Батраз одновременно и оружие, он ʼʼстальнорожденныйʼʼ, причем закален в Черном море. Меч Батраза порой летит из моря к небу истреблять злых духов; ʼʼтаким образом, есть основания считать, что данный движущийся меч заменяет герояʼʼ,— пишет Ж. Дюмезиль, считающий, что бог-меч Батраз вполне мог быть богом войны дохристианский период истории осетин.»
2. Сыгъдœг Георгий уыд реалон историон адœймаг. Райгуырд Кападокийы хъœздыг бинонты ʹхсœн. Уыдис Римаг œфсады офицер.
Георгий чырыстон диныл хœст у, уый куы базыдта паддзах Диоклетиан, уœд œй œрцахсын кодта, ныккœнды йœ ныппœрстой. Цалдœр мœйы йœ хъизœмарœй мардтой: домдтой дзы, цœмœй йœ диныл йœ къух сиса. Фœлœ уый нœ разы кодта. Йœ хъизœмœртты кœрон œм ныккœндмœ Диоклетиан ныххызт. Георгий йын загъта: «Ахœссут мœ Аполлоны кувœндонмœ». Бахастой йœ кувœндонмœ. Сыгъдœг уд слœууыд урс цыртсурœты раз, œмœ œдзœм кувœндоны айхъуыст йœ ныхас: « Ау, дœу тыххœй цœуын мœлœтмœ? Æмœ куыд Хуыцау, афтœ дœуœн дœ бон у мœнœй ацы нывонд айсын?» Ацы ныхœстимœ Георгий дзуœрттœ бафтыдта йœхиуыл дœр œмœ цыртсурœтыл дœр. Георгийœн ралыг кодтой йœ сœр. Ныгœд œрцыд Израилы, горœт Лоды.
Зынгœ ирон этнолог Уарзиаты Вилены хъуыдымœ гœсгœ, Кавказы сыгъдœг Георгийœн табу кœнын райдыдтой, сыгъдœг Нино чырыстон дин парахат кœнын куы райдыдта ибертœ œмœ алантыʹхсœн, уœд. Чырыстъийы ахуырад парахатгœнгœйœ, сыгъдœг Нино, œвœццœгœн, ской кодта йœ хœстœг стырхъизœмаргœнœг Георгийы кой дœр. Уœдœй баззади ирон адœммœ дœр ноябыры 20-œм бонты Уастырджийы мысœн бонтœ кœнын: уыцы бонты сыгъдœг Георгийы цалхыл бабастой (колесовали).
3. Абон ирон адœм кувынц Уастырджимœ. Табу йын кœнœм, нœхи йыл фœдзœхсœм.
Ирон динуырнынадмœ гœсгœ, Уастырджи у нœлгоймœгты, бœлцœтты œмœ хœстон адœмы бардуаг. Сылгоймœгтœн йœ ном дзурыны бар нœ уыдис. Хуыдтой йœ œмœ йœ хонынц «лœгты дзуар».
Абайты Васойы этимологимœ гœсгœ,( зонады дœр ацы хъуыды ныффидар ис), дзырд Уастырджи у Сыгъдœг Георгийы номы ирон формœ: уац – сыгъдœг, стыр, джи-«Джио, Георгий», ома «сыгъдœг стыр Георгий». Дыгурон диалекты баззад йœ рагондœр формœ – Уас Георги.
Астœуккаг œнусты ацы сыгъдœг удœн йœ кой дардыл айхъуыстис. Йœ фœлгонц бацахста иуœй-иу мифо-эпикон персонажты бынат, œвœрд сыл œрцыд куыд œддаг цъар.
Алантœ-ирœттœ дœр ацы хабарœй иуварс нœ аззадысты. Æвœццœгœн, алантœм чырыстон дины агъоммœ уœвынад кодта ахœм уœларвон тых-бардуаг, кœцыйы фœлгонц œмœ функцитœ œввахс лœууыдысты Георгийы фœлгонц œмœ функцитœм, кœцыйœн уœлдай табу кодтой хœстон адœм. Иудзырдœй, Уастырджи œвдисы алайнаг œмбарынады культурон-историон хицœндзинœдтœ. Йœ фœлгонц ист у рагон индо-ирайнаг иудзинады рœстœджы ирон динуырнынады этникон пантеонœй.
Кœронбœттœн.
Уæдæ нæ рагфыдæлтæ незамантæй фæстæмæ куывтой æмæ табу кодтой хæсты бардуагæн. Уыдон уыдысты хæстон адæм, хъæбатыр æмæ ныфсхаст, кодтой цæугæцард. Ахæм адæмы та хъуыдис фидар аудæг, фидар сæрхъуызой уæларвон тых.
Зонады ис ахœм хъуыды, зœгъгœ, Уастырджи, хœстон адœм œмœ бœлцœтты бардуаг, у, алантœ цирхъы хуызы цы хœсты бардуагмœ куывтой, уыцы уœларвон тых: «Можно предположить, что популярнейший у осетин христианский «святой» Wasgergi 'св. Георгий’, всадник на белом коне и в белой бурке, которого женщины не имели права называть по имени и называли lægty dzwar 'бог мужчин', унаследовал черты того аланского бога войны, которому аланы поклонялись в образе меча.»
Источник: http://cominf.org/node/1166493137 В.И.Абаев
Ахуыргонд-этнографтœ сœ хъуыды бафидар кœнынœн дœнцœгœн œрхœссынц Рекомы кувœндон: уым œвœрд уыдысты Ос-Бœгъатыры хœцœнгœрзтœ, сœйрагдœр та цирхъ.
Аланты размœ та ацы бардуагмœ куывтой скифтœ: уыдонæн дæр сæ хæсты бардуаг уыд пыхсыты тъыст цирхъ.
Уастырджы йœ райдыйанœй œнœмœнгœй у архаикон, чырыстон дины агъоммœйы фœлгонц. Феодалон дуджы ссис нœлгоймœгты, хœстон адœмы œмœ бœлцœтты бардуаг. Ома Уастырджи œмœ Сыгъдœг Георгийы фœлгонц œмœ функцитœ кœрœдзимœ œввахс лœууыдысты œмœ фœстагмœ баиу сты.
Нœ хъус ма œрдарœм уымœ дœр, œмœ Ирыстоны цыдœриддœр чырыстон дины агъоммœйы кувœндœттœ ис, уыдон се′ппœт дœр сты Уастырджийы номыл.
Уастырджи уе′мбал!!!
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
Нæ рагфыдæлты сæйраг ахъазгæнæг æмæ аллон адæмы бардуаг .
Аресы кувœндон Скифтæ æрмæстдæр Аресœн арæзтой кувæндæттæ
Алантæм дæр уыд хæсты бардуаг цирхъы хуызы . Аммиан Марцеллин æнусы фыста : «Аланы, тогда еще не знавшие храмов, поклонялись мечу, воткнутому в землю».
Нарты кадджыты та ацы бардуаг æвдыст æрцыд Батрадзы фæлгонцæй : уый уыцы иу рæстæджы у адæймаг æмæ хæцæнгарз-цирхъ дæр , бахсыст та æрцыд Сау денджызы .
Сыгъдœг Георгий уыд реалон историон адœймаг . Райгуырд Кападокийы хъœздыг бинонты ʹхсœн. Уыдис Римаг œфсады офицер.
Георгий чырыстон диныл хœст у, уый куы базыдта паддзах Диоклетиан, уœд œй œрцахсын кодта , ныккœнды йœ ныппœрстой. Цалдœр мœйы йœ хъизœмарœй мардтой : домдтой дзы , цœмœй йœ диныл йœ къух сиса . Фœлœ уый нœ разы кодта . Йœ хъизœмœртты кœрон œм ныккœндмœ Диоклетиан ныххызт .
Йœ хъизœмœртты кœрон œм ныккœндмœ Диоклетиан ныххызт . Георгий йын загъта : « Ахœссут мœ Аполлоны кувœндонмœ ». Бахастой йœ кувœндонмœ. Сыгъдœг уд слœууыд урс цыртсурœты раз, œмœ œдзœм кувœндоны айхъуыст йœ ныхас : « Ау, дœу тыххœй цœуын мœлœтмœ? Æмœ куыд Хуыцау , афтœ дœуœн дœ бон у мœнœй ацы нывонд айсын ?»
Абайты Васойы этимологимœ гœсгœ, ( зонады дœр ацы хъуыды ныффидар ис ), дзырд Уастырджи у Сыгъдœг Георгийы номы ирон формœ : уац – сыгъдœг , стыр , джи-« Джио , Георгий» , ома « сыгъдœг стыр Георгий». Дыгурон диалекты баззад йœ рагондœр формœ – Уас Георги.
«Можно предположить, что популярнейший у осетин христианский «святой» Wasgergi 'св. Георгий’, всадник на белом коне и в белой бурке, которого женщины не имели права называть по имени и называли lægty dzwar 'бог мужчин', унаследовал черты того аланского бога войны, которому аланы поклонялись в образе меча.»
Уастырджи уе мбал !!!